Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Остъаты Джульеттæ æрæджы хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы паддзахадон хорзæх – Пушкины майданæй. Ахæм Барамындыл йæ къух æрфыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин.

Барамынды дзырдæуы: «Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæ популяризаци кæныны хъуыддагмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй Пушкины майданæй хорзæхджын æрцæуæд Остъаты Джульеттæ Дауыты чызг – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг». Барамынд мыхуыр æрцыд УФ-йы Президенты официалон сайтыл.

Остъаты Розæ (Джульеттæ), ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент, Центр «Русский мир»-ы разамонæг, РХИ-йы Парламенты IV-æм æрсидты депутат, не ‘хсæнады ирддæр гоймæгтæй у сæ иу. ХИПУ æмæ Цхинвалы скъолаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ йын йæ лекцитæм байхъуыстой, зæгъæн ис, горæты цæрджыты æмбис. Фæсивæды зонындзинæдты бæрзæндтæм хоны, царды раст фæндагыл сæ ифтонг кæны, хиуыл кусын сæ ахуыр кæны.

Уый райгуырд горæт Сталиниры. 1955 азы каст фæцис нæ горæты 3-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд Михаил Ломоносовы номыл Мæскуыйы Паддзахадон университеты филологийы факультетмæ. Каст æй фæцис æнтыстджынæй. Уæдæй фæстæмæ Остъаты Джульеттæ кæны ахуыргæнæджы куыст. Стыр цыты аккаг адæймаджы, йæ цард æнæхъæнæй дæр ахуыргæнæджы профессийæн чи снывонд кодта, уый – уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, зонынц Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты рауагъдонтæй дæсгай фæлтæртæ. Джульеттæйы лекцитæ кæддæриддæр вæййынц бæрзонд æмвæзадыл.

1995 азы Хуссар Ирыстоны Педагогон институты ирон-уырыссаг факультеты рауагъдон, журналист Къæбулты Маринæ Остъаты Джульеттæ Дауыты чызджы бахъуыды кодта хæларзæрдæ æмæ рæстаг адæймагæй. «Йæ зонындзинæдтæ кæддæриддæр рæдауæй лæвар кодта студенттæн. Арæх нæ дисы æппæрста йæ эрудици. Афтæ нæм каст, цыма ацы адæймаг нырыккон уырыссаг æвзаджы цы сусæгдзинæдтæ ис, уыдонимæ се ‘ппæтимæ дæр зонгæ у. Æмæ, æцæгæйдæр афтæ уыд. Домгæ дæр нæ бирæ кодта, кæд архайдта, цæмæй йын йæ дисциплинæ æмбæлон æмвæзадыл ахуыр кодтаиккам, уæддæр иу чысыл дæр нæ фæсмон кæнын. Куыд адæймаг, афтæ тынг фæзминаг у йæ бирæ хорз миниуджытæй».

2018 азы ХИПУ-йы Тæлмац æмæ тæлмацкæнынады факультеты рауагъдон Цыбырты Анжелæ йæ мысинæгты радзырдта Остъаты Розæ (Джулеттæйы) тыххæй. «Университеты ма куы ахуыр кодтон, уæд ын уæлдай тынгдæр уарзтон йæ лекцитæм хъусын. Тынг цымыдисон уыдысты. Лекци-иу афтæ фæцис æмæ-иу æй хатгæ дæр нæ фæкодтон. Йæ лекцитæй уæлдай уый студенттæн æххуыс кодта алыварсонæй, ома, иу кæнæ иннæ темæйы фæдыл-иу нын лæвæрдта амындтытæ. Уымæ гæсгæ мын æнцон уыд æрмæг бамбарын дæр. Æз сæрыстыр дæн Джульеттæ Дауыты чызг кæй уыд мæ ахуыргæнæг æмæ дзы æнæкæрон бузныг дæн йæ зонындзинæдты тыххæй».

Зынаргъ Джульеттæ Дауыты чызг, газет «Хурзæрин»-ы коллектив дын зæрдиаг арфæ кæнынц Уæрæсейы паддзахадон хорзæх – Пушкины майданæй хорзæхджын кæй æрцыдтæ, уый фæдыл. Нæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, фарн æмæ дарддæры æнтыстытæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.