28-æм ноябры информацион агентад «Спутник-Хуссар Ирыстоны» пресс-центры нæ республикæйы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Марияйæн радон брифинг уыдис сывæллæтты барты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур æххæстбарджын Козаты Гульнараимæ.

Брифингы Хъотайты Мария журналистты зæрдыл æрлæууын кодта ацы уагдон нырма дыууæ азы бæрц йедтæмæ кæй нæ уæвын  æмæ, зæгъгæ, цымыдис кæнынц сæ куыст æмæ архайдмæ. Фыццаг хатт ацы куысты бынат РХИ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ фидар æрцыдис 2016-æм азы. Уымæ гæсгæ дзы чи райдыдта сæрæй кусын, уыдоны хъуыдис бындуронæй бакусын, саразын нормативон-барадон базæ, афтæ ма сæ хъусдарды бын чи сты, уыцы сывæллæтты ныййарджытимæ æмбæлон мадзæлттæ æмæ фембæлдтытæ уадзын.

Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Козаты Гульнарæ журналисттæн радзырдта йæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ сывæллæтты барты фæдыл ситуаци республикæйы кæны хуыздæрæй хуыздæр æмæ ацы къабазы Хуссар Ирыстон дунейы ахсы фыццаг бынæттæй сæ иу. «Райдианы мах нæ куыст куыд хъуамæ арæзтаиккам, æмæ цæуыл æнцой кодтаид, уыцы фидар бындур нын нæ уыд. Фыццаджыдæр мах бастдзинæдтæ сарæзтам нæ цæгаттаг коллегæтимæ æмæ нын стыр æххуыс та бакодта Уæрæсейы Федерацийы президенты цур сывæллæтты барты фæдыл раздæры æххæстбарджын Павел Астахов», – банысан кодта Козаты Гульнарæ.

Сывæллæтты омбудсмен ма куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы æппæт сывæллæттæ дæр сты сæ цæстдарды бын, фæлæ уæддæр фылдæр-бæрцæй  сæ хъус дарынц, тæссаг социалон уавæрты чи сты, уыцы фæкæсинаг сывæллæттæм. Цæмæй куыст эффективондæрæй цæуа æмæ йын хорз фæстиуджытæ уа, уый тыххæй сын стыр æххуыс сты нæ республикæйы цы ведомствотæ æмæ министрадтимæ бафыстой сразыдзинæдтæ, уыдон. Се ‘хсæн сты  Ахуырад æмæ зонады министрад, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрад, Уæлвæткон уавæрты министрад.

«Нæ куысты арæх фембæлæм тыхми бакæныны цаутимæ, фæлæ фылдæрбæрцæй сывæллæттыл æвзæрæрдæм æндавы, сæ ныййарджытæй фаг рæвдыд æмæ уарзондзинад, стæй æмбæлон хъусдард куы нæ феййафынц, уæд. Ахæм бинонты сывæллæттæ фылдæр вæййынц сæхи бар æмæ æнæркаст, сæ бон у æмæ цалдæргай бонты ма бацæуой хæдзармæ æмæ бæрæг нæу, кæм вæййынц уый дæр. Уыдис-иу афтæ дæр æмæ-иу ныййарджытæ нæ уагътой сывæллæтты скъоламæ», – загъта Козаты чызг.

Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджыны ахсджиагдæр функцитæй сæ иу у æдзух бæрæг кæнын ныййарджыты сæ сывæллæттимæ. Кæд æмæ сы-вæллæттæм карз, тызмæг ахаст уа, уæд уыдонæн сæ бон у сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджынмæ фæдзурын, кæцы æмбæлон æгъдауæй бакусдзæн семæ. «Махæн нæ бон у ныййарджыты æрбахонын нæхимæ беседæтæм æмæ иумæ равзарæм сæвзæргæ проблемæ. Кæд æмæ ныййарджытæ сæ комкоммæ хæстæ не ххæст кæной сæ сывæллæтты хъомылады хъуыддаджы, уæд махæн уыцы бар ис, цæмæй сæ фæиппæрд кæнæм ахæм ныййарджытæй. Стыр амондæн ахæм хъуыддæгтæ махмæ æрцæуы стæм хатт, фæлæ дзы уыдис ахæм прецеденттæ», – банысан кодта Козаты Гульнара.

Уый ма журналисттæн радзырдта, æрæджы кæй сарæзтой сывæллæтты æхсæнадон совет, кæцымæ бацыдысты нæ республикæйы иумиагахуырадон скъолаты активондæр ахуыргæнинæгтæ. Уый ахъаз уыдзæнис æнæххæст кары сывæллæтты раст æмæ активон цардуагон позициты райтынг кæныны хъуыддаджы. «Стыр æхсызгонæй мæнæн мæ бон зæгъын у уый æмæ нæ бæстæйы ацы фарст стабилонæй кæй хуыздæр кæны. Æнæхицау сы-вæллæттæ нæм нæй æмæ нæм сывæллон адавыны цаутæ дæр никуы æрцыдис хуыцауы фæрцы», – йæ ныхас балхынцъ кодта брифингы уазæг.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.