«Зӕххыл рӕсугъд цӕрынӕн фидар

Дыууӕ стыр ныфсы ис лӕгӕн:

 Фыдыбӕстӕ ӕмӕ Сӕрибар, –

Циу цард ӕнӕ сымах?- Ингӕн».

Плиты Грис

Хуссар Ир цытӕ бавзӕрста, цӕмӕнты бафӕрӕзта, йӕ цард сӕрсӕфӕн бынатмӕ куыд фӕцӕйцыд, уыдӕттӕ дугъы диссӕгтыл сты дзурӕг. Фӕлӕ уӕддӕр, табу Стыр Хуыцауӕн, хъуыддӕгтӕ рӕстырдӕм чи аздӕхта, ныр Иры дзыллӕйы фидарӕй бауырныдта: Рӕстдзина-дӕн сӕфӕн нӕй, дон ӕй нӕ ласы, кард ӕй нӕ кӕрды, арты нӕ судзы.

Ирон адӕммӕ баззад ахъаз-заджы ныфсдӕттӕг ӕмбисонд: «Уӕллаг дӕ куы нӕ сафа, уӕд сӕфынӕй тас нӕу». Уыцы Уӕллаг махӕн у Хуыцау, нӕ зын дуджы нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд, нӕ дыккаг хуыцау – Стыр Уырыс. Уыдоны руаджы, нӕ Иры сахъгуырдты руаджы, абон мах 31 хатт нысан кӕнӕм диссаджы бӕрӕгбон – Республикӕ расидыны бон.

Цин кӕнӕм нӕ бӕрӕгбӕттыл, рӕсугъд цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Махӕй та хъуамӕ рох ма уа – цард диссаг кӕй у, кӕй тулы уӕрдоны цалхау, кӕй сисы уӕларвмӕ, кӕй – ӕркӕны йӕ быны.

Цард чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймаг, ахӕм цӕрӕгой нӕй. Уарзы йӕ алчи дӕр иу стыр хъуыдда-джы фӕдыл. Адӕймаг иугӕр райгуырд, уӕд хъуамӕ бирӕ фӕцӕра хъӕлдзӕг ӕмӕ ӕнӕнизӕй, сӕрибар ӕмӕ амондджынӕй, макӕй бар ыл цӕуа. Фӕлӕ уый афтӕ кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ ирон адӕм царды хонынц хъулон, мӕнгард ӕмӕ фӕлитой.

Хъулон ӕй уымӕн хонынц, ӕмӕ цард ӕмхуызон нӕу, кӕмӕ ӕнцон цард ӕрхауы, кӕуыл та йӕ уӕз ӕруадзы. Бирӕтӕн – ӕввонг цард, бирӕтӕ фыртухийӕ сӕ астӕу сраст кӕнын нӕ фӕразынц. Уый афтӕ куынӕ уаид, уӕд нӕ баззадаид ӕмбисонд: «Фыдӕбон цардыл нымайӕм».

Цардыл ӕууӕнк нӕй, уый та адӕм уынынц сӕхӕдӕг се  ’рвылбонон царды.

Кӕмӕн йӕ ахуыр баззайы ӕрдӕгыл, кӕмӕн – йӕ хосгӕрсты уис, гутондарӕн – йӕ хуымы хахх, фыййауӕн – йӕ лӕдзӕг, лӕппуйӕн – куырдуаты йӕ yсаг.

Баззад нӕм дыккаг ахсджиаг ӕмбисонд дæр: «Лӕг фыдӕбӕттӕн гуырд у». Нӕ адӕм алцӕ-мӕн дӕр быхстой, алы зындзинад дӕр-иу сфӕрӕзтой, ӕрмӕст сӕ бон барын ӕмӕ быхсын нӕ уыд иу хъуыддагӕн: ӕбардзинад, ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕстдзинад, йӕ лӕгдзинады бартӕ искӕмӕн радтын.

Ирон лӕджы царды уый сӕйраг фарст кӕй уыд, уымӕн куырыхон Къоста сӕрбӕрзондӕй ракодта йӕ кой:

 

«Цӕйнӕфӕлтау сӕрибар адӕм,

Цагъарӕй туг калӕм  ӕлдарӕн,

Фӕлтау нын амӕлӕг хуыздӕр»

 

Сӕрибардзинад дзыллӕйы царды сӕйраг рахӕцӕн у ӕмӕ йыл алчи дӕр, алы наци дӕр тох кодта йӕхирдыгонау.

Нӕ куырыхон Секъа, сӕрибардзинадыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, йӕ прозӕйӕ фыст ӕмдзӕвгӕ «Сӕрибар»-ы афтӕ фыссы: «Уый уыд рӕсугъд», «Уый уыд уӕздан», «Уый уыд цард», «Уый уыд рухс амонд». Дзырд «уыд» ӕнӕхъуаджы нӕ дзуры, уыд сӕрибар, стӕй йын цытӕ бакодтой адӕм…

Жан-Жак Руссо афтӕ фыста: «Адӕймаг райгуыры сӕрибарӕй, стӕй йыл хъадамантӕ бакӕ-нынц».

Нӕ фыдӕлты историйыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд дзы бӕлвырдӕй зыны: скифтӕ, сæрмæттӕ, алантӕ сӕ уд хъардтой сӕрибардзинадыл, сӕ цирхъы фындзӕй йӕ агургӕ дӕр кодтой ӕмӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр.

Кӕуылты уыд Нарты цардуаг. Нартӕ уыдысты ӕмсӕр, ӕмбар адӕм, се ’хсӕн нӕ хицӕн кодтой тыхджын-ӕдыхы, мӕгуыр-хъӕздыджы. Нартӕм нӕ уынӕм бонджынтӕ ӕмӕ мӕгуырты. Мӕгуырты кой Нартӕ ракӕнынц, кӕддӕр иу хатт-стӕрӕй-иу куы ӕрыздӕхтысты, уӕд-иу се ’фтиæгтӕй фыццаг ардтой мӕгуыр фӕкӕсинӕгты ном.

«Цард тӕбӕгъы донӕй хъауджыдӕр нӕу, фӕкъулгӕнаг у», – зӕгъы фыдӕлты ӕмбисонд.

12-13 ӕнустӕ нӕргӕ аланты йӕ бындурӕй нынкъуыстой. Кӕддӕры хӕстон, хъӕбатыр адӕм зындойнаг уавӕры бахаудтой. Сӕ цардыл нӕ бацауӕрстой, сӕ мӕлӕт сӕм нал хъардта, афтӕмӕй хӕцыдысты тӕтӕр-монголимӕ – Тимуры ӕрдонгтимӕ.

Байсӕфт сӕ быдырон цард, сӕ кӕддӕры егъау нымӕц. Сӕрыстыр адӕмӕй ма цы къаннӕг къордтӕ баззад, уыдон ӕгӕнон хӕхты сӕ сӕр бафснайдтой. Номдзыд алантӕ фесӕфтой сӕ сӕрибардзинад, Кавказы хӕхты цӕргӕйӕ. Ӕцӕг, табу Хуыцауӕн, ӕгад сӕ сӕрмӕ нӕ хастой, фӕлтау ӕвзӕрстой кады мӕлӕт.

XIII-ӕм ӕнусы райдианӕй ХVIII-æм ӕнусмӕ, фондз ӕнусы дӕргъы алантӕ размӕ нал цыдысты, цыдысты фӕстӕмӕ. Рох сӕ никуы уыдысты сӕ сахъ ӕмӕ кадджын фыдӕлтӕ, рох сӕ нӕ уыд иу хъуыды: цы уыдзӕн нӕ фидӕн, нӕ фӕстаг. Ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, сӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕнгӕйӕ, 1774 азы сӕ сомбоны цардӕн равзӕрстой Чырыстон Уӕрӕсеимӕ баиу кӕнын.

Нӕ адӕмӕн уый уыд ног дуджы ралӕуд. Нӕ адӕмӕн байгом ног фӕндаг сӕрибардзинад ӕмӕ рухс амондмӕ.

Уӕрӕсеимӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕрӕм хъарм бинонтӕй, кӕд 1830 азты паддзахы ӕфсады къухӕй ӕфхӕрд баййӕфтам, уӕддӕр. 1859-1865-1866 азты нӕ иу хай сайдвӕстаг фесты ӕмӕ аивылдысты Туркмӕ, уӕддӕр мах нӕ ахастытӕ нӕ аивтам ӕмӕ цардыстӕм хӕларӕй Уӕрӕсеимӕ. Ирыстоны алы къуымтӕй хъуыст зарӕг: – О, Иры уарзон уырысы адӕм.

Кӕд нӕ нымӕц сцъус, уӕд-дӕр мах Уӕрӕсейы хъыджы ни-куы бацыдыстӕм. Ӕнувыд уыдыстӕм паддзахы ӕфсӕддон службӕйыл, уӕдӕ кӕуылты уыд хъуыстгонд сӕ ном 55 ирон инӕларӕн, уӕдӕ чи хъахъхъӕдта Питеры резиденци. Уый та уыд не ‘мзӕххон инӕлар Хӕбӕлайы фырт.

Уырысы сӕрыл тохты Ир фӕсте никуы фӕлӕууыдысты. Паддзахы дуджы дӕр, советон хицауады азты дӕр ӕмӕ стæй абоны демократон дуджы дӕр ирӕттӕй pox нӕу Уӕрӕсейы лӕггад, Уӕрӕсейы домбай къух.

Хуссар Иры Гуырдзыстон хъавыд сгуырдзиаг кӕнынмӕ, кӕнӕ нӕ фӕсурынмӕ, кӕнӕ та – бы-ныскъуыд скӕнынмӕ. Сӕ сӕйраг лозунг уыд: Гуырдзыстон – гуырдзиӕгтӕн, мах фӕсурын, мах фӕцӕгъдын, нӕ фыдӕлты зӕххӕй «Супта миндори» (афтид быдыр) саразын. Гуырдзыйӕ ферох (кӕд сӕ историйы фыст у, уӕддӕр), мах сӕ кӕй ӕркодтам, ацы зӕхмӕ, уазджытӕ сӕхӕдӕг кӕй сты.

Ферох гуырдзыйӕ фыдӕлты куырыхон ӕмбисонд: «Уӕрмгӕнӕг дзы йӕхӕдӕг хауы».

Хуссарӕй Цӕгатмӕ мах сыхагӕй амонд нӕ фӕцис, разындысты мӕнгард, фӕлитойтӕ, нӕ лӕггӕдты дон йӕ бынмӕ аласта.

Хуссар Ир ног ӕнусы къӕсӕрыл бахауд зындоны. Кӕд нӕ адӕм мӕлӕт мурмӕ дӕр нӕ дардтой, уӕддӕр бӕлвырд уыд иу хъуыддаг: мӕнгард сыхӕгтӕ сфӕнд кодтой Хуссар Иры сыс-къуынын, «Супта миндори» саразын.

«Тас мӕлӕтӕн ӕххуыс нӕу», – зӕгъы нӕ фыдӕлты ӕмбисонд. Ралӕууыд ног тугкалӕн рӕстӕг, Ир сыстадысты лӕджыфыдхор знӕгты – сыхӕгты ныхмӕ ӕмӕ уыцы уӕззау бонты нӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыд Уӕрӕсейы паддзахад. Уый нӕ фервӕзын кодта сӕрсӕфӕнӕй ӕмӕ нӕ банымадта хӕдбар паддзахадыл.

Уыцы бӕрӕгбонӕн йӕ 13 азы бон ӕрӕджы банысан кодтам. Гъеныр, цин кӕнӕм,  20 сентябры нӕ Республикӕйыл 31 азы кӕй сӕххӕст, ууыл. Ныр нын ис хӕдбар паддзахад, хӕдбар Республикӕ.

Цӕгат Ирмӕ ацы хӕрзиуӕг ӕрхауд Советон дуджы 30 азты, уӕд ын ӕрцыд лӕвӕрд Республикӕйы ном.

Уыцы стыр циндзинадыл адӕмы номӕй ныззарыд зынгӕ поэт ӕмӕ прозаик Боциты Барон йе ‘мдзӕвгӕ «Республикӕ»-йы:

«Республикӕ у ныр мӕ бӕстӕ,

Ӕз та – йӕ зарджытӕн сӕ куырд

Мӕхимӕ райстон ӕз йӕ хӕстӕ,

Йӕ цин мӕ зарӕгӕн – йӕ гуырд».

Ӕрхауд уыцы стыр амонд Хуссар Ирмӕ дӕр. Ныр 31 азы дӕр-гъы Хуссар Ир сӕрыстырӕй фӕлхатт кӕны Илас Ӕрнигоны ныхӕстӕ:

«Сӕрибар нӕ бӕстӕ,

Сӕрибар нӕ зӕхх».

Уыдӕттӕ дзурӕг сты: Иры зӕх-хыл ис сӕрибардзинад. Иры зӕххыл ис хӕлардзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинад.

Кӕддӕр рӕстӕй 1937 азы чи байсӕфт, уыцы Илас Ӕрнигон йӕ адӕмы ног дуджы сӕрибарӕй куы федта, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй ныззарыд:

«Сӕрибар нӕ бӕстӕ,

Сӕрибар нӕ зӕхх.

Нӕ барӕг ӕд гӕрзтӕ,

Нӕ барӕг ӕд бӕх.

Нӕ фӕндон нӕхи бар,

Нӕхи бар нӕ дзых.

Сӕрибар, сӕрибар,

Сӕрибар нӕ тых».

Ацы рӕнхъыты цины уылӕнтӕ фӕлхатт кӕны абоны Ирыстон. Ир сӕ хӕрзгӕнджыты никуы ферох кодтой, нӕ ферох кӕндзысты Путин ӕмӕ Медведевы дӕр. Уыдон сты, нӕ Уастырджийы фарсмӕ кӕй ӕвӕрӕм, ахӕм сӕрӕнгуырдтӕ. Ир уыдоныл скӕндзӕн ӕнусон кады зарджытӕ.

Сӕрибардзинад, Республикӕ расидыны хъуыддаджы егъау хайбавӕрд кӕмӕн ис ирӕттӕй, Торезӕй райдайгӕйӕ, уыдон дӕр никуы ферох уыдзысты.

Абон Республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийӕн йӕ алыварс цы адӕм ис, уыдон лӕгдзинадӕй архайынц Ирыстонӕн йӕ абон ӕмӕ йӕ сомбоныл.

Ирыстоны фарнӕй хайджын сты ӕмӕ йӕ ныллӕгмӕ макуы ӕруадзӕнт! Домбайдзинад сӕм ис ӕмӕ се уӕнгтӕ ӕмӕ сӕ къухӕй макуы ахауӕнт!

Ир! Рӕз, дидин ӕфтау, де уӕнгтӕ ивазынхъом у кӕддӕриддӕр. Ӕрттив нын сыгъзӕрин мӕсыгау, цӕмӕй де знӕгты цӕстытӕ хауой.

«Ирон адӕм, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрут!». Уый нын нӕрӕмон Къоста фӕдзӕхста ӕмӕ йæ алы хатт, кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр цы хъуыды кӕнӕм, уыйбӕрц амонд нӕ уӕд.

Иры дзыллӕ! Не стыр бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд алкӕйы дӕр.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.