Президент Бибылты Анатоли фембӕлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мерабимӕ. Фембӕлд уагъд арцыд Барадхъахъхъæнæг органты кусджыты боны цытæн.

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта Мидхъуыддæгты министрады къухдариуӕгад ӕмӕ сӕрмагонд скондӕн Барадхъахъхъӕнӕг органты кусӕджы боны цытӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, куысты эффективондзинад ӕмӕ бинонты фӕрныгад.

«Мидхъуыддæгты министрад у Республикæ Хуссар Ирыстоны фӕтк сифтонг кӕныны фӕдыл серьезон организаци. Зӕгъын хъӕуы, нӕ республикӕйы цы зын азтӕ уыд, Советон Цӕдис фехӕлдӕй суанг Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны онг – Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сæхи равдыстой хорз. Уый у гуырдзиаг атакæтæн, æддагон знагимæ хæстон архайдтытæн дзуапп радтын, фæлæ уыимæ иумæ сымах тох кодтат республикæйы фæткæвæрд сифтонг каныныл. Мах алы хатт дæр хъуыды æмæ кад кæндзыстæм Мидхъуыддæгты министрады хъайтардзинад æмæ ахсардзинад, кæцытæ сæ цард радтой Райгуырæн зæххы тыххæй», – загьта уый.

Бибылты Анатоли ма бузныджы ныхæстæ загъта ветерантæн, кæцытæ аккагæй службæ кодтой ама сæрыстырæй хастой милиционеры ном. Уый ма банысан кодта, загъгæ, уыдон кæй хъуама уой Мидхъуыддæгты министрады æмæ иумайагæй республикæйы къухдариуæгады цæстдарды.

Ныхас кæныны рæстæджы ма паддзахады сæргьлæууæг æрдзырдта, ацы аз августы мæйы Мидхъуыддæгты министрады бастыхайы цы цаутæ арцыд, уыдоныл.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, фыдракæнд æрцыд. Уый хъуамæ æргом æрцæуа. Ацы фыдракæнды аххосджын цы адæм сты, уыдон хъуамæ æфхæрд баййафой закъонмæ гæсгæ», – банысан кодта уый.

Уымӕй уӕлдай ма Бибылты Анатоли банысан кодта, ведомствойы кусджытӕ кӕй тох кӕнынц наркотикон фӕрӕзтӕ парахат кӕнынимӕ.

«Уый у сӕйраг здӕхт, кӕцымӕ ды хъуамӕ дӕ хъус дарай, куыд Мидхъуыддæгты министрады хæстæ æххæстгæнæг, дæ кусджыты æрвитай ацы низимæ тох кæнынмæ. Мах æй хорз зонæм, абоны бон кæй ис алыгъуызон формæтæ наркотиктæ арласынæн æмæ наркотикон фæрæзты номхыгъд алы хатт дæр уæрæх кæны.

Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ацы здæхты фæдыл сымах кæнут егъау куыст, æмæ нар­котикон фæрæзтæ чи парахат кæны, уыдонæн ма хъуамæ уа хатыргонд. Ацы тох хъуамæ уа карз, уыдон хъуамæ зоной, кæй райсдзысты иууыл карздæр æфхæрд, уыдоны куы æрфæнда сæ парахат кæнын, уæд», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма æрдзырдта Мидхъуыддæгты министрады ноджы иу здæхтыл – экономикон фыдракæндтимæ тох кæныныл. «Мæн фæнды хъусдард аздахын, Мидхъуыд­дæгты министрады кусджытæ экономикон фыдракæндтимæ эффективонæй кæй куыстой, нæ республикæйы карантин куы уыд, уæд дæр, æргътыл активонæй контроль кæнгæйа. Уыцы практикæ æнæмæнгхъæуæг у адарддæр кæнын, уымæн æмæ адæм хъаст канынц хосты ама хæлцады продукттæ кæй фæзынаргъ сты, уымæй. Ӕнæмæнгхъæуæг у адресон басгæрстытæ уадзын ацы позициты фæдыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæхи фарсæрдыгæй Пухаты Мераб бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн, Мидхъуыддæгты министрады кусджыты архайдæн ахæм аргъ кæй скодта, уый тыххай.

«Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ сæрмагонд сконды номæй уын ныфс æвæрын, аппæт нæ разылæууæг хæстæ æххæст кæй цæудзысты закъонмæ гæсгæ», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.