Ирон Сылгоймаг – æгъдау æмæ æфсармы сæрæвæрæн, царды фидауц, бинонты фарн. Нæ рагфыдæлтæм æгъдауы бындур æмæ ратæдзæн сылгоймаджы æфсарм уыд. Ирон сылыстæг-иу куыддæр сабийы карæй ахызт, афтæ йын йæ алы сдзырд, йæ алы фезмæлды дæр агуырдтой уаг æмæ æгъдау, йæ уды йын биноныг кодтой ирон æгъдау æмæ фарн. Ирон чызг йæ чындздзон кары бацæуыны агъоммæ хъуамæ рацыдаид, фыдæлты фарн кæм æлдариуæг кодта, ахæм скъола. Ис афтæ зæгъæн, æмæ йæ хъомыл кодтой æгъдауы хъадаманты: чызгыл лæппуйы митæ нæ фидауы; дæхи дарын хъуамæ зонай; цæугæ-цæуын дæ развæдмæ кæс; искæй цур хъæрæй ма худ; дзургæ-дзурын дæ къухтæ ма змæлын кæн; нæлгоймаджы цæстытæм комкоммæ ма кæс; искæй ныхасмæ дзырдæппарæн ма кæн æмæ афтæ дарддæр.

Уæззау цард æмæ æнæкæрон бирæ зындзинæдтæ бавзæрста ирон сылгоймаг. Хæххон æрдз ын йæ уæхсчытыл уæззау уаргъ æрæвæрдта. Уæлдайдæр – Ирыстоны хæхбæсты: къуындæг – йæ царды уавæртæ, цыбыр – йæ авналæнтæ. Фæлæ, кæд нæ фыдæлты историон царды сыфтæ æнусон тох æмæ æрдзон фыдбылызты амæттаг баисты, уæддæр бахъахъхъæдтой сæ ирон фарн, сæ ирон æгъдæуттæ. Рагæй-æрæгмæ таурæгъты æмæ кадджыты дзуринаг уыд ирон сылгоймаджы ном. Фыдыуæзæг, рæстдзинад, уарзондзинад… Ирон сылгоймаг ацы æнкъарæнтæн у табугæнæг, уымæн æмæ уыдон сты царды сæйраг æнцæйттæ.

Къуылых Тимур Аланты бæстæм куы ныббырста, уæд адæм стырæй-чысылæй сыстадысты йæ ныхмæ. Цыдис мæлæтдзаг тох, туг донау ивылд. Цы бакодтаиккой Тимуры æфсадæн – дыууæсæдæ мин адæймаджы æрсдонау бырстой размæ, цагътой адæмы. Аланты рæнхъытæ тадысты, зæхх мæрдтæй байдзаг, мæрдты ныгæнæг нал уыд…

Бæстæ тохы уынæрæй куы ‘рсабыр, уæд мæрдты астæу зылди иу сылгоймаг. Йæ хъустыл ауад сывæллæтты кæуын, кæсы, æмæ йæ размæ фæци сывæллæтты къорд. Сылгоймаг йæ дыууæ къухы уæлæмæ систа:

“О, Стыр Хуыцау, ма фесаф аланты тау-уидаг! Ацы сывæллæттæ – де уазæг!”. Æмæ сæ йæ хъæбысы æрбакодта.

Сывæллæтты ракодта Дыгургомы `рдæм æмæ лæгæты æрцардысты. Дыгургом хъæздыг уыд хъæддаг дыргътæй, æмæ уыдонæй ирвæзын кодта сывæллæтты. Кæд æрыгон сылгоймаг уыд, уæддæр æй сывæллæттæ хуыдтой Нана. Азтæ цыдысты. Нана базæронд. Æрхæццæ йæ адзалы сахат. Æнæхъæн Дыгургом æрцыдысты Задалескмæ зæххон дуагæн æгъдау радтынмæ.

Задалески Нана йæ уды хъармæй бахъахъхъæдта Ирыстоны сомбон. Мады Майрæм йæ сыгъзæрин базыры бын бакодта Ирыстоны хуыздæр мадæлты æмæ уыдон Ирыстонæн балæвар кодтой кадджын хъæбултæ: Хетæгкаты Къостайы, Абайты Васойы, Джусойты Нафийы, Тугъанты Махарбеджы, Плиты Иссæйы, Тæбæхсæуты Балойы, Гергиты Валерийы, Андиаты Сосланы, Джыккайты Шамилы  æмæ бирæ, бирæ æндæр номы гуырдтæ.

Ирон сылгоймаджы кад æмæ уæздандзинад ирон хæдзары фæлгæттæй куы ахызт, уæдæй фæстæмæ бирæ ирон чызджытæ басгуыхтысты сæ Фыды-бæстæйæн номгæнæгæй: Дудараты Вероникæ, Тугъанты Дзерассæ, Адырхаты Светланæ, Хостыхъоты Зинæ, Гæзданты Аврорæ, Плиты Марта, Бутаты Фатимæ, Туаты Олгъæ æмæ сæдæгай ирон чызджытæ…

Хæххон æвадат царды уæзы бынæй фервæзæг ирон сылгоймаг йæ уды фæндиаг нæма сулæфыд, дыууынæм азы хъæдгæмттæн сæ туг йæ цæуынæй нæма банцад, афтæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, уый уыдис нæ тæккæ уæззаудæр фæлварæн. Ирон сылгоймаджы ныр та лæгæй-лæгмæ бахъуыд  знаджы ныхмæ æрлæууын, куыд тохы быдыры, афтæ фæсчъылдым дæр.

Хæсты фыццаг бон Ирыстон фронтмæ афæндараст кодта 800 арыгон чызджы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хъайтардзинад, фæразондзинад æвдыста алы хуымæтæг ирон сылгоймаг дæр.

Советон дуджы ирон сылгоймаг йе уæнгтæ бæргæ айвæзта, фæлæ уыцы æнцойдзинады ацæрыны амонд нæ сылгоймæгтæй æрмæстдæр иу-дыууæ фæлтæрмæ æрхауд, уыцы бæстæйы ныппырх цы фæлтæры æрыййæфта, уыцы сылгоймæгтæн æнцойдзинад нал уыд, царды хъизæмæрттæ сын байстой се ‘нцойад. Гуырдзы та нын радон геноцид куы расидтысты, уæдæй фæстæмæ цал мады бахъуыд изæрыгон йæ фырты фæстæ кæугæйæ кæсыны, Хуыцаумæ лæгъзтæ кæныны сæр, цæмæй йæ хъæбул æгас хæдзар ссара, знаджы мæлæтхæссæг нæмыг йæ иувæрсты ахиза… Цал хатты бахъуыд ирон мады йæ чысыл сабиты ныккæндты æмбæхсыны сæр. Фæлæ та бафæрæзта уыдæттæн дæр ирон сылгоймаг. Бафæрæзта августы хæстæн дæр.

Нæ царды ахæм къабаз нæй, ирон сылгоймаг йæ хайбавæрд кæдæм нæ бахаста. Ирыстоныл иууыл уæззаудæр бонтæ куы скодта, уæд нæ сылгоймаг дохтыртæ, медицинон хотæ, ахуыргæнджытæ, кæрдзынгæнджытæ – иу бон дæр сæ куыст никуы ныууагътой, сæ удæй арт цагътой, кæд сæхи цардæн дæр æдас нæ уыд, уæддæр ницæмæ дардтой уыцы тас, алчи дæр сæ удуæлдай куыст кодта, сæ сæр кæм хъуыд, уым.

Чизоны, уыцы зæд-сылгоймаг Аланты Нана йæ уды фарн уæлæуыл ныууагъта æмæ уыцы фарнæй фæхайджын сты ирон сылгоймæгтæ… Чизоны, дугтæ æмæ рæстæджыты уæззау фæндæгтыл цæугæйæ дæр уымæн нæ банымæг сты ирон сылыстæджы фарн æмæ уæздандзинад.

Макуы фæцудæд, макуы банымæг уæд дæ фарн æмæ дæ уæздандзинад, ирон сылгоймаг!

                                     ДЖЫККАЙТЫ Шамил

       СЫЛГОЙМАГ

Дæ уарзт – æвдадз, дæ рæсугъддзинад – цин,

Цы скодта Æрдз, ды уыдонæн – сæ уаздæр!..

Дæуæн куывтой уæларвон зæдтæй раздæр,

Дæуæн нымдæй табу кæнын – мæ дин.

Ды хъуамæ уай нæртон лæгæй æхсин.

Уæддæр зын у дæ бæрзонд хъысмæт цасдæр:

Кæндзæн дыл дау æдзæллагæй сылваз дæр,

Ысхондзæн дæу хуызыцæуæг дæр хин.

Ды та нæ цард, нæ амондæн æгæр дæ,

Дæ сурæт – хур – рæдау æмæ сыгъдæг,

Гуырысхотæй сæхи фауынц сæлхæртæ.

Дæ уарзты стъалы чи ссары æцæг,

Фæкалы уымæн мигътæй дæр цæхæртæ,

Ды скæныс уый хъайтар æмæ цæрæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.