Цæмæн февзæрдæр вæййы скъоладзауы æнæниздзинад

Сывæллон бафæлмæцы. Ахуыры фыццаг бонтæ сывæллонæн гæнæн ис уа цыппар нæ, фæлæ фондз кæнæ æхсæз урокы. Хæдзарон куыстытыл иууыл къаддæр бахъæуы 1,5 сахат рæстæг, хатт æнæхъæн изæр. Уæлдай зын у лицей æмæ гимназы ахуырдзаутæн, уым «кусгæ бон» бирæ фылдæр у. Фактон æгъдауæй скъола исы сæрибар рæстæг иууылдæр: сывæллæттæ ахуыр кæнынц 12-14 сахаты, стæй цæуынц музыкæ, кæнæ спортивон секцитæм, аразынц хæдзары сæ уроктæ æмæ изæр бынтон æдыхæй бафынæй кæнынц. Скъоладзаутæн нæй нормалонæй баулæфыны, тезгъо кæныны, æмбæлттимæ аныхас кæныны рæстæг æмæ сæ уый æркæны хроникон фæлладдзинады синдроммæ. Бæрæг у, æгæр интеллектуалон уæз æвзæрæрдæм æндавы сывæллоны æнæниздзинадыл.

Къаддæр змæлы. Физиологтæ æмæ педиатртæ куыд нымайынц, афтæмæй скъолайы кæстæр æмæ астæуккаг кары сывæллæтты активондзинады дефицит схизы 30-40 процентмæ хистæркъласонтæн та — 8-процентмæ. Ахуыры иумæйаг рæстæг, факультативтæ æмæ хæдзармæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнын нымайгæйæ, аххæссы 9 сахаты.

Хæдзармæ æрцæугæйæ, бирæ сывæллæттæ компьютеры кæнæ телевизоры раз фæбадынц 2 сахаты бæрц. Афтæмæй скъоладзау æнæзмæлгæйæ фæвæййы суткæйы æмбисы бæрц. Уый фæстиуæг сывæллонмæ фæзыны уæлдай уæз, иммунитет фæныллæгдæр вæййы, йæ уæнгты конд фæивы æмæ а.д.

Стресстæ. Скъолайы ахуыргæнинаджы æнæниздзинад кæй февзæрдæр вæййы, уый баст у, нуæртты системæйыл уæлдай уæз кæй цæуы, уыимæ. Сывæллон æдзух тагъд кæны, æнхъæлмæ кæсы урокы фæудмæ, улæфтбонты, каникулты æрбалæудмæ. Æппæт уыдæттæ æркæнынц хроникон эмоционалон сытынгдзинæдтæ. Уымæй дарддæр ма скъола у ахæм бынат æмæ дзы æнкъараг, импульсивон, йæхиуыл чи не ‘ууæнды, ахæм сывæллон йæхи хорз нæ фæхаты. Арæх стрессмæ æркæнынц ахуыргæнджытæ æмæ æмкъласонтимæ конфликттæ. Уыдон мæгуырауæрдæм æндавынц сывæллæтты психикон æмæ физикон æнæниздзинадыл.

ЦАХÆМ НИЗТÆ ФÆЗЫНЫНЦ СЫВÆЛЛÆТТЫЛ СКЪОЛАЙЫ

Цæстыты низтæ

Аххосæгтæ. Скъолайы кары сывæллæттæн арæх вæййы æввахсмæуынынад, астигматизм, дардмæуынынад. Сæ аххосæгтæ вæййынц, цæстытæ кæй бафæллайынц скъолайы æмæ хæдзары уроктæ аразгæйæ, компьютеры æмæ телевизоры раз бадгæйæ.

Профилактикæйы методтæ. Цæмæй сывæллæтты цæстыты æнæниздзинад бахъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй йын аразын хъæуы цæстыты гимнастикæ. Столыл сæвæрут лампæ афтæ, цæмæй аууон хауа галиуæрдыгæй. Сывæллоны райдианæй ахуыр хъæуы, цæмæй цæстытæ æмæ чиныджы ’хсæн дæрддзæг 40 см къаддæр ма уа. Кæд æмæ сабийæн хæслæвæрд ис, цæмæй хæдзармæ хæслæвæрд компьютерыл сараза, уæд зæрдыл дарын хъæуы. Мониторы раз бон æрдæг сахатæй фылдæр бадын кæй нæ хъæуы,уый.

Ахсæн-тъæнгты низтæ

Аххосæгтæ. Зынгæ интеллектуалон æмæ эмоционалон уæз кæуыл цæуы, фæлæ скъолайы басихор кæнын хъæуæгыл чи нæ нымайынц, уыцы сабитæ гæнæн ис фæрынчын уой гастритæй. Йæ аххосаг свæййы раст æмæ рæстæгыл куынæ фæхæрынц.

Профилактикæйы методтæ. Сывæллоны ахуыр хъæуы нормалонæй хæрыныл куыд хæдзары, афтæ скъолайы дæр. Сæйраг у хæдзары хæрд. Рох нæ хъæуы, сывæллоны æнæниздзинадæн кæй нæ бæззынц фæздæгдзыд, сойджын, тебæйы фых хæринæгтæ.

Æнцойгæнæнзмæлæн аппараты низтæ

Аххосæгтæ. Скъоладзаутæн арæх фæзынынц сколиоз, лордоз, кифоз æмæ æндæр низтæ. Уыдон баст вæййынц, партæйы, кæнæ столы фарсмæ раст нæ бадынимæ, уæззау хызын хæссынимæ æмæ цъус физикон активондзинадимæ.

Профилактикæйы методтæ. Ныййарджытæ хъуамæ сæ хъус дарой, цæмæй цæугæ цæуын сывæллон йæхи ма гуыбыр кæна, йæ сæр уырдыгмæ ма уадза æмæ йæ гуыбыныл та размæ ма хæца. Бадгæйæ къæхты бынтæ æххæстæй хъуамæ ныдзæвой полыл, чъылдымæн уа æнцойгæнæн. Сывæллон йæ уроктæ диваныл кæнæ къæлæтджын бандоныл ма хъуамæ араза.

Респиративон низтæ

Аххосæгтæ. Скъола арæх свæййы инфекциты гуырæн. Кълæстæ æмæ къæлидортæм сыгъдæг уæлдæф арæх нæ цæуы æмæ уый та ахъаз кæны вирустæ æмæ бактеритæ парахат кæнынæн. Бирæ ныййарджытæ сæ сывæллæтты скъоламæ арвитынц, хуыфгæ куы фæкæнынц, уæд дæр, афтæмæй инфекци тагъд апарахат вæййы.

Профилактикæйы методтæ. Сывæллоны æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй, ахуырæй хъæуы йæ къухтæ æхсыныл. Уазал рæстæджы хъуамæ фылдæр хæра халсæрттæ æмæ дыргътæ кæнæ та сывæллæттæн витаминты комплекстæ.

Сывæллæтты æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн цахæм ахуыртæ баххуыс уыдзысты

Динамикон паузæ. Уагъд цæуынц урокты рæстæджы 2 минутæй 5 минуты онг. Арæзт цæуынц фæлтæрæнтæ цæстытæн æмæ улæфæн гимнастикæйы элементтæ.

Змæлгæ хъæзтытæ. Æнæмæнгхъæуæг сты гиподинамийы профилактикæ æмæ стресс сисынæн. Ахæм хъæзтытæ уагъд цæуынц спортзалы, кæнæ та скъолайы кæрты физкультурæйы уроктыл.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.