Бестауты Алымбеджы райгуырды 80 азы бонмæ

Номдзыд хъæбысæйхæцæг Бестауты Алымбеджы ном зындгонд у æппæт ирон адæмæн дæр. Уый уыд ирæтты ‘хсæн фыццаг дунеон чемпион. Райгуырд 1936 азы 15-æм августы Знауыры районы Дидмухайы хъæуы. Райдиан ахуырад райста йæ райгуырæн хъæуы, уый фæстæ та ахуыр кодта Цхинвалы 2-æм æмæ Дзæуджыхъæуы 13-æм астæуккаг скъолаты.

Уый уыд бæстæйы иунæг ахæм хъæбысæйхæцæг, кæцы уайтагъд диссаджы рæзт скодта æмæ ссис дунейы къласы зындгонд спортсмен. Йæ ирд уæлахизтæй йæхицæн скодта стыр ном, лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастеры ном.

1951 аз. Горæт Цхинвалы хъæбысхæсты залы уагъд цыд æвзæнгты ‘хсæн областы чемпионат гуырдзиаг хъæбысхæстæй. Уыдон уыдысты Алымбеджы фыццаг официалон ерыс-тæ. Финалон тохы гауызыл фембæлдысты зындгонд хъæбысæйхæцæг, Советон Гуырдзыстоны бирæ хæттыты чемпион Гæбæраты Серги æмæ 14-аздзыд æнæзындгонд лæппу. Фæлæ хъæбысхæстмæ кæсджытæм дисау фæкаст фæлтæрдджын Гæбæрайы фырт зынтæй кæй рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы, уый. Бестауы фырт 1951 азы ацыд Дзæуджыхъæумæ, цыран, æцæгæйдæр, райхæлд йæ диссаджы спортивон курдиат. Ахуыры æмрæнхъ архайдта уæгъдибар æмæ классикон хъæбысхæстæй. Фæлæ серьезон æгъдауæй тренировкæтæ райдыдта фæлтæрдджын тренер Дзгойты Асланбеджы къухдариуæгады бын. Тренер уайтагъд фæхатыд Алымбеджы курдиат, стыр ныфс дзы кæй æвæрдта, уымæй разынд раст. Цæгат Ирыстоны чемпион суæвгæйæ æмæ йæ тыхтыл баууæндгæйæ, уый дыууæ азы фæд-фæдыл рамбылдта æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы Федерацийы чемпионаттæ. Æрдз ын слæвар кодта æппæт дæр хъæбысхæстæй архайыны тыххæй. Уый уыд физикон æгъдауæй фидар, уæндон, æхсарджын. Уыимæ ма уый бахаудта спорты æцæг дæсныйы къухтæм.

1953 азы горæт Дзæуджыхъæуы 13-æм астуæккаг скъолайы ахуырдзау æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы Федерацийы чемпионаты рамбылдта йæ хæстытæ иууылдæр æмæ ссис ерысты чемпион. Уый фæстæ та иунæг хатт дæр нæ фембылд Советон Цæдисы чемпионаты, афтæмæй стыр æнтыстимæ рамбылдта æхсæз хатты. Ацы стыр ног æнтысты руаджы уый 1954 азы хайад райста æвзæнгты ‘хсæн Советон Цæдисы чемпионаты æмæ хистæр спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы Федерацийы чемпионаты. Фыццаг минуттыл-иу Бестауы фырт уайтагъд йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр сæ уæхсчтытыл авæрдта. Уæгъдибар хъæбысхæсты ис бирæ рæсугъд амæлттæ, фæлæ алы атлетæн дæр ис йæхи уарзон амал (прием). Ахæм амал Алымбегæн уыд «зацеп» кæй хонынц, уый. Уымæй пайда кодтой бирæ хъæбысæйхæцджытæ. Фæлæ уæддæр Бестауы фыртæн уыд йæхи æнахуыр бакуыстгонд «зацеп», кæцы арæзта йæ ныхмæлæууæгæн, куыд рахис, афтæ галиу къахæй дæр цæсты фæныкъуылдмæ.

1956 азы бæстæйы æмбырдгонд командæйы сконды хайад иста Стамбулы уагъдцæуæг дунейы Кубокы ерысты. Ирон богал фондз хатты рахызт гауызмæ æмæ фондз хатты дæр тæрхонгæнæг уæлахизы нысанæн схæцыд йæ къухыл. Рамбылдта фембæлдтытæ иууылдæр, æрмæстдæр тохтыл 20 минуты бахардз кæнгæйæ. Дунеон ацы ерысты Бестауты Алымбег нымад æрцыд хуыздæр хъæбысæйхæцæгыл. 1976 азы Мельбурны Олимпион хъæзтыты ничи дызæрдыг кодта ирон богал сыгъзæрин майдан кæй рамбулдзæн, ууыл. Райдианы хæст хæсты фæстæ æмбулгæйæ, уый уæд-дæр очкотæм гæсгæ фембылд япойнаг богал Касахарайæн æмæ бацахста æртыккаг бынат. Ацы Олимпион хъæзтытæй цъус рæстæг куы рацыд, уæд та Стамбулы æрæмбырд сты дунейы иууыл тыхджындæр богалтæ, цæмæй фæбæрæг уыдаид чемпионаты уæлахиздзау. Æмæ та ам дæр Алымбег хъысмæты фæндонмæ гæсгæ æрхаудта япойнаг богал Касахараимæ. Ирон ныфсхаст лæппу æнæрцахсгæ, диссаджы рæсугъд æппæрстæй æрфæлдæхта япойнаджы æмæ йæ гауызмæ йæ уæхсчытæй нылхъывта.

Турчы столицæйы Бестауы фырты ногæй федтой 1957 азы, дунеон чемпионаты рæстæджы. Туркаг спортуарзджытæ бауарзтой ацы саулагъз рæсугъд бецыкджын лæппуйы. Туркаг богал-иу куы æмбылды кодта, уæд-иу алыхатт дæр трибунæтæй мæстыйы богъ-богъ кодтой, фæлæ-иу Алымбег куы æмбылдта се ‘мбæстаджы, уæд-иу сæхи нал баурæрдтой æмæ-иу ын æмдзæгъд кæнын райдыдтой йæ саразгæ классикон дисы æфтауæг æппæрсты тыххæй. Зæгъæн ис афтæ дæр æмæ Алымбег кæй «къухдариуæгад» кодта ерыстæн. Йæ æнæнхъæлæджы снайперон æппæрстæй дисы æппæрста уæгъдибар хæст уарзджыты. Ерысты фæстæ уый лæууыд 40 мин адæмы раз æмæ аудгæйæ йæ къухтæй хæцыд чемпионы майданыл.

Йе спортивон царды йын уыд бирæ æнтыстытæ: Советон Цæдисы чемпион (1955 аз), Советон Цæдисы чемпионаты æвзист призер (1956, 1962), дунейы Кубокы уæлахиздзау (1956), дунейы чемпион (1957), XVI-æм Олимипион хъæзтыты бронзæйон призер, УФ-йы чемпион (1954). Æппæтдунеон бирæ турнирты уæлахиздзау.

1959 азы Бестауты Алымбег каст фæцис Ленинграды физикон культурæ æмæ спорты Сырхтырысаджын æфсæддон институт. Стыр спортæй куы ацыд, уæд куыста Советон Æфсады централон советы тренерæй. Схъомыл кодта бирæ хъæбысæйхæцджыты. Уый уыд диссаджы адæймаг æмæ хæлар.

1989 азы номдзыд ирон богал Бестауты Алымбег йæ цардæй ахицæн æвзонгæй, 53-аздзыдæй, фæлæ йæ ном нæ амард æмæ цæрæнбонтæм  цæрдзæн ирон адæмы ‘хсæн. Йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд ирон хъæбысхæсты скъолайы историйы.

Æрмæг бацæттæ кодта Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.