Сылгоймаг! Адæймагадæн йæ рæсугъддæр, фæлмæндæр, аудагдæр, æнувыддæр æмбис. Сылгоймаджы кой кæнгæйæ, махæн, нæлгоймæгтæн – адæймагады иннæ æмбисæн, нæ цæстытыл фыццаджыдæр ауайы мады, цард нын чи ныххæлар кодта йæ аудаг, рæвдауаг удæй, уыцы мады фæлгондз. Нæ цæстытыл ауайынц æмæ нæ цæст ахæссæм нæ хоты, нæ цардæмбæлтты, нæ чызджытыл, нæ сылгоймаг хиуæттæ, хæстæджытæ, зонгæтыл æмæ сыл, нæ бон цы у, уымæй нæ зæрдæйы хорзæх тауæм, балæууæм сæ фарсмæ, бахъахъхъæнæм сæ зын рæстæджыты.

Махæн, нæлгоймæгтæн, нырма нæ бон нæ бацис, сылгоймаджы æрдзысконд, йæ уд, йæ зæрдæйы æвæрæнты цы æвæрд, цы æмбæхст ис, уыдон кæронмæ рафæлгъауын. Æмæ уый æнтысгæ дæр никуы бакæндзæнис. Уый мидæг ис, æвæццæгæн, нæлгоймаджы цымыдис сылгоймаджы удыскондмæ. Сылгоймагæн ацы хъуыддаджы, æвæццæгæн, æнцондæр у – уый нæлгоймаджы тагъд базоны æмæ йыл зарджытæ кæнынмæ, комплименттæ, уаз ныхæстæ йын дзурынмæ чъындыдæр у.

Æмæ нæлгоймæгтæ сæ сор сæттынц, сæ фарсмæ æдзух чи сты, царды цæдис кæимæ саразыны, уыцы сылгоймæгты миддуне рафæлгъауынмæ. Уыдонимæ стыр гоймæгтæ, генитæ дæр. Цæвиттон, С. Биоффлер басаст æмæ загъта, зæгъгæ, сылгоймæгты тыххæй кæдфæнды дæр ногæй цыдæр зæгъæн ис, æгæрыстæмæй, ма Зæххы къорийыл уыдонæй æрмæст иу куы баззайа, уæд дæр.

Генитæ дæр зæххон адæймæгтæ уыдысты æмæ сты. Æнкъарынц, о, куыд æнкъарынц сылгоймаджы уарзт, ахæм уарзты хъармдзинад æмæ уыимæ йæ фыдæхдзинад дæр. «Уарзт æппæтæй тыхджындæр у: уымæй æфхæрд баййафын иууыл сытрдæр æнамонддзинад у, лæггад ын кæнынæй стырдæр амонд та, уæвгæй, нæй», – загъта иу ахæмы В. Шекспир. Фæлæ йæ, æвæццæгæн, иу ахæмы сылгоймаджы азар басыгъта æмæ æгас дунейы сылгоймæгтыл ныххуырста: «О, сылгоймæгтæ! Бынтон ницæйаг – сымахæн уæ ном!»

О, гени сæм тынг рамæсты, фæлæ йæ æндæр гени – Лев Толстой, цыма сабыр кæны, уыйау зæгъы: «Сылгоймæгтæ ныхæстæй сæ хъуыдытæ равдисыны тыххæй нæ пайда кæнынц, фæлæ сæ нысæнттæ сæххæст сæххæст кæныны тыххæй». Æгæр фæкарз ам Толстой дæр – сылгоймагыл афтæ бирæ рæсугъд фæлгондзтæ чи сарæзта, арф хъуыдытæ чи загъта, уыцы Толстой, фæлæ хатт адæймагмæ, æгæрыстæмæй генитæм дæр цавæрдæр хъуыддагмæ алы хатт иугъуызон хъуыдытæ нæ вæййы.

Нæлгоймаг йæхи цасфæнды ма тылиф кæна ус курынæй, уæддæр æй уырдæм хъæуы – йæ цард баиу кæны сылгоймагимæ. Иумæ царды тыххæй Р. Стивенсон зæгъы: «Уый у даргъ ныхас, кæцы фескъуыйы быцæутæй». Æмæ кæд нырма нæлгоймагæн нæ бантыст ус ракурын, уæд, табуафси, байхъусут А. Шопенгауееермæ: «Ус ракурын нысан кæны дæ бартæ æрдæгыл акъуырын, дæ хæсты та дыууæ хатты фæфылдæр кæнын». Рагон философ Сократ та фидарæй дзырдта: «Цыфæнды ма уа – ракур ус. Кæд дæ хорз ус фæуа – бæрæгæй зындзынæ, кæд æвзæр –  суыдзынæ философ».

Цы хатдзæг ис саразæн философы ацы хъуыдыйæ? Æвзæр сылгоймæгтæ тынг цъус кæй сты æмæ нæм философтæ дæр уымæ гæсгæ тынг цъус кæй ис. Æмæ ма ноджы – Сократ æй, æвæццæгæн, йæхи удыл бавзæрста æмæ дзы философ уымæн рауад.

Философ философ у, уæлдайдæр та рагзаманы философтæ. Сæ хъуыдытæ абон дæр кæрдынц. Æмæ абон та цы уынæм? Нæ дуне æнæнцой у. паддзахадтæ кæрæдзимæ æвзидынц. Кæрæдзийæн æнæуынон кæнынц. Æмæ ам хъуыдымæ æрцæуынц Бальзакы ахæм ныхæстæ: «Сылгоймагæн разамынд кæнын йæ бон кæмæн у, уымæн йæ бон у паддзахадæн разамынд кæнын дæр. «Ау, куыд уайы уый? Уæдæ дунейы паддзхадты нæлгоймаг разамонджытæн сæ бон нæу сæ сылгоймæгтыл разамынд кæнын? Паддзахады разамонæг зондджын, куырыхон хъуамæ уа. Уарзын æмæ  куырыхон уæвынæн та, Бэконы ныхæстæм гæсгæ, иумæ уæвæн нæй. Ау, уæдæ уарзын нæ зонынц паддзахадты разамонджытæ, æви сын куырыхондзинад нæ фаг кæны æмæ нæ зæххон хъуыддæгтæ сæ уагыл уымæн нæ цæуынц?

Куыдфæнды ма уа, махæн, нæлгоймæгтæн, сылгоймæгтæ сты уникалон, æвæлхатт. Уый сын æрдзæй лæвæрд у. уыдон хайджын сты, цард чи рæсугъд кæнынц, бирæ ахæм миниуджытæй, зонынц æнувыдæй  уарзын, тауынц хæрзиуæгон хъуыддæгтæ, дисы нæ æппарынц сæ æгæрон фантазийæ.

Ахуыргæндтæ сылгоймæгты тыххæй

* Сылгоймæгтæ цалдæр хъуыддаджы иу рæстæджы аразынц нæлгоймæгтæй хуыздæр. Уый æмбæрст цæуы уымæй æмæ сылгоймæгтæн сæ сæры магъзы дыууæ æрдæгтымбылæджы дæр иу рæстæджы фæкусынц, нæлгоймæгтæн та-иу æрдæгтымбылæг. Бирæ нæлгоймæгтæ афæлварынц сылгоймæгты бафæзмын, фæлæ сын дзы ницы рауайы.

* Сылгоймæгтæ нæлгоймæгтæй 2 хатты фылдæр уарзынц дзурын.  Сылгоймагæн йæ бон у йæ хæлар, æввахс сылгоймагимæ æнæрынцайгæ фæдзура 10 сахаты бæрц, стæй хæрзбон зæгъой кæрæдзийæн. Уый фæстæ та, сæ хæдзæртты уæвгæйæ, телефоны ногæй фæдзурой 3 сахаты бæрц. Бæлвырд у, баныхæсты рæстæджы æмæ æнæуый ныхас кæнгæйæ дæр сылгоймæгтæн стырдæр æнтыст вæййы нæлгоймæгтæй.

* Ахуыргæндтæ сбæлвырд кодтой, зæгъгæ, дыл цæмæй сылгоймаг йе ууæнк бафтауа, уый тыххæй йæ 20 секунды бæрц æрбахъæбыс кæн. Уыцы рæстæгмæ сæры магъзмæ бахæццæ вæййы окситоцин æмæ сæвзæрын кæны æууæнчы гормон.

* Сылгоймæгтæ сæ цæстытæ ныкъулынц нæлгоймæгтæй арæхдæр. Уый уымæн афтæ у æмæ сылгоймаджы нуæртты системæ инмпульсивондæр у нæлгоймæгты нуæртты системæйæ.

* Стресстæй фервæзын сылгоймæгтæн хуыздæр æнтысты нæлгоймæгтæй. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ астрогены гормон хуыдуг кæны негативон симптомты æндыгъддзинад.

Стыр гоймæгты сылгоймаджы тыххæй

Хорз у уыцы сылгоймаг, кæцыйы тыххæй тыхсыс, фæлæ ноджы хуыздæр та уыцы сылгоймаг у, кæцы дыл тыхсы.

Р. Киплинг

Сылгоймаг у аууоны хуызæн: йæ фæстæ куы цæуай, уæд дæ лидзгæ кæны, куы дзы цæуай, уæд та дæ фæстæ лидзы.

Альфред де Мюссе

Мæ цардæмбалимæ нæ хъуыды иу куынæ вæййы, уæд бакæнæм, уый куыд фæнды, афтæ. Уый мæ цардæмбал хоны компромисс.

Марк Твен

Сылгоймæгтæ уарзынц æрмæстдæр, кæй нæ зонынц, уыдоны.

М. Лермонтов

Рæсугъд сылгоймаг цæстæн у дзæнæт, удæн – зындон æмæ дзыппæн та – сыгъдæггæнæг.

Б. Фонтенель

Сылгоймаг разамынд нæ кæны, фæлæ паддзахиуæг.

Г. Лесинг

Сылгоймагæн иу нæлгоймаг фаг у, цæмæй æппæт нæлгоймæгты бамбара, нæлгомаг гæнæн ис зона æппæт сылгоймæгты, фæлæ дзы иуы дæр ма бамбара.

Х. Рауленд

Æрмæджытæ бацæттæ кодта БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.