Фæстаг азты зынгæ ивындзинæдтæ цæуы хорзæрдæм Къуыдаргомы цæрджыты царды. Рæсугъдæй рæсугъддæр, хæрзарæзтдæр кæны Къуайсайы горæт йæхæдæг дæр. Æрмæст аивгъуыйгæ азы ам хæрзарæзт æрцыдысты æртæ сæйрагдæр уынджы.

Ног азы Къуайсайы цæрджытыл æрцыд ног æхсызгон хабар. Горæтмæ Везурæй цы донуа-дзæн арæзт цыдис, уым куыстытæ кæронмæ фесты æмæ цæрджытæн сæ хæдзæртты рацыд сыгъдæг нуазыны дон. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй дон кæцæй цæуы, уым донæмбырдгæнæн модернизаци æрцыдаид. Объект хаст æрцыд 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ æмæ дзы куыстытæ райдыдтой ивгъуыд азы. Йæ арæзтадæн рахицæн кодтой 7 милуан 200 мин сомы.

Ам куыстытæ райдайын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Донæм-бырдгæнæн ис зынвадат ран æмæ цалынмæ объект аразынмæ æрæвнæлдтаиккой, уæдмæ йæм хъуыд фæндаг саразын, къæдзæх айгæрдын, цæмæй йæм арæзтадон техникæ бацыдаид, арæзтадон æрмæджытæ йæм æдасæй ластаиккой. Ныр объект арæзт фæцис, фæлæ сæ фæндаг дарддæр дæр хъæудзæнис йæ эксплуатаци кæныны тыххæй.

Горæт Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хис-тæр Хуыгаты Алан куыд зæгъы, афтæмæй раздæр дæр цæрджы-тæ нуазыны доны хъуагдзинад не ‘ййæфтой, фæлæ йæ гъæд уыдис мæгуырау. Нуазынæн бæззыд æрмæстдæр зымæджы рæстæджы. Ныр ног донуадзæн иу кæндзысты уалдзæджы æмæ йын йæ донæй пайда кæндзысты уа-зæлтты æрбалæудмæ.

Цæрæнуатон-коммуна-лон хæдзарады тыхтæй та, йæ хистæры ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз раивд æрцыд иу бирæфатерон хæдзары æмбæрзт, цыппар бирæфатерон хæдзæртты ныккæндты раивтой доны æмæ канализацийы хызæгты, цалцæггæнæн куыстытæ бакодтой скъолайы агъоммæ уагдоны, фæндаг сарæзтой ку-вæндонмæ…

Ацы аз дæр цы бакусой, уый сын ис. Сцалцæг кæндзысты Бзиты хъæумæ хид, дыууæ бирæуæладзыгон цæрæн хæдзарæн раивдзысты се ‘мбæрзтытæ, схæрзарæзт кæндзысты централон парк.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.