4-æм февралæй 20-æм февралмæ Пекины уагъд æрцæудзысты XXIV-æм зымæгон Олимпион хъæзтытæ. Ацы стыр спортивон цауы хайад райсдзысты 95 бæстæйæ 4 мин атлетæй фылдæр. Уыдон сæ цæттæдзинад фæлвардзысты спорты 7 хуызы, уыдон нымæцы 15 дисциплинæйы. Æдæппæт ерыстæ цæудзысты майданты 109 комплектыл.

Олимпион хъæзтыты байгом кæныны церемони уагъд æрцæудзæн 4-æм февралы Пекины национ стадионы, кæцы зындгонд у куыд «Цъиуы ахстон», афтæ. Ацы спортивон комплексы цæуы 91 мин спортуарзæджы. Ацы комплексæй пайда кодтой 2008 азы Пекины сæрдыгон Олимпион хъæзтыты дæр.

Ерысты фаворитты ‘хсæн та уыдзæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæ. Уæрæсейаг спортсментæ Олимпиадæйы архайдзысты Уæрæсейы Олимпиаг комитеты номы бын. Æппæтдунеон антидопингон агентады (ВАДА) санкцитæм гæсгæ уæрæсейаг атлеттæ бæстæйы спортивон кад хъахъхъæндзысты æнæ национ тырыса æмæ паддзахадон гимнæй.

Америкæйаг компани Gracenote æрвылхатт дæр ныммыхуыр кæны Олимпиадæйы тыххæй прогнозтæ. Ныр та йæ хъуыдымæ гæсгæ Уæрæсе рамбулдзæн 32 майданы æмæ командон хыгъды бацахсдзæн 3-аг бынат. Фаворитыл нымад у Норвеги, дыккаг бынат та, дам, бацахсдзæн Герман.

Уæрæсейаг спортсментæй майдантæ чи рамбула, уыдонæн лæвæрд цæудзысты премитæ. Сыгъзæрин майданты тыххæй сын лæвæрд цæудзысты 4 милуан сомы, æвзисты тыххæй – 2,5, æмæ бронзæйон призертæ та райсдзысты 1,7 милуан сомы.

Олимпион хъæзтыты рæстæджы стыр хъусдард здæхт цæудзæн коронавирусы ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæнынмæ. Спортсментæн сæ бон уыдзæн æрмæстдæр Хъæзтытæ уагъд кæм цæудзысты, уыцы объекттæм цæуын. Горæтмæ цæуыны æмæ сын бынæттон цæрджытимæ контакт кæныны бар нæ уыдзæн. «Омикрон»-ы штамм кæй апарахат, уымæ гæсгæ уæрæх публикæйæн билеттæ уæй нæ цæудзысты.

27-æм январы Китайы официалонæй сæ дуæрттæ бакодтой æртæ Олимпион хъæуы, кæцытæн сæ бон суыдзæн 5,5 мин спортсмены æмæ делегацийы уæнгты райсын. Уыцы бонæй Китаймæ цæуын райдыдтой Олимпиадæйы хайадисджытæ. Ныридæгæн райстой фыццаг делегациты.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.