Рагæй фæстæмæ ис ирон æгъдæутты бирæ «æмбæлы» æмæ «не ‘мбæлы»-тæ. Фæлæ æгъдауæн йæ фидар бындур уыдис хистæртæн кад æмæ аргъ кæнын, лæджы кад æмæ намыс хъахъхъæнын, сылгоймагæн цыт кæнын. Æмæ кæд фæсарæйнаг ахуыргæндты цæстæнгасмæ гæсгæ алантæ Европæмæ æрбахастой  уæздæтты (рыцæрты) æгъдæуттæ, уæд уыцы рæсугъд æгъдæуттæ аланты байзæттæгтæ – ирæтты ‘хсæн абон дæр цæрынц, кæд сыл ныры змæст дуг йæ фæд ныууагъта, уæддæр.

Хистæрæн кад кæныны æгъдау дыууæрдæм фæндаг у. Фендджын æмæ зондджын хистæр кæддæриддæр йæхæдæг дæр аргъ кодта кæстæртæн, йæхи сæ цæсты ницæмæй æфтыдта, кæстæры раз æнæуаг ми кæнæ ныхас кæнын йæ сæрмæ нæ хаста. Абоны бон уый цы хистæр не ‘мбары, уый йæхи кад сафы. Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæн ис, уый æндæр ран нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи рæстæг. Хистæрты æмæ сылгоймæгты раз нæ уыдис хъæрæй дзурæн, загъд кæнын, æвзæр дзыхæй дзурын. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр афтæ. Уымæй уæлдай ма хиуылхæцгæйæ адæм сæхи дардтой кувæндæттæм хæстæг, уæлмæрдты. Цæвиттон, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ, царды уыдис бирæ хъуыддæгтæ, кæцытæ кæнын не ‘мбæлдис, кæцыты нымадтой худинаг æмæ æгадыл. Æмæ кæд алы адæймагæн дæр йæ бар йæхи уыдис, уæддæр æй йе ‘гъдау æмæ йе ‘хсæнадон хæс хызтой æвзæр митæй. Стæм хатт-иу искуы ахæм куы разындис, æгъдау кæмæ нæй, йæхи, йæ мыггаджы, йæ хъæубæсты худинаг чи кæны, уæд-иу ыл адæм сæхи атигъ кодтой, æнæуынон-иу сси, сæрмæ-иу æй ничиуал хаста. Раздæры заманты уый мæлæтæй æвзæрдæр тæрхон уыдис. Хатгай ахæмыл хъæубæстæ кодтой хъоды. Ахæм карз æмæ æгъатыр æгъдау равзæрдис нæ рагфыдæлтæм уымæн, æмæ сæм адæмы фарн, адæмы цæстæнгас царды кастис тæккæ сæйрагдæр. Сæ кад æмæ намыс хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Фылдæр-иу хъодыйы бæсты равзæрстаиккой мæлæт.

Иу лæгмард цыдис иннæмæ: алчи дæр йæ хæсыл нымадта йæ туг райсын. Афтæмæй-иу хатгай туджджынтæ æгъатырæй кæрæдзийы цагътой бирæ азты дæргъы. Уыимæ, хохаг адæм сæ маст никуы истой зæронд лæгтæй, сылгоймæгтæй æмæ сывæллæттæй. Уый уыдаид тынг æгад ми, æмæ йæ  йæхи лæг чи хоны, уый йæ сæрмæ никуы хаста. Цыфæнды хъаугъа дæр искуы æрцæуы фидыдмæ. Фæлæ уæды рæстæджы паддзахадон закъæттæ нæ уыдис, æмæ ацы æгъатыр æгъдау ирон æхсæнадон царды мидæг ахста йæхи бынат, стыр ахъаз уыдис быхсынæн, хиуыл хæцынæн.

Раздæры заманты уынаффæйы бар хаудис æрмæстдæр нæлгоймæгтæм. Бинон-ты ‘хсæн нæлгоймаг уыдис хæдзары хицау, æмæ йын сылгоймаг йæ ныхас кæддæ-риддæр æххæст кодта, фæстæмæ йæм нæ дзырдта. Уæлдайдæр та – адæмы астæу. Уымæн æмæ уымæй уый фегад кодтаид йæхи дæр, йæ сæры хицауы (йæ лæджы), æмæ бинонты дæр. Зондджын сылгоймаг кæмдæриддæр йæ лæджы кад бæрзонддæр кæныныл архайы, уæд уыимæ йæхæдæг дæр кадджындæр кæны. Хъыгагæн, абон иуæй-иутæй уыцы цæвиттон рох кæнын райдыдта, æмæ бирæ бинонты ۥхсæн бæрæг нал вæййы, усæй, лæгæй чи у «лæгдæр». Сылгоймаг Ныхасмæ нæ цыдис æмæ лæгтимæ уынаффæ нæ кодта. Нæ йын æмбæлдис цæуын кувæндæттæй бирæтæм. Цæвиттон, раджы заманты нæ адæммæ нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы хæстæ уыдысты хицæн, æмхæццæ нæ кодтой.

Раздæр стыр бинонты ۥхсæн сылгоймæгтæ (æфсин, чызджытæ, чындзытæ – хистæрæй- кæстæрмæ) кодтой, æрмæстдæр сæм цы куыстытæ хаудис, уыдон: хæринаг кæнын, сывæллæттæм зилын, æфснайын æмæ а.д. Сылгоймаджы хъуыддæгты «йæ фындз чи тъыссы», ахæм нæлгоймаг йæхи тынг фæхудинаг кодтаид, зарæггаг фæуыдаид.

Цымыдисаг у ахæм хабар. Раджы заманы, хистæримæ ныхас кæнгæйæ, æрыгон лæг бафиппайдта, йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ, мæнæ-мæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд, ныхас дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæууыдис, æмæ йыл хæцыдис афтæ,  цалынмæ хистæр ацыдис, уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзын кæныны охыл дæр ирон лæг нæ ахызтис æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ, хистæры æфсæрмæй.

Цæвиттон, ирон царды нæлгоймаг хъуамæ уыдаид зæхкусæг, цуанон, фосдарæг, уынаффæгæнæг æмæ бахъуаджы рæстæг – хæстон. Лæппуты-иу чысылæй фæстæмæ ахуыр кодтой хæдзары куыстытыл, цæттæ сæ кодтой тызмæг æмæ тæсcаг уавæртæм. Æвадат хохаг царды кæстæртæ æндонау æхсыстой, буарыхъæдæй фидар уыдысты. Стæй ахуыр кодтой хæстон лæджы миниуджытыл, хæцæнгарзæй архайыныл, бæхыл бадыныл. Æмæ хуыздæр чи арæхстис, уымæн адæмы ۥхсæн йæ кад рæзыдис. Уымæй уæлдай ма кадджыныл нымад уыдис рæсугъд кафæг æмæ курдиатджын зарæггæнæг дæр. Усгуры-иу фыццаг уыцы хъуыддæгтæй æвзæрстой, æмæ йын стæй уæд йæ арæхстдзинадмæ гæсгæ аргъ кодтой. Ирон лæг хъуамæ мæлæтæй макуы тарстаид – уый уыдис худинаг. Ныййарæджы ныхас: «Кæд риуы ‘рдыгæй мард у мæ фырт, уæд мæм æй æрбахæссут. Кæд къæбуты ‘рдыгæй – уæд та йæ дæлæ брæттæм аппарут…», – æмбисондæн баззадис. Æппæты стырдæр æвзæр-дзинадыл куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр нымадтой æгаддзинад. Тохы тæппудæй йæхи чи равдыстаид, уый худинаг кодта йæ мыггаджы дæр æмæ йæ хъæубæстæйы дæр. Фæлæ хъæбатыртыл та кодтой æмæ ныр дæр кæнынц зарджытæ. Уымæй стырдæр хорзæх ирон адæммæ нæ уыдис.

Чызджыты та хъомыл кодтой уæздан æмæ хиуылхæцæгæй, сылгоймаджы миниуджытæй æххæстæй. Къæйных ныхасгæнæг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаггæнæг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид, чызг лæппуты ۥрдæм æгæр куы кастаид, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæ-дзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтæм не згъордтой. Кæд-иу æнæнхъæлæджы кæрæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд – хорз. Исчи чызгмæ йе ‘нгуылдзæй дæр баныдзæвдис – додой кодтаид йæ сæр. Уымæн æмæ ахæм цау æгас мыггагæн дæр æгаддзинад хаста. Лæппутæ æмæ чызджытæ æдæрсгæ æмбæлдысты кæрæдзийыл æрмæстдæр иунæг бынаты – хъазты мидæг. Куывдты æмæ чындзæхсæвты лæппутæ ерысæй æвдыстой сæ арæхстдзинад, сеۥгъдау. Æмæ-иу кæд, зæрдæмæ чи цæуы, уыцы чызгимæ къухы бафтыдис акафын, уæд дæ худ хæрдмæ æппар.

Ныры цард бирæ ивындзинæдтæ бахаста кæстæрты ахастдзинæдтæм. Раздæр уæвæн кæмæн нæ уыдис, ахæм хъуыддæгтæ ныр æрвылбойнаг систы. Аивтой чызджытæ æмæ лæппутæ, кæд ма дзы бирæтæм фыдæлты фарнæй дзæвгар ис, уæддæр. Фæлæ ма абон дæр лæппутæн сæ фылдæр, бинонты хъуыддаг бакæныны афон куы æрцæуы, уæд фæкæсынц рог æмæ къæйных чызджытæм нæ, фæлæ нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы аргъ цæмæн кодтой, уыцы миниуджытæ кæмæ ис, уыдонмæ.

Нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы ахастдзинæдты кæддæриддæр фыццаг бынат ахстой хиуылхæцын æмæ æфсарм. Худинаг уыдис адæмы  ‘хсæн бинойнаджы кой кæнын кæнæ дзы æппæлын. Фæлæ искуы уæддæр, хъуыддаджы фæдыл дзургæйæ, усы кæнæ сывæллæтты ской кæнын куы бахъуыдаид, уæд лæг æнæмæнг куырдта хатыр йæ алыварс адæмæй: «Уæ фарн бирæ, фæлæ …». Уыимæ лæг æмæ ус сæ кæрæдзийы нæмттæ нæ дзырдтой. Баивтой-иу сæ æндæр ныхæстæй кæнæ мыггаджы номæй: «Не ۥфсин», «Сывæллæтты мад», «Нæ къæбæргæнæг», «Абиан», «Къæбысон», «Нæ лæг», «Мæ сæры хицау», «Нæ хæдзары хицау», æ.а.д. Стыр худинагыл нымад уыдаид, ис-кæй раз лæг æмæ ус кæрæдзийæн адджын ныхæстæ кодтаиккой, уый.

Хатгай фынджы уæлхъус хæдзары уазджытæ арфæ кодтой æфсинæн. Фæлæ хæдзары хицау йæхæдæг уырдæм ницы бар дардта. Стæй кæд хæдзары уыдис хистæртæ – дада æмæ нана, уæд уазджытæ, фыццаджыдæр, арфæ кодтой уыдонæн. Нæ фыдæлты ныхас: «Мæ фыдгулы кæртæй хъæр ныхас райхъуыса», дзæгъæлы нæ уыдис. Загъд æмæ хъæр ныхас нымадтой худинагыл, уæлдайдæр та – ус æмæ лæджы ۥхсæн. Йæхи лæгыл чи нымадта, уый сылгоймагмæ йæ къух нæ иста, суанг йæхи бинойнагмæ дæр. Уыимæ, нæлгоймаг кæддæриддæр уыдис хæдзары хицау, æмæ йын йæ ныхасыл дыууæ ничи æфтыдта. Хистæр-иу хæдзармæ куы бахызтаид, уæд бинонтæ иууылдæр хъуамæ сыстадаиккой. Кæстæртæ æмæ сылгоймæгтæ йæ разы бадгæ нæ кодтой.

Рагæй дæр дардыл хъуыстгонд у ирон адæмы уазæджы сбуц кæныны æгъдау. Хъæумæ-иу уазæг куы ‘рцыдис, уæд алчи дæр кадыл нымадта уыцы уазæгæн фысым ныллæууын. Бинонтæй алчи дæр архайдта уазæгæн лæггад кæныныл. «Уазæг – Хуыцауы уазæг у» – дзырдтой нæ фыдæлтæ. «Де  знаг дæ хæдзармæ куы ‘рбахиза, уæд знаг нал у – уазæг у, æмæ йын уазæджы лæггад бакæнын хъæуы». «Дæ уазæджы дын исчи бафхæрдта, уæд æй дæхицæн æфхæрдыл банымай».

Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Се ‘ппæтыл ацы ран аххæссын нæ бон нæ бауыдзæнис. Æгæр уæрæх æмæ вазыгджын сты.

Чехойты Карина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.