АЗЫЛДЫСТЫ АРÆЗТАДОН ОБЪЕКТТЫЛ

Ацы бонты  нæ республикæмæ æрцыд Цæгат  Кавказы  хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министры хæдивæг Игорь Кошин.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ уазæджы базонгæ кодтой Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты уавæримæ. Фыццаг уал уазджытæ бацыдысты æмæ базонгæ сты, гуырæн хæдзары  объекты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Куыд зонæм, афтæмæй ацы объект эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа фидæн аз.

Объект аразы генералон подрядон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СТМ – ЮГ». Йæ къухдариуæггæнæг Коцты Олег уазæгæн куыд радзырдта, афтæмæй гуырæн хæдзар уыдзæнис дыууæуæладзыгон бæстыхай ныккæндимæ. Ныртæккæ уым амайынц хатæнты къултæ, сабыргай архайынц сантехникон куыстытæ бакæныныл, арæзт æрцы-дысты коммуникацион хæххытæ, агъуындынц ын йæ сæр æмæ куыддæр фæуа, афтæ йыл сæвæрдзысты рудзгуытæ æмæ райдайдзысты къулсæрдæн куыстытæ. Ам ма фæнд кæнынц рæстæгмæ хъæрмад саразын, цæмæй дзы зымæгон бонты мидæгæй бæстонгæнæн куыстытæ бакæной. Олегы ныхæстæм гæсгæ объекты арæзтады ныр-тæккæ кусынц 60 адæймагæй фылдæр. Уыдонæн сæ фылдæр хай сты бынæттон цæр-джытæ. Куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Æххæст сты арæзтадон æрмæджытæй, рæс-тæгыл исынц кусджытæ сæ куыстмызд. Кусгæ та кæнынц æрвылбон  дæр.

Игорь Кошин азылд йæхæдæг хатæнтыл, ныххызт ныккæндмæ дæр æмæ йæхи цæстæй федта, кусджытæ цы куыст бакодтой, уый, æмæ бафиппайдта, гуырæн хæдзар арæзт кæй хъуамæ æрцæуа гъæдджынæй, æмæ æп-пæтфарсонæй дæр хъуамæ дзуапп дæтта нырыккон до-мæнтæн.

Уазæг бацымыдис кодта Гуыбаты æфсымæрты уынджы цæрæн хæдзæртты арæзтадмæ дæр æмæ йын Коцты Олег радзырдта, уыдон кæй уыдзысты дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары. Арæзт цæуынц тынг хорз планировкæмæ гæсгæ æмæ сæ цæрынæн та уыдзæнис хорз уавæртæ. Ныртæккæ куыстытæ дыууæ корпусы дæр цæуынц æнæкъуылымпыйæ. Фыццаг корпусы амайынц фæндзæм уæладзыджы къултæ, дыккаг корпусы та архайынц астæрд бетонгæнæн куыстытыл. Уый фæстæ райдайдзысты сисамайæн куыстытæ.

Хъайтарты уынджы цæрæн комплексыл дзургæйæ «СТМ-ЮГ»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олег уазджытæн ра-дзырдта, ног цæрæн комплекс цæттæ кæй у эксплуатацимæ радтынмæ. Иудзырдæй, хæдзӕрттӕ цæттæ сты сæ ног цæрджыты райсынмæ.

Игорь Кошин бафиппайдта, цæмæй сæ хицæуттæн фатерты дæгъæлтæ куы дæттой, уæд сын фехъусын кæной æмæ уыдон дæр хайад райсой уыцы церемонийы.

Азылды хайадисджытæ бацыдысты сыгъдæг Æртæиууон Хуыцауы аргъуанмæ. Ам ныртæккæ ныв кæнынц къултыл. Аргъуаны ма сæвæрын хъæуы дзуар æмæ дзæнгæрджытæ. Æддейæ йæ къултæ та хъуамæ сæрст æрцæуой сæрмагонд ахорæнæй, цæмæй къæвдатæм ма сæфа йæ хуыз.  Фæлæ сын уый тыххæй нал ис æхцайы фæрæзтæ æмæ архайынц сæ самал кæныныл. Аргъуан мидæгæй арæзт æрцæудзæн Куадзæны стыр бонмæ.

Игорь Кошин райгондæй баззад аргъуаны арæзтадæй æмæ сауджынæн бахæс кодта, цæмæй лæмбынæг бахынца, цы аразинаг куыстытæ ма дзы ис, уыдон æмæ æркæсой ацы фарстмæ.

Уырдыгæй сæ фæндаг акодтой уазæгдон «Ирыстон»-ы арæзтадмæ. Уый та эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æр-цæуа фидæн азы кæронмæ. Объекты куыстытимæ базонгæ уæвгæйæ, Игорь Кошин разыйæ нæ баззад куыстыты темп-тæй. Аразджыты цæстмæ бадардта, зæгъгæ, фæрæзтæ ис, кусынмæ фæндондзинад дæр ис, æмæ, цæмæн сабыргай цæуынц куыстытæ? Цæмæй уын баххуыс хъæуы, зæгъгæ, объект сфидаргонд æмгъуыдмæ эксплуатацимæ радтыны тыххæй.

Объект аразæг арæзтадон организаци «Интурист-Алани»-йы генералон директор Кодзасты Никъала ныфс бавæрдта, уазæгдон сфидаргонд æмгъуыдмæ арæзт кæй æрцæудзæн, уымæй. Махмæ, зæгъгæ, ис фæлтæрддзинад уазæгдæттæ аразыны хъуыддаджы. Уыимæ мах кусæм æнæ улæфт бонтæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ абоны бонмæ объекты бакодтой 40 милуаны аргъ куыстытæ æмæ ма уыйбæрц та бакæндзысты азы кæронмæ.

 

ИГОРЬ КОШИНЫ ФЕМБÆЛД  ЖУРНАЛИСТТИМÆ

Хицæн объекттыл азилыны фæстæ Игорь Кошин дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн. Уыдон цымыдис кодтой, азылды фæстæ йæм цавæр тæлмæнтæ сæвзæрдис, уымæ.

Игорь Кошин куыд банысан кодта, афтæмæй нымæцтимæ базонгæ кæнын иу у, æмæ объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыдон хи цæстæй фенын та æндæр у. Мæнæн, зæгъгæ, æхсызгон у, абон республикæйы цы подрядон организацитæ кусынц, уыдон æнгом куыст кæй кæнынц закъазгæнджытимæ æмæ афтæмæй би-рæ фарстытæ скъуыддзаг кæй æр-цæуынц. Уыимæ банысан кодта, объектты куыстыты темптæ кæй хъæуы фæ-тагъддæр кæнын. Йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, ноябры мæйы уагъд æрцæу-дзæнис Æхсæнхицауадон къамисы ра-бадт, цыран фæстиуджытæ арæзт æр-цæудзæн афæдзы бакæнгæ куыстæн, афтæ ма нысан æрцæудзысты фидæн азы плæнттæ дæр.

«Абон подрядон организацитæй фарст никæмæ сæвзæрыд финанскæнынады тыххæй, æмæ уый у тынг ахсджиаг, уымæн æмæ финанстæ сты экономикæйы арæзтады ратæдзæн».

Йæ раныхасы ма Игорь Кошин банысан кодта, алы объекты дæр кæй кусынц бирæ бынæттон специалисттæ æмæ уый та у æхсызгон хъуыддаг. Йæ хъуыдымæ гæс-гæ арæзтадон специалистты фæдыл професси чи райсынц, уыдонæн фадат вæй-йы кондадон практикæ аудиториты нæ, фæлæ комкоммæ объекттæй райсынæн æмæ æрмæстдæр афтæмæй ис схъомылгæнæн бæрзонд квалификациджын специалисттæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæт объекттæ дæр хъуамæ арæзт цæуой бынæттон кусджыты къухтæй.

Уый у сæйрагдæр хæс, кæцы хъуамæ скъуыддзаг цæуа, уымæн æмæ адæй-магмæ професси куы уа, уæд йæ куыстæй ифтонг кæндзæн йæ бинонты æмæ йын фадат уыдзæн æмбæлон уавæрты цæрынæн.

Игорь Кошин журналисттæн фехъусын кодта, ноябры мæйы кæй уыдзæн Уæрæ-сейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы ра-бадт, цыран фæстиуджытæ арæзт æрцæудзæн 2018 азæн.

«Ныртæккæ Инвестпрограммæ арæзт фæуыдзæн 2019 азæн. Радон Инвестпрограммæ та уыдзæн 2020-2022 азтæн», – загъта, уый.

Ис республикæйæн домындзинæдтæ, ацы программæ аразыны бæрæг прин-циптæ æмæ Хуссар Ирыстоны фарсы фæндонмæ гæсгæ ист æрцæудзысты кæройнаг уынаффæтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ ахсджиаг у арæзтцæуæг объектты эксплуатацимæ радтын.

«Дарддæр дæр мах хъуыды кæндзыс-тæм республикæйы инфраструктурæйы рæзтыл, уымæн æмæ уый куынæ уа, уæд Хуссар Ирыстоны рæзт къуылымпы кæндзæнис», – загъта Игорь Кошин.

 

ИГОРЬ КОШИН –  ПРЕЗИДЕНТМÆ

Уазджытæн æгасцуйы фæстæ Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, фидарæй зæгъæн ис Инвестпрограммæ реализаци кæныны кæй ис æвæрццаг динамикæ.

«Абон мах хъуамæ æруынаффæ кæ-нæм Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты дарддæры къахдзæфтыл» – загъта Президент.

Игорь Кошин дæр банысан кодта, къуылымпытæ кæй нæй Инвестпрограммæ реализаци кæныны, алцы дæр цæуы планмæ гæсгæ.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттыл азилгæйæ, æцæ-гæйдæр, æнкъардæуы рæзты æвæрццаг динамикæ. Уый ма банысан кодта къухты бафтгæ æнтыстыты ахсджиагдзинад, æнæуый та, зæгъгæ, арæзтады хъуыддаг афтæ у æмæ дзы вæййы графикмæ гæсгæ куыст æмбæлонæй куы фæцæуы, фæлæ вæййы фæстейæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ куы аззайы, уый дæр.

Æхсызгон хъуыддагыл банымадта Игорь Кошин республикæйы территорийыл архайæг подрядон организацитæ кæй пайда кæнынц бынæттон ресурстæй, уый.

Кошин ма куыд банысан кодта, афтæ-мæй æруынаффæ хъæуы Æхсæнхица-уадон къамисы рабадтмæ бацæттæ кæныныл, афæдзы афонмæ ма цы объекттыл цæуы куыст, уыдон кæронмæ ахицæн кæнын, афтæ ма ног азы плæнттыл бакусыныл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.