Республикæ Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæргълæууæг Æлборты Алан нын куыд загъта, афтæмæй ацы аз сæрды мæйты скусдзæнис нæ республикæйы ног хъæдкусæн комбинат. Уый арæзт æрцæудзæн горæтмæ æрбахизæны цæгатварс.  Объект саразынæн  хицæн æрцæудзæн 325 милуан сомы. Инвестор у уæрæсейаг амалиуæггæнæг. Уый нæ республикæмæ цымыдисдзинад равдыста ивгъуыд аз. Уæдæй нырмæ йæ минæвæрттæ бадзырдтæ уагътой нæ республикæйы Базарадон-сæудæджерадон Сæудæджерад æмæ индустриалон палатæйы экспертимæ æмæ ныр æрцыдысты иумиаг хъуыдымæ. Сæ куысты тыххæй Æлборты Алан афтæ радзырдта:

«Куыд зонæм, афтæмæй инновацион технологиты фæрцы нæ республикæмæ хуынд цæуынц реалон сектор райтынг кæныны нысанæн инвестортæ. Уæрæсейы бангтæй цы æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцæуынц, уый руаджы къухтæ æрфыстæуы сразыдзинадыл. Инвестицион бадзырдмæ гæсгæ дыууæ фарсы дæр райсынц хæс. Паддзахад хæсджын у зæххы фадыг радтын, инвесторы домæнтæм гæсгæ инвестор йæхæдæг æвзары хуыздæр фадыг, кæцы йын къух ратдзæн проект среализаци кæнынæн. Проектмæ гæсгæ дарддæр паддзахад аразы объекты коммуникацитæ, цæмæй нæ бæстæмæ цы инвестор æрбацыд,  уымæн уа комфортон уавæртæ куыстæн. Фæлæ йæ рады инвестор хæсджын у, цæмæй йæ проект сæххæст кæна банысангонд æмгъуыдмæ. Проекты руаджы та фæзыны куысты бынæттæ. Куыстуаты цы персонал хъуамæ куса, уыдон куыстыл сахуыр кæныны хæс дæр ис инвесторыл. Кæй зæгъын æй хæуы, ацы проекты хорздзинæдтæй ма иу у хъалонты закъондæттынад дæр, ома, проект реализаци куы æрцæуа, уæд хъалонтæ фæцæуынц бынæттон бюджетмæ».

Уый ма загъта, ног хъæдкуысты комбинат йæ фыццаг продукци кæй рауадздзæн августы мæйы. Райдианы уадздзæн мæйы мидæг иу мин кубометры фæйнæг. Фæстæдæр хъæдæрмæджы гуырахст схиздзæн дыууæ мин кубометр-мæ. Ам арæзт цæудзæн еврофæйнæджытæ, паркет, хæдзарон хъæдын дзаумæттæ æмæ афтæ дард-дæр. Уыдон æрвыст цæудзысты экспортмæ Уæрæсейы алы        къуымтæм æмæ фæсарæнтæм та – Сиримæ.

Нæ хъæдты инвесторæн уыдзæнис æрмæстдæр тæрс бæлæстæ лыг кæныны бар. Палатæйы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы территорийы хъæдты цы стæм мыггагы хуызы бæлæстæ зайы – æх-сæр, сабæлт, хихджынтæ, уыдон баззайдзысты тобæгондæй. Паддзахад нæ бауаддзæн, цæмæй бæлæсты мыггæгтæ куынæг цæуой. Уый хыгъд æппæт дæр сараздзæн, цæмæй хъæдтæ быгъдæг кæм цæуынц, уым афоныл сагъд цæуа талатæ. Паддзахад инвесторы раз æрæвæрдта иуафæдзон лимит, кæцымæ гæсгæ комбинатæн бар нæ уыдзæн 30 мин кубометрæй фылдæр хъæдæрмæг æрцæттæ кæнынæн. Æлборты Алан ма загъта, зæгъгæ, эксперттæ куыд амонынц, афтæмæй уый зиан не ‘рхæсдзæн нæ хъæды фондæн. Ахæм лимитæй куыстой Советон Цæдисы рæстæджы нæхимæ цы хъæдкуысты комбинаттæ куыста, уый дæр.

Комбинат куы байгом уа, уæд дзы уыдзæн 70 бæрц кусæгон бынæттæ. Инвестор хъавы РХИ-йы территорийыл ноджыдæр цалдæр проект сæххæст кæнынмæ. Уыдонæй сæ иу – æфсæн модулон конструкцитæ æмæ урсаджы продукци экспортгæнæн мигæнæнты цех бакæнын.

Æлборты Алан ма куыд загъта, афтæмæй фæстаг дыууæ аз реалон сектор райтынг кæныны нысанæн нæ республикæмæ æрцыд æртæ уæрæсейаг амалиуæггæнæджы. Цхинвалы район Къостайыхъæумæ хæстæг 45 гектарыл ныссагъдæуыд фæткъуы бæлæс-тæ. Уым инвестор бавæрдта йæхи сæрмагонд фæрæзтæй 100 милуан сомы. Уый хъавы ноджы йæ бизнес-проекттæ ауæрæхдæр кæнын æмæ уымæн та хъæудзæнис уæлæмхас финансон фæрæзтæ. Æрæджы ноджыдæр иу инвестор сфæнд кодта Знауыры районы Аунеуы хъæуы 150 гектарыл æхсæры талатæ ныссадзын. Йæ нысан у, ам æркæнгæ тыллæг экспорт кæнын Уæрæсейы базармæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.