Габриа Романæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæджы» кадджын ном радтыны тыххæй

Театралон аивады рæзты йе стыр лæггæдты æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт архайæджы» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Габриа Роман Юрийы фыртæн – горæт Санкт-Петербурджы театр «Мастерская»-йы сæйраг режиссерæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 

2019 азы 28 декабрь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Пæрæстаты Михаилæн «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт энергетик»-ы кадджын ном радтыны тыххæй

Энергетикæйы фадыгмæ йе стыр бавæрды æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын фæллойадон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт энергетик»-ы кадджын ном лæвæрд æрцæуæд Пæрæстаты Михаил Дмитрийы фыртæн – Энергетикон комплекс «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы управленийы Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Электроснабжение»-йы структурон дæлхайады диспетчерон службæйы хистæрæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал,

2019 азы 26 декабрь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Бекъойты Заринæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ схорзæхджын кæныны тыххæй

Активон сфæлдыстадон архайды æмæ Ж.Ануй æмæ Софоклы пьесæ «Антигона»-мæ гæсгæ спектаклы сылгоймаджы сæйраг роль сæххæст кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын  æрцæуæд  Бекъойты Заринæ Сергийы чызг – Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисткæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал,

 2019 азы 26 декабрь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæ радтыны тыххæй

Бæрзондквалификациджын специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ се стыр хайбавæрды, бирæ азты дæргъы æнтыстджын фæллойадон архайды æмæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы сырæзтыл 50 азы сæххæсты цытæн уынаффæ кæнын:

1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæджы» кадджын ном лæвæрд æрцæуæд:

Бекъойты Иринæ Давиды чызгæн – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæн;

Пухаты Иринæ Георгийы чызгæн – Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæн.

2. «Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 25 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй хорзæхджын æрцæуæд:

– Джиоты Сюзаннæ Сергийы чызг – хистæр ахуыргæнæг;

– Хуыгаты Заирæ Ерастъы чызг – хистæр ахуыгæнæг;

– Цоциты Маринæ Зауыры чызг – хистæр ахуыргæнæг;

Тедеты Лорæ Садулы чызг – хистæр ахуыргæнæг.

«Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй хорзæхджын æрцæуæд:

Джиоты Валентинæ Герсаны чызг – хистæр ахуыргæнæг;

Оганова Моникæ Лерийы чызг – ахуыргæнæг;

– Тыбылты Лорæ Михаилы чызг – ахуыргæнæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцæуæд:

– Санахъоты Юлия Георгийы чызг – хистæр ахуыргæнæг;

– Гасситы Надеждæ Таймуразы чызг – хистæр лаборант;

– Джиоты Варвелинæ Павелы чызг – хистæр ахуыргæнæг;

– Маргалитадзе Иринæ Георгийы чызг – ахуыргæнæг;

– Петоева Маринæ Анатолийы чызг – кабинеты сæргълæууæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал,

2019 азы 24 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.