Мæскуыйы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Григорий Карасин æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй æмæ Женевæйаг дискусситы радон раунд бацæттæ кæныны фарстатыл.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Хуссар Кавказы фæдыл Евроцæдисы сæрмагонд минæвар Тойво Клаар, Иугонд Нациты Организацийы минæвар Джихан Султаноглу æмæ Европæйы æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы архайæг сæрмагонд минæвар Рудольф Михалку фембæлды рæстæджы радзырдтой уæрæсейаг дипломатæн Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыстоны фембæлдты фæстиуджыты тыххæй.

«Фембæлды рæстæджы сæрмагонд минæвæрттæ радзырдтой Абхаз, Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны сæ консультациты фæстиуджыты тыххæй. Афтæ ма уынаффæ кодтой Хуссар Кавказы ныры уавæры æмæ Женевæйаг дискусситы радон раунд бацæттæ кæныны тыххæй, кæцыйы ауадзынвæнд кæнынц ацы аз 11-12 декабры», – банысан кодтой Уæрæсейы дипломатон ведомствойы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.