Хуссарирыстойнаг спортсмен Кæсæбиты Алыксандр хайад райста уæззау атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Хабаровскы. Уымæн иу чысыл не сфаг, цæмæй бахаудаит призерты нымæцмæ. 102 кг уæзы категорийы архайгæйæ, бацахста 4-æм бынат. Рывок кæй хонынц, уым систа 155 кг, толчокы та – 190 кг.

Ерысты Ирыстоны минæвæрттæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Соттиты Янæ (81 кг) æмæ Чилæхсаты Мадинæ (76 кг). Æвзист призертæ систы Гуссалты Заринæ (71 кг) æмæ Наниты Тимур (109 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Наниты Арсен (+109 кг) æмæ Зæгъойты Сослан (102 кг).

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы «Алани» Мæскуыйы цæттæгæн сборты ауагъта фæстаг контролон хъазты. Алайнæгтæ 2:1 хыгъдæй рамбылдтой Хабаровскы «СКА»-йы. «Алани»-йы сконды расгуыхтысты Абу-Саид Эльдарушев æмæ Цæриты Алан.

Ивындзинæдтæ æрцыд командæйы сконды. Уæрæсейы премьер-къорды командæтæм ацыдысты клубы лидертæй дыууæ – Гуырцъыты Батраз æмæ Къобесты Давид. Уыдон ног командæты нæмттæ нырма нæ дзурынц. «Алани» йæхæдæг та бирæазон контракт бафыста «Велес»-ы æрдæгхъахъхъæнæг Артур Малоянимæ. Хъазæджы балхæдтой 25 милуан сомæй. Командæ ма контракт бафыста ÆЦСК æрдæгхъахъхъæнæг Даураты Русланимæ. Ууыл цæуы 19 азы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.