2020-22  азтæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты дарддæр кæны нæ горæты уынгты арæзтад. Ныртæккæ ахæм куыстытæ æххæст цæуынц  Кимы, Революцийы, Белинскийы, Базарады, Нæузæххонты, БАМ-ы микрорайоны бацæуæны æмæ Хъайтарты уынджы иу хайы. Программæйы нывæзтмæ гæсгæ ранымадгонд уынгтæ декабры мæйы кæронмæ хъуамæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой. Уыдонæй ныридæгæн цалдæрыл æвæрд æрцыд асфальты фыццаг уæлцъар.

70-æм азты Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы æфсæддон хæйттæн арæзт æрцыд БАМ-ы микрорайон æмæ уæдæй нырмæ ам зæххыбыны коммуникацитæ ивд никуы уыдысты, нæдæр уынгты хæрзарæзтадыл цыд куыст. Уымæ гæсгæ  уал азы дæргъы уыдон æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ æмæ цæрджытæ æййæфтой зындзинæдтæ. Кæд уыдон бирæ рæттæм хастой сæ хъаст, уæддæр сын нырыонг сæ фарстмæ лæмбынæгæй йæ хъус никуы ничи æрдардта. «Арæх-иу аскъуыдысты доны кæнæ канализацион хæтæлтæ æмæ-иу дон ракалд уынгтыл. Ахæм рæстæджы дæр-иу кæд æмбæлон инстанциты кусджытæ æрбацыдысты, уæддæр-иу уыдон раивтой, æрмæстдæр цы хæтæлы гæппæл уыд скъуыд, уый, фæлæ æнæхъæнæй ивд никуы уыдысты. Афтæ уыд фæндæгты уавæр дæр. 2008 азы хæсты фæстиуæгæн уыдон бынтондæр ныппырх сты, алырæтты  сæвзæрдысты дзыхъхъытæ æмæ сæ къæвдабонты бадт дон. Нал-иу уыд ахизæнтæ фистæгæй цæуджытæн»,- дзырдтой цæрджытæ. Ныр микрорайоны цæрджытæн сæххæст сæ бæллиц.

Фæндæгты арæзтады агъоммæ уал ам бакуыстой «Энергоресурс» æмæ «Водоканал»-ы кусджытæ. Ивд æрцыдысты газ, дон æмæ канализацион хæтæлтæ. Уый фæстæ æрæвнæлдтой сæ куыстмæ фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет «Дорэкспострой». Фæндаджы иу хайы фæйнæ фарс хисæрмагонд арæзтæдтæ кæй ис, уымæ гæсгæ уым йæ фæтæн уыд нарæг æмæ дзуапп нæ лæвæрдта арæзтады нормæтæн. Ацы фарсты фæдыл районы цæрджытæ сæ куырдиат бахастой горæты администрацимæ æмæ йæ аскъуыддзаг кодтой дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Кæд уыцы рæстæг фæндагаразджытæн бахардз ис æнæхъуаджы, уæддæр ныр фæндаг æрцахста æмбæлон параметртæ æмæ дзуапп дæтты планмæ хаст нормæтæн. 

Ацы уынджы дæргъ у 700 метры æмæ йæ уæрх та 6 метры бæрц. Кусынц дзы сæрмагонд техникæйы 12 иуæджы æмæ 20 адæймаджы. Арæзтадон бригадæйы сæргъ лæууы Плиты Хох, уый нын куыд загъта, афтæмæй арæзтадон куыстытæн сæ фылдæр хай конд у æмæ ацы бонты хъуамæ лæвæрд æрцæуа эксплуатацимæ. «Объекты арæзтадон куыстытæ райдыдтам августы мæйы. Ныр сæ фылдæр хай у конд. Кæд нæ боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд фæнд кæнæм дæс боны æмгъуыдмæ йæ фæуынмæ», – загъта Плиты Хох.

Сæрмагонд арæзтадон куыстыты агъоммæ ам хъуыд фæндæгтæ расыгъдæг кæнын алыгъуызон æнæхъуаджы бронæй. Микрорайон арæзт куы ‘рцыд, уæдыккон бæлæстæ 2008 азы хæсты рæстæджы фесхъистæ сты æмæ уыдысты ракæлынæввонг. Ныр кусджытæ уыдон дæр ракалдтой æмæ сæ бынæтты хъуамæ æрцæуа ног бæлæстæ сагъд. Æппæт уыцы куыстытыл дæр бахардз ис бирæ рæстæг, фæлæ Плиты Хохы бригадæ нывæстмæ гæсгæ æмгъуыдтæм уæддæр фæуыдзæн фæндаджы арæзтад. Ацы бонты уыдон фесты асфальты агъоммæйы куыстытæ, тротуартæ æмæ машинæты фæндагыл калд æрцыд хуыр æмæ ныр та  æрæвнæлдтой асфальты фыццаг уæлцъар æвæрынмæ. Куыд ма загътой, афтæмæй кусджытæ сæ куысты уæлхъус æрбалæууынц райсомы аст сахатæй æмæ суанг изæры аст сахатмæ нæ банымæг вæййы сæ техникæйы уынæр. Сæ куыст кæнынц гъæдджынæй æмæ тагъд рæстæджы ацы районы цæрджытæн бирæ фенцондæр уыдзæн сæ уавæр.

БАМ-ы районы цы фараст бирæуæладзыгон хæдзары ис, уыдонæй ныртæккæ иунæг фатер дæр нæу æдзæрæг. Цæрджытæ се ‘ппæт дæр бузынг зæгъынц, чидæриддæр ацы куыстытæ бакæныны хайад райста, уыдонæн. Ис ма сæ ныфс, нæ горæты администрацийы куыд загътой, афтæмæй, 2022 азы бирæуæладзыгон хæдзæртты рæзтæ дæр кæй схæрзарæзт кæндзысты. Уæд районы цæрджыты уавæр бирæбæрцæй фæхуыздæр уыдзæн.

2021-22 азты Инвестпрограммæмæ ма хаст сты Гæззаты Валерийы, Козоны, Хъуылайы фырты, Санахъой фырты, Сланы фырты, Сабаны фырты, Санахъоты Г.,-йы, Едысы, Саулохты Мухтары, Плехановы æмæ Путины уынджы дæллаг хай, Цоциы фырты къуымау, Ирæтты, Вокзалгæрон æмæ Нарты уынгæй Плиты Ароны уынджы онг ног фæндаг.

Хуыгаты Милена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.