Адæймаг цæрæнбонты агуры Рæстдзинад, Сæрибардзинад, æнæхъыгдардæй цæрын. Агурын æгæр фæлмæн дзырд у, царды истори фенын кодта Секъайы загъдау, уæззау хъуыддаг рог дзырдтæй не рæзы. Кард, уарт æмæ нæмыгæй агургæ у.

Ир фыдæлты тохы лозунг «Кæнæ сæрибар, кæнæ – мæлæт» никуы ферох кодтой æмæ йæ абон дæр нæ уадзынц дæлæмæ.

Фæстаг рæстæджы Хуссар Ир цытæ бавзæрста, цæмæнты бафæрæзта, Сæрсæфæнмæ куыд фæцæйцыд, уыдæттæ нæхиуыл бавзæрстам. Фæлæ уæддæр, табу Стыр Хуыцауæн, хъуыддæгтæ рæстырдæм чи аздæхта, ныр Иры дзыллæйы фидарæй бауырныдта: Рæстдзинадæн сæфæн нæй, дон æй нæ ласы, кард æй нæ кæрды, арты нæ судзы.

Ирон адӕммӕ баззад ахъаззаджы ныфсдӕттӕг ӕмбисонд: «Уӕллаг дӕ куы нӕ сафа, уӕд сӕфынӕй тас нӕу». Уыцы Уӕллаг махӕн у Хуыцау, нӕ зын дуджы нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд нӕ дыккаг хуыцау – Стыр Уырыс. Уыдоны руаджы, нӕ Иры сахъгуырдты руаджы, абон мах 32 хатт нысан кӕнӕм диссаджы бӕрӕгбон.

Цин кӕнӕм нӕ бӕрӕгбӕттыл рӕсугьд цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Махӕй та хъуамӕ рох ма уа, цард диссаг кӕй у, кӕй тулы уӕрдоны цалхау, кӕй сисы уӕларвмӕ, кӕй – ӕркӕны йӕ быны.

Нӕ адӕм алцӕмӕн дӕр быхстой, алы зындзинад дӕр-иу сфӕрӕзтой, ӕрмӕст сӕ бон барын ӕмӕ быхсын нӕ уыд иу хъуыддагӕн: ӕбардзинад, ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕстдзинад, йӕ  бартӕ искӕмӕн радтын.

Ирон лӕджы царды уый сӕйраг фарст кӕй уыд, уымӕн куырыхон Къоста сӕрбӕрзондӕй ракодта йӕ кой:

«Цӕйнӕфӕлтау сӕрибар адӕм,

Цагъарӕй туг калӕм ӕлдарӕн,

Фӕлтау нын амӕлӕт хуыздӕр».

Сӕрибардзинад дзыллӕйы царды сӕйраг рахӕцӕн у ӕмӕ йыл алчи дӕр, алы наци дӕр тох кодта йӕхирдыгонау.

Нӕ куырыхон Секъа, сӕрибардзинадыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, йӕ прозӕйӕ фыст ӕмдзӕвгӕ «Сӕрибар»-ы афтӕ фыссы: «Уый уыд рӕсугъд», «Уый уыд уӕздан», «Уый уыд цард», «Уый уыд рухс амонд». Дзырд «уыд» ӕнӕхъуаджы нӕ дзуры, уыд сӕрибар, стӕй йын цытӕ бакодтой адӕм…

***

Нӕ фыдӕлты историйыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд дзы бӕлвырдӕй зыны: скифтӕ, сарматтӕ, алантӕ сæ уд хъардтой сӕрибардзинадыл, сӕ цирхъы фындзӕй йӕ агургӕ дӕр кодтой ӕмӕ хъаххъӕнгӕ дӕр.

Кӕуылты уыд Нарты цардуаг. Нартӕ уыдысты ӕмсӕр, ӕмбар адӕм, се ‘хсӕн нӕ хицӕн кодтой тыхджын-ӕдыхы, мӕгуыр-хъӕздыджы. Нартӕм нӕ уынӕм бонджынтӕ ӕмӕ мӕгуырты. Мӕгуырты кой Нартӕ ракӕнынц кӕддӕр иу хатт, стӕрӕй-иу куы ӕрыздӕхтысты, уӕд-иу се ‘фтиагтӕй фыццаг ардтой мӕгуыр фӕкӕсинӕгты ном. «Цард тӕбӕгъы донӕй хъауджыдӕр нӕу, фӕкъулгӕнаг у», – зӕгъы фыдрӕй нынкъуыстой. Кӕддӕры хӕстон, хъӕбатыр адӕм зындойнаг уавӕры бахаудтой. Сӕ цардыл нӕ бацуӕрстой, сӕ мӕлӕт сӕм нал хъардта, афтӕмӕй хӕцыдысты тӕтӕр-монголимӕ  – Тимуры ӕрдонгтимӕ. Байсӕфт сӕ быдырон цард, сӕ кӕддӕры егъау нымӕц. Сӕрыстыр адӕмӕй ма цы къаннӕг къордтӕ баззад, уыдон ӕгӕнон хӕхты сӕ сӕр бафснайдтой. Номдзыд алантӕ фесӕфтой сӕ сӕрибардзинад Кавказы хӕхты цӕргӕйӕ. Ӕцӕг, табу Хуыцауӕн, ӕгад сӕ сӕрмӕ нӕ хастой, фӕлтау ӕвзӕрстой кады мӕлӕт.

Фондз ӕнусы дӕргъы алантӕ размӕ нал цыдысты, цыдысты фӕстӕмӕ. Рох сӕ никуы уыдысты сӕ сахъ ӕмӕ кадджын фыдӕлтӕ, рох сӕ нӕ уыд иу хъуыды: цы уыдзӕн нӕ фидӕн, нӕ фӕстаг. дыгӕнгӕйӕ, сӕ сӕрибардзинахъӕнгӕйӕ, 1774 азы сӕ сомбоны цардӕн равзӕрстой Чырыстон Уӕрӕсеимӕ баиу уæвын.

***

Нӕ адӕмӕн уый уыд ног дуджы ралӕуд. Нӕ адӕмӕн байгом ног фӕндаг сӕрибардзинад ӕмӕ рухс амондмӕ.

Уӕрӕсеимӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕрӕм хъарм бинонтӕй, кӕд 1830 азты паддзахы ӕфсады къухӕй ӕфхӕрд баййӕфтам, 1859-1866 азты нӕ иу хай сайдвӕстаг фесты ӕмӕ аивылдысты Туркмӕ,  фæлæ уӕддӕр мах нӕ ахастытӕ нӕ аивтам ӕмӕ цардыстӕм хӕларӕй Уӕрӕсеимӕ.

Кӕд нӕ нымӕц сцъус, уӕддӕр мах Уӕрӕсейы хъыджы никуы бацыдыстӕм. Ӕнувыд уыдыстӕм паддзахы ӕфсæддон службӕйыл, уӕдӕ кӕуылты уыд хъуыстгонд сӕ ном 55 ирон инӕларӕн, уӕдӕ чи хъахъхъӕдта паддзахады резиденци. Уый уыд не ‘мзӕххон инӕлар Хӕбӕлайы фырт.

Уырысы сӕрыл тохты Ир фӕсте никуы фӕлӕууыдысты. Паддзахы дуджы дӕр, советон хицауады азты дӕр ӕмӕ стӕй абоны демократон дуджы дӕр ирӕттӕй рох нӕу Уӕрӕсейы лӕггад, Уӕрӕсейы домбайы къух.

Уыцы хъуыддагыл ма дзурæг у, абоны Украинæйы фашизм, Уæрæсе уыцы фашизм фесафыныл цы тох самадта. Ир бархийæ кæй ис уыцы тохы быдырты.

Фашизм цы у, уый та Ирæн амонын нæ хъæуы. Федтам æй дыккаг геноциды дуджы. Хуссар Иры Гуырдзыстон хъавыд сгуырдзиаг кæнынмæ, кӕнӕ нӕ фӕсурынмæ, кæнæ та – быныскъуыд скӕнынмæ. Сӕ сӕйраг лозунг уыд – Гуырдзыстон – гуырдзиӕгтӕн, нӕ фыдӕлты зӕххӕй «Супта миндори» (афтид быдыр) саразын. Гуырдзыйӕ ферох (кӕд сӕ историйы фыст у, уӕддӕр), мах сæ кæй ӕркодтам ацы зӕхмӕ, уазджытӕ сӕхӕдӕг кӕй сты.

Ферох кодтой сæ фыдӕлты куырыхон ӕмбисонд: «Уӕрмгӕнӕг дзы йӕхӕдӕг хауы».

Хуссар Ир ног ӕнусы къӕсӕрыл бахауд зындоны. Ралӕууыд ног тугкалӕн рӕстӕг, Ир сыстадысты лӕджыфыдхор знӕггы – сыхӕгты ныхмӕ ӕмӕ уыцы уӕззау бонты нӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыд Уӕрӕсейы паддзахад. Уый нӕ фервӕзын кодта сӕрсӕфӕнӕй ӕмӕ нӕ банымадта хӕдбар паддзахадыл.

Уыцы бӕрӕгбонӕн йӕ 14 азы бон ӕрӕджы банысан кодтам. Гъеныр цин кӕнӕм, 20 сентябры нӕ Республикӕйыл 32 азы кӕй сӕххӕст, ууыл. Ныр нын ис хӕдбар паддзахад, хӕдбар Республикӕ.

Ныр Иры зӕххыл ис сӕрибардзинад. Иры зӕххыл ис хӕлардзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинад.

Кӕддӕр рӕстӕй 1937 азы чи байсӕфт, уыцы Илас Ӕрнигон йӕ адӕмы ног дуджы сӕрибарӕй куы федта, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй ныззарыд:

«Сӕрибар нӕ бӕстӕ,

Сӕрибар нӕ зӕхх.

Нӕ барӕг ӕд гӕрзтӕ,

Нӕ барӕг ӕд бӕх.

Нӕ фӕндон нӕхи бар,

Нӕхи бар нӕ дзых.

Сӕрибар, сӕрибар,

Сӕрибар нӕ тых».

Ацы рӕнхъыты цины уылӕнтӕ фӕлхатт кӕны абоны Ирыстон. Ир сӕ хӕрзгӕнджыты никуы ферох кодтой, нӕ ферох кӕндзысты Путин ӕмӕ Медведевы дӕр. Уыдон сты, нӕ Уастырджийы фарсмӕ кӕй ӕвӕрӕм, ахӕм сӕрӕнгуырдтӕ. Ир уыдоныл скӕндзӕн ӕнусон кады зарджытӕ.

Сӕрибардзинад, Республикӕ расидыны хъуыддаджы егъау хайбавӕрд кӕмӕн ис ирӕттӕй, Торезӕй райдайгӕйӕ, уыдон дӕр никуы ферох уыдзысты.

Абон Республикӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланæн йӕ алыварс цы адӕм ис, уыдон архайынц Ирыстонӕн йӕ абон ӕмӕ йӕ сомбоныл.

Ирыстоны фарнӕй хайджын сты ӕмӕ йӕ ныллӕгмӕ макуы ӕруадзӕнт! Домбайдзинад сӕм ис ӕмӕ се уӕнгтӕ ӕмӕ сӕ къухӕй макуы ахауӕнт!

Ир! Рӕз, дидин ӕфтау, де уӕнггӕ ивазынхъом у кӕддӕриддӕр. Ӕрттив нын сыгъзӕрин мӕсыгау, цӕмӕй де знӕгты цӕстытӕ хауой.

«Ирон адӕм, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрут!» Уый нын нӕрӕмон Къоста фӕдзӕхста ӕмӕ йæ алы хатт, кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр цы хъуыды кӕнӕм, уыйбӕрц амонд нӕ уӕд!

Иры дзыллӕ! Не стыр бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд алкӕйы дӕр.

Уӕ хорзмæ бӕллӕг,

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.