Федералон трассæ «Транскам»-ы хай микрорайон «Хурзæрин»-мæ хæстæг цæугæдоны сæртыл цы хид цыд, уый реконструкци кæнынмæ «ЮгОсет-ИнвестСтрой» бавнæлдта майы мæйы нæ паддзахады сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ. Ацы бынат рагæй аразинаг уыд, уымæн æмæ фæндаджы ацы хай тæссаг уыд машинæтæн æмæ пассажиртæн. Техникон æгъдауæй хæлд нæ уыд, фæлæ дзыхъ кæй уыд, уымæ гæсгæ кæрæдзийы ныхмæ цæуæг машинæты шофыртæ кæрæдзийы нæ уыдтой æмæ-иу сæвзæрд аварион ситуаци. Арæх дзы цыдис фæндагон фыдбылызтæ.

Фæндаджы фæтæн ацы бынаты уыд æхсæз метры бæрц, ныр æй фæуæрæхдæр  кодтой æмæ ссис аст метры. «Дыууæ машинæ дзы фæрсæй-фæрстæм сæрибарæй нæ цыдысты. Шофырты-иу бахъуыд кæрæдзийæн фæндаг дæдтын. Ныр уыцы къуылымпыдзинæдтæ фæстейæ баззадысты. Ног хид у 11 метры фæтæнæн. фистæгæйцæуджытæн йæ иу фарсыл уыдзæн сæрмагонд хай. Йæ дæргъæн 550 метры кæмæн у, уыцы аварион хай фæбæрзонддæр кодтам. Ныр кæрæдзийы ныхмæ цы машинæтæ цæуой, уыдон кæрæдзийы дардмæ уындзысты. Фæндагыл фæзынд машинæтæн æрлæууæн бынæттæ дæр. Цæмæй микрорайон «Хурзæрин»-мæ чи цæуа, уыдон мацы къуылымпытыл æмбæлой», – радзырдтой нын, фæндаджы арæзтадыл цалдæр мæйы чи куыста, уыцы арæзтадон специалисттæ.

Гаглойты Алан райгондæй баззад «Комавтодор» æмæ  паддзахадон  унитарон  куыстуат «Водоканал»-ы архайдæй. Цæугæдоны былгæрæттæ фидар кæй æрцыдысты, уый дæр хорзыл банымадта, фæлæ, дам, сæйрагдæр уыдысты, ныр шофыртæн æдас кæй уыдзæн цæуынæн. Фæндаг æхсæвыгон дæр цæмæй æдас уа, уый тыххæй дзы хъæуы сæвæрын электроны рухсытæ æмæ фæндагон æдасдзинады нысæнттæ. Президент хæслæвæрд радта «ЮгОсетИнвестСтрой»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Аланæн, цæмæй цæсгомджынæй цы кусджытæ куыстой фæндаджы арæзтадыл, уыдон бавдиса паддзахадон хорзæхтæм.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.