Ахуыры райдианы фыццаг бонты сывæллоны тыхст уавæрæн абарæн ис космонавты æнæуæзад уавæры уæвынадимæ.

Æртæ мæй баулæфыны фæстæ, нæ сывæллæттæ æнæнхъæлæджы бамбарынц, сæ сæрдыгон сæрибардзинадæн кæй æрцыд кæрон.

Сентябрь, психологтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, ахуырдзаутæн у иууыл кризисондæр, афтæхуыйнæг, скъолайон депрессийы рæстæг.

Скъоладзаутæй иутæ рахъаст кæнынц, ома, сæ бон нæу, сæхи лæмæгъ хатынц, кæнынц æнæхъуаджы мæсты.

Ныййарджытæ фæтыхсынц: цы сæ бон уыд, уымæй бацархайдтой, цæмæй сæ сывæллæттæ сæрды баулæфыдаиккой, сæ тыхтæ æрæмбырд кодтаиккой æмæ ныридæгæн сентябры æмбисы уыдонæн сæ хуыз у, цыма ахуыры азæн йæ цыппæрæм хай фæци, ахæм. Уæдæ уæ куыд фæнды – уæ сывæллон æвзары карз стресс.

Медиктæ æмæ психологтæ ацы рæстæг хонынц хæслæвæрдтыл, хæстыл æрцахуыр кæныны рæстæг. Знонма уæ сывæллон кодта улæфгæ, цас æй фæндыд, уыййас фынæй дæр кодта æмæ рæстæг дæр æрвыста, сентябры та уый æнæмæнг хъуамæ кæна ахуыр, хъуамæ æххæст кæна педагогты домæнтæ, хæдзармæ куыстытæ, хæслæвæрдтæ. Уыимæ иумæ йæ рæстæг хъуамæ уа дихгонд минутгай æмæ уый та зын æххæстгæнæн у.

Стыр адæймагæн дæр иу къуырийы бæрц зын вæййы улæфты фæстæ куыстмæ рахизын,  æмæ уæд сывæллоны тыххæй та цы дзурæм …

Скъолайон цардыл æрцахуыр у æрдзон процесс, фæлæ алы сывæллонæн уый йæхирдыгонау вæййы. Иутæн къуыри дæр фаг вæййы, цæмæй æрцахуыр уой скъолайон уагæвæрдыл, аннæтæ сæхи хъуыдыты афардæг вæййынц, æртыккæгтæ та ныххауынц депрессийы, нал ахуыр кæнынц, рауадзынц уроктæ. Фылдæр хатт уый баст у нуæртты системæйыл, афтæ ма сывæллоны карыл.

Фыццагкъласонæн адаптацийы период у 1,5 мæйæ 3 мæйы онг, фæндзæмкъласонæн – мæй æмæ иннæ кълæсты ахуырдзаутæ та æрцахуыр вæййынц скъолайыл 2-3 къуыримæ.

Ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджыты стыр рæдыд вæййы, кæй сæ ферох вæййы ацы период. Йæ фæстиуæгæн та сæвзæры алыгъуызон зындзинæдтæ. 10-12 азæй уæлæмæ сывæллæтты ацы периодæн вæййы психологон характер, кæстæр скъоладзаутæн та, гæнæн ис, уа проблемæтæ се ‘нæниздзинадимæ.

Скъолайы ахуырдзауты адаптацийы  рæстæг 90проценты бæрц баст у ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытыл.

Цы хъæуы аразын, цæмæй сывæллон афоныл æрцахуыр уа скъолайыл?

Амындтытæ ныййарджытæн:

  1. Сывæллон хъуамæ фаг фынæй кæна Сентябры райдианæй уæ хъус æрдарут режиммæ. Æнæмæнгæй хъæуы æнæниз æмæ фаг дæргъвæтин фынæй. Америкæйаг академийы специалисттæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, æнæниз фынæй ахъаз у канд сывæллоны организмы нормалон рæзтæн нæ, фæлæ ма хорз ахуырæн дæр. Бæлвырдгонд у: фаг чи фынæй кæны, уыдон ахуыр дæр хуыздæр кæнынц æмæ сын сæ алыварс адæмимæ дæр ис хорз ахастытæ. Ма хъуамæ экономи кæной фынæйы рæстæгæй æмбисæхсæвмæ хæдзарон куыстытæ æххæстгæнæгæйæ, нæ хъæуы телевизор æмæ компьютерон хъæзтытæй нуæртты системæ халын. Баххуыс сын кæнут, цæмæй хъахъхъæной сæ боны режим æмæ йæ хынцой дарддæр дæр.
  2. Архайут, цæмæй сын уа æнтыстытæ Сæрдыгон улæфтыты фæстæ фыццаг къуыриты карзæй ма домут хорз нысæнттæ. Скъолайы фæстæ уæ лæппу, кæнæ чызгыл æмбæлгæйæ, фыццаг цы нысæнттæ райста, уымæй йæ нæ хъæуы афæрсын, фæлæ бацымыдис кæнут, ногæй цы базыдтой, сæ зæрдæмæ фылдæр цы фæцыд, уымæ. Кæд сывæллон дæргъвæтин сæрдыгон улæфтыты фæстæ æнцонæй æрцахуыр вæййы скъолайыл, къуыри æмæ мæй фæстæдæр æхсызгонæй цæуы скъоламæ, уæд уый ныййарджыты хорз ахастыл дзурæг у.
  3. Аудут æмæ æмбарут сывæллоны Бацархайут, цæмæй уæ лæппу кæнæ чызгимæ дзурат йæ уавæрыл; сбæлвырд кæнут, цæуыл тыхсы, уый аххосæгтæ. Сывæллон хистæрты ‘рдыгæй хъусдард куы хата, уæд æнцонæй дæр фæтых уыдзæн стрессон уавæрыл.

Амындтытæ ахуыргæнджытæн:

  1. Фадат радтут сывæллæттæн, цæмæй сæхи банкъарой æмзонд коллективæй Коллектив цыфæнды æнгом ма уа, уæддæр улæфтытæй æрбаздæхыны фæстæ, фыццаг бонты, ахуырдзаутæн кæрæдзимæ ахастыты нæй æргомдзинад, къласимæ иудзинады æнкъарæн.

Цæмæй сæхи æмзонд коллективæй фæхатой æмæ кæрæдзийæн «æцæгæлæттæй» ма баззайой, уый тыххæй фыццаг бонты фылдæр хъусдард аздахын хъæуы иумиаг мадзæлттæм. Походтæ, иумæйагæй сæрдыгон улæфтыты тематикæйыл газет рауадзын, худæг фотоальбом аразын скъолайы фыццаг бонты тыххæй æмæ а.д. Ахæм мадзæлттæ баххуыс уыдзысты, цæмæй сывæллæттæ тагъддæр бангом уой кæрæдзимæ.

  1. Фадат радтут сывæллæттæн сæрдыгон улæфтыты сæ æнкъарæнтæ кæрæдзийæн раргом кæнынæн Скъоламæ æрбацæуыны фыццаг бонты сывæллæттæн хъуамæ уа кæрæдзийæн се ‘нкъарæнтæ раргом кæныны фадат æмæ уыимæ иумæ ахуыры хъуыддаг раразмæ кæнын. Сæрдыгон рæстæгыл дзурын нывæцæны хуызы хъуамæ ма уа. Сывæллæттæ нæ уарзынц ахуыры фыццаг бонты нывæцæнтæ фыссын. Уадз, сывæллæттæ æрбахæссой сæрдыгон къамтæ, бакæной сæ къласы къулыл…
  2. Сæ фарсмæ   балæуут  ахуырдзаутæн ахуырмæ цымыдисдзинады хъуыддаджы Ахуырдзаутæй бирæты улæфтыты фæстæ æхсызгонæй фæфæнды скъоламæ цæуын. Фæлæ сын уыцы фæндон, гæнæн ис, тагъд «ахуысса», ахуыры райдайæн сæ куынæ бацымыдис кæна, уæд. Æнæмæнг у рацæугæ программæ цымыдисон формæйы сфæлхатт кæнын, сывæллон ахуырмæ цы зæрдæйы уагимæ æрбацæуы, уый фарс балæууын.
  3. Æрбаиу кæнут ахуыры æмæ хиирхæфсæн моменттæ Физиологон æмæ психологонæй, каникулты фæстæ, сывæллæттæ раздæры темптæй нæ райдайдзысты архайын. Уый тыххæй уроктыл баиу кæнын хъæуы ахуыры ахсджиаг æмæ хиирхæфсæн моменттæ, фæкъаддæр кæнын хъæуы хæдзарон куыстытæ.
  4. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кæнут фæткойтæ Ахуырдзаутæй рох ма хъуамæ уа хи дарыны фæтк, ахастытæ æмгæртты ‘хсæн. Ахуыры райдайæны ахуырдзаутæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, ацы æнæмæнгхъæуæг фæткойтæ алыхатт дæр сæ тыхы кæй сты, уый.
  5. Æрныхас кæнут уæ размæлæууæг мадзæлттыл Скъоладзаутæн æнæмæнг хъуамæ зоной рагацау, цы сæм æнхъæлмæ кæсы скъолайон царды цæмæй райсой хайад плангонд мадзæлтты. Уый сын фадат ратдзæн сæ активон рæзтæн, сæ курдиат райхæлынæн.
  6. Ахуыргæнинагæн баххуыс кæнут хуыздæр суæвынæн йæ тырнындзинады Фылдæр хатт ахуырдзаутæ сентябры скъоламæ æрбацæуынц ног цард райдайыны фæндонимæ – уыдон цæттæ сты – хуыздæр ахуыр кæнынмæ фæнды сæ фæхуыздæр кæнын сæ уагахаст дæр. Æмæ уый, гæнæн ис, баззайа бæллиццæй, ахуыргæнæг ын куынæ баххуыс кæна æмæ йæ фарсмæ куынæ балæууа, уæд.

Ахæм сты сæйраг хæслæвæрдтæ, кæцытæм сæ хъус хъуамæ æрдарой ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ, цæмæй адаптацион момент «зын» ма уа сывæллоны царды, фæлæ сывæллоны æххæстæй райтынг кæнынæн уа ахъазгæнæг ма-дзал!

Бацæттæ йæ кодта Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.