Сабаты, 24 сентябры, нæ республикæйы сæйраг горæт Цхинвалæй Къуайсайы горæтмæ цы бирæ машинæтæ ацыд, уыдонæй иу уыд Мыхуыры æмæ информацийы комитеты машинæ. Бæлццæттæн се ‘ппæты цæсгæмттæ дæр уыдысты худæндзаст. Уымæн æмæ цалдæр азы размæ уыцы бон уарзон Къуайсайы поселокæн лæвæрд æрцыд горæты ном. Аннæмæй та сæ  зæрдæтæ рухс кодтой Ирыстоны æрдзы рæсугъд уындæй. Арæх ма-иу кæрæдзи дæр афарстой, зæгъгæ, цымæ нæ Ирыстонæй рæсугъддæр искуы ис?

Мæн та дисы æппæрста хъæуты иунæг хус бæлас дæр кæй нæй. Уый та нысан кæны зæхх сын кæй у хæрзиуæгджын.

Ахæм цины æнкъарæнтимæ æдыхст æмæ уæнгрогæй бахæццæ стæм горæт Къуайсамæ. Фæндагыл колоннæйы разæй цыд Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды машинæ, йæ фæстæ цыдысты Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Хъуылымбегты Доменти æмæ Бибылты Анатоли, æндæр бæрнон адæймæгтæ. Къуайсайæгтæ уазджытæм æнæрхъæцæй кæй æнхъæлмæ кастысты, уый дызæрдыггаг нæ уыд. Фембæлдысты сыл нуазæн, æртæ уæливых æмæ физонæгимæ.

Уазджытыл фембæлд районы администрацийы разамонæг Чилæхсаты Владимир, горæты мэр Гæззаты Роберт æмæ горæты цæрджыты. Уыдон уазджытæн раарфæ кодтой, кæй сæм æрцыдысты, уый тыххæй загътой сын бузныг æмæ нуазæн радтой Тыбылты Леонидмæ.

Уый фæстæ уазджытæ æмæ фысымтæ бацыдысты горæты спортивон залмæ. Ам цыд 14 азы онг лæппуты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Хуссар Ирыстоны хъайтар Тедеты Владимиры номыл турнир. Турниры фæуды фæуæлахизуæвæг æмæ призертæн хорзæхтæ лæвæрдтой Бибылты Анатоли, Хъуылымбегты Доменти, Гæззаты Роберт, Чилæхсаты Владимир, зындгонд спортсментæ æмæ бæрнон кусджытæ. Призты ‘хсæн уыд кубоктæ, майдан, грамотæтæ æмæ æндæр æхцайы премитæ. Президент Тыбылты Леонид ма уæлахизуæвджытæн балæвар кодта æвзист монетæтæ, семæ систа зæрдылдарæн къамтæ.

Уый фæстæ уазджытæн,бынæттон цæрджытæ æмæ спортсментæ сæ тренертимæ рахызтысты горæты сæйраг фæзуатмæ æмæ хæрдмæ систой Ирыстоны паддзахадон тырыса. Ам дæр къуайсайæгтæ равдыстой сæхи сæрмагонд хъæппæрис. Уыцыиу рæстæджы тырыса хæрдмæ истой  дыууæ мин метрæй бæрзонддæр Часавалы хохы сæрмæ дæр.

Паддзахадон тырыса сисыны церемонийы фæстæ адæм бацыдысты æмбырд дæттæн залмæ æмæ райдыдта бæрæгбонон церемони. Бæрæгбонон æмбырды раныхас кодтой Къуайсайы горæты мэр Гæззаты Роберт, Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, горæт Цхинвалы мэры хæдивæг Хъазиты Хатуна æмæ æндæртæ. Раныхæсты ‘хсæн ирон зарæггæнджытæ æххæст кодтой музыкалон номыртæ. Зарыдысты Цхинвал, Къуайса æмæ уарзтыл, кастысты æмдзæвгæтæ.

Цытджын церемонийы кæронбæттæны ныхасы бар лæвæрд æрцыд Тыбылты Леонидæн. Уый райдианы раарфæ кодта залы æппæт уæвджытæн, æрдзырдта бæрæгбоны стыр нысаниуæгыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæсын æмæ уæ иу стыр хай æрбацыдыстут Цхинвалæй. Уый та нысан кæны, махæн Къуайса иумæйаг кæй у. Дарддæр Президент банысан кодта: «Къуайсайæгтæй бирæ цæмæйдæрты ис раппæлæн. Сæйраг уый тыххæй æмæ нæ фыдæлты æгъдæуттæй бахъахъхъæдтой бирæ».

Æмæ ацы дзырдтæн ис бындур. Уый бæрæг уыд сæ ацы бæрæгбон ауадзыны хъуыддаджы. Сæхи йæм бацæтæ кодтой хорз, нæ фыдæлты æгъдæуттæй хъахъхъæнгæйæ. Уыимæ ма Президент банысан кодта, зæгъгæ, абон къуайсайæгтæ рæгъмæ хæссынц къорд цардуагон фарсты. Уымæй сты раст, уымæн æмæ цух сты бирæ цæмæйдæрты. Паддзахад, Хицауад æмæ Парламенты разамонджытæ сын сæ фарстытæн  æрмæст дзуаппытæ нæ ратдзысты, фæлæ архайдзыстæм, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ иуварс æрцæуой, абон ма цы цухдзинæдтæ ис, уыдон дæр. – Къуайсайæн горæты ном кæй радтой, уый æз нымайын растыл, – дзырдта дарддæр Президент, – уымæ гæсгæ йæ ног разамонæг Гæззаты Робертимæ архайдзыстæм, цæмæй Къуайса горæты ном хæсса ныфсджын æмæ цæсгомджынæй, раздæха йæм йæ раздæры кад».

Уый фæстæ Президент майдантæй æмæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Къуайсайы рагондæр цæрджыты иу хай æмæ Гуырдзыстоны æрбабырсты рæстæджы къуайсайæгтæй хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад чи равдыстой, уыцы лæппуты.

Цытджын æмбырды фæстæ къуайсайæгтæ бæрæгбонон фынгмæ фæхуыдтой ардæм æрбацæуæг уазджыты.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.