Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачневы. Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Цæгат-Ирыстон Аланийы Парламентты ‘хсæн закъонсфæлдыстадон архайды фæдыл æмгуыстады тыххæй.

Президент загъта, зæгъгæ, ацы фарстыл кусынц рагæй, афтæ ма банысан кодта, æхсæнпарламентон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын фадат кæй ратдзæн Ирыстоны дыууæ хæйтты ‘хсæн интеграцион процестæ дарддæр æмæ уæрæхдæр кæнынæн.

«Махæн цы ахастытæ ис, уыдонæн ис интеграцион характер. Сымах æй зонут, арæзт кæй æрцыд иумæйаг Къамис ирон æвзаджы тыххæй, Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хайы фысджытæ сты Фысджыты иу цæдисы. Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынæн дæр ис ахæм характер», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта Алексей Мачневæн Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты закъондæттæн органты ‘хсæн æнгом æмархайды тыххæй.

«Уый дзурæг у интеграцион процесстæм уæ серьезон ахастыл. Афтæ хъуыды кæнын æмæ махæн бирæ фадæттæ уыдзæн, цæмæй сæ æппæт здæхтыты размæ кæнæм æмæ аразæм алцыдæр, цæмæй Ирыстоны дыууæ хай дæр æрбангом уой», – банысан кодта Президент.

Йæ рады, Алексей Мачнев бузныджы ныхæстæ загъта Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн химæрайсты æмæ документыл къухтæ æрфыссыны фарсты фæдыл рекомендациты тыххæй.

«Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фарст æвзæрыд, ды Анатоли Ильяйы фырт, Парламенты сæрдар куы уыдтæ, уæд. Æмæ Президент уæвгæйæ та ды федералон æмвæзадыл бирæ тыхтæ дæттыс, цæмæй æмразыгæнæн процедурæтæ сæ кæронмæ бахæццæ уой æмæ махæн уа Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фадат. Уый хуымæтæджы документ нæу, уый у юридикон æгъдауæй бындурджын æмæ дыууæ закъондæттæн органты иумæйагдзинады фидардзинад, кæцы разæнгард кæны стыр æмархайд, фæлтæрддзинад сæ кæрæдзийæн лæвар кæнынмæ.

Мах алцы дæр сараздзыстæм, цæмæй æввахс рæстæджы Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцæуа, кæцы нын фадат ратдзæн активонæй, интенсивонæй æмæ эффективонæй æмгуыстад кæнынæн æппæт фадгуыты дæр», – загъта уый.

Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.