КӔХЦГӔНӔН

Хетæджы бонæй къуыри фæстæдæр хуыцаубоны ралæууынц Кæхцгæнæнтæ. Уæд бакувынц, афæдзы дæргъы чи райгуырди, уыцы лæппутæн. Иннæ адæмтæм нæй ацы бæрæгбон. Уый фæзынди нæ рагфыдæлты рæстæджы. Уыцы бон лæппуйы мады æрвадæлтæ уæззау лæвæрттæ æмæ хуынтимæ бабæрæг кæнынц сæ чысыл  хæрæфырты. Хуыны дарæстæ, хъазæнтæ æмæ æндæр лæвæрттимæ  вæййы здыхтсыкъа фыр.  Фæткмæ гæсгæ лæвæрттæ дæр æлхæдтой æмæ фынг дæр æвæрдтой сабийы мады ныййарджытæ. Сабийы мад иу æрзылди, фыдырдыгæй дæр æмæ мадырдыгæй дæр йæ æввахсдæр хæстæджытыл,  цæмæй йын баххуыс кодтаиккой. Бæрæгбоны ном дæр уырдыгæй цæуы – сабийы мад-иу йæ хæстæджытыл зылди стыр хъæдын кæхцимæ. Ӕмбырд-иу кодта алыгъуызон лæвæрдтæ æмæ, фынг цæмæй скæндзæн, уыдæттæ.

Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуыри куы баззад, уæд-иу фыццаг лæппу кæмæн райгуырд, уыцы сылгоймаджы йæ сывæллонимæ хуынимæ йæ цæгатмæ арвыстой кæхцагур. Чызджы бинонтæ-иу хуынмæ сыхæгты æрхуыдтой, чызгæн йемæ чи уыд, уыдонæн-иу  фæарфæтæ кодтой, хорз-иу сæ сбуц кодтой.

Бæрæгбоны размæ-иу мад дыууæ æмбалимæ бацыди, сæрмагондæй кæхцгæнæнтæм конд бæгæны кæм уыди, уыцы къæбицмæ. Кæхц-иу байдзаг кодта æмæ-иу скуывта уæлæрвтæм. Бирæ-иу фæкуывта, йæ чысыл сабийы-иу бафæдзæхста зæдтæ æмæ дауджытæн, фæарфæтæ-иу ын кодта.

Бæрæгбонмæ сæхи рагацау бацæттæ кæнынц хъæуы кæнæ сыхы фæсивæд дæр. Саразынц мæнгцæсгæмттæ, сæ уæлæ скæнынц зыгъуыммæ кæрцытæ, бакъордтæ вæййынц æмæ æрзилынц, кæхцытæ кæмæ уыдзæн, уыцы хæдзæрттыл.  Уыцы æгъдау хуыйны Сойгæнæн. Хæдзæрттыл зилгæйæ, семæ хастой дзуарсæгонд хъил, хуыдтой йæ Фарны хъил. Иннæтæ цыдысты йæ фæдыл, зарыдысты, алы хъазæн ныхæстæ кодтой. Кæй кæртмæ-иу бацыдысты, уыдоны сылгоймæгтæн-иу æрмæст лæппутæ куыд арат, зæгъгæ, раарфæ кодтой. Ӕфсинтæ сын-иу фынгæй рахастой хæйттæ кæнæ сын-иу радтой цыхтытæ.

Фарны хъил уыди хи миниуджытæй хайджын. Чи йæ хаста, уыцы кæстæр фæсивæд уыдысты æнæкъæм, æнæтæригъæд. Сабитæ æмæ йæ амонд чи нæ ма ссардта, уыцы фæсивæд иу архайдтой, алы хæрзтæ æмæ бæркад курынимæ баст бæрæгбонты.

Фарн у иумæйаг ирайнаг дзырд, фæхæццæ йæм дины тæфаг æмæ йæ бæлвырд мидис рабæрæг кæнын æнцон нæу. “Арв æмæ Хуры хæдивæг кæй у, уымæ гæсгæ нысан кæны, Арв æмæ Хур хорзæй цыдæриддæр лæвæрдтой, уыдæттæ: уæларвон арфæ, амонд, æнтыстдзинæдтæ, æфсарм, фидыд, æнцой.”

14-15-аздзыд лæппутæ сæумæрайсом æрзилынц ноггуырд лæппуты хæдзæрттыл, са-биты æмæ ныййарджыты кадæн азарынц. Ноггуырды ныййарджытæ сын раттынц цыхтытæ, адджинæгтæ æмæ æндæр лæвæрттæ.

Ноггуырд кæм ис, уыцы хæдзæрттæй алчидæр хъуамæ стур аргæвда, адæмы фæхынца, уымæй равдисынц, лæппу сын кæй райгуырд, уый.  Ӕгас хъæу дæр Кæхцгæнæн бон кæдæм æрымбырд вæййынц, уым сæрмагонд фынгыл цал сæры æрывæрынц, уымæ гæсгæ базонæн вæййы, хъæуы цал лæппуыйы райгуырди, уый.

АТЫНӔГ

Кæхцгæнæнты фæстæ хуыцаубон ирон адæм бæрæг кодтой  Атынæг. Уыгæрдæнтæ æйтт, зæгъгæ,  кæрдинаг куы уыдаиккой, уæддæр уыцы бæрæгбоны размæ иу адæй-маг дæр йæ къухмæ цæвæг нæ райстаид. Уырныдта сæ хоскæрдыны фæтк хæлд куы ‘рцæуа, уæд сæ уæларвон тыхты азар баййафдзæн.

Бæрæгбонмæ-иу цæттæ кодтой рагацау, зылдысты къусбар, кусæрттагæн æмбырд кодтой æхца. Хъæуы хæдзæртты нымæцмæ гæсгæ-иу балхæдтой нывондаг уæныг æмæ фыстæ. Рауагътой-иу бæгæны. Алы хæдзар дæр хаста æртæ цыхтджын чъирийы. Куы сцæттæ сты, уæд-иу лæгты сбадын кодтой фынгтыл. Хистæр сысты йæ къухмæ сисы чъири, фæхсæмбал бæгæныйы къус æмæ скувы. Йæ фыццаг сидтæй куывды адæмы бафæдзæхсы Хуыцау æмæ йæ дзуæрттыл.

Хистæртæ куы скувынц, уæд лæггадгæн-джытæ базонынц, бадты адæм цас сты, уый, æмæ фынгтыл æрæвæрынц хæрдæй, нозтæй алы минас.

Хосгæрдæнты рæстæджы кусын уæнг-дыхæй кæй фæхъæуы, уымæ гæсгæ-иу сæ   тынг сбуц кодтой. Уый тыххæй-иу рахастой турæ. Арæзтой йæ кусæрттаджы хуылфыдзаумæттæй æмæ йæ фиутæй, ныккодтой-иу ыл нуры, хъæдындз æмæ алы кæрдæджытæ. Цæвиттон уыди тынг æфсисджын хæринаг.

Фæссихор-иу куывды адæм базарыдысты бæркадхæссæг фæззæджы тыххæй, сæхи ирхæфстой алы хуызты. Кафыдысты-иу къахфындзтыл. Ерысæй кафын-иу фыццаг райдыдтой лæппутæ, фæстагмæ-иу ерысы бацыдысты хистæртæ дæр. Ирæттæм уæлдай кадджындæр уыди ерысæй дугъ кæнын – нысангонд бынатмæ чи фæразæй уа. Изæры-иу фесты бæрæгбоны хъазтытæ æмæ-иу адæм сæ хæдзæрттæм  ацыдысты,  хос кæрдын æмæ æфснайыны куыстытыл сагъæстæ кæнгæйæ.

ХОХЫ ДЗУАР

Фыдæй-фыртмæ ирон адæм хæхбæстимæ баст сты, уырдыгæй рацыдысты быдыры хъæутæм, уым сты сæ уидæгтæ, уырдыгæй рахастой сæ фарн, сæ удысконд. Абон дæр ирон адæймагæн хæхбæстæ сты йæ царды иу хай, æнæ хæхтæ ирон адæймаг ирон адæймаг нæу. Раздæр та адæймагæн æхсæвæй-бонæй, зымæгæй-сæрдæй йæ цард кæм цыд, уадз бæрзонд айнæг къæдзæхтæ дæр фæуæнт, уыдон ын зынаргъ куыд нæ уыдысты. Ӕмæ ирон адæмы фыдæлтæ куывтой хæхбæстæм, хохы дзуæрттыл фæдзæхстой сæхи.

Кæхцгæнæны фæстæ æртыццæджы та-иу ралæууыди Хохы дзуары бон. Уыцы дзуармæ куывтой Гуыркъуымты комы цæрджытæ. Йæ кувæндон ын сарæзтой Лиадоны был хохы фахсы Тъæпæнхъæуы цур. Дзуары бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы сусæны мæйы æртыккаг хуыцаубонмæ. Кувæндонмæ ахæссынц æртæ чъирийы, арахъхъ, бæгæны, кусæрттаджы рахис фарсы æртæ фæрскæй физонæг. Кувинæгтæ хистæр лæгмæ раттынц æмæ сæ уый скувы, цæмæй бинонты Хохы дзуары хорзæх уа, нæ фыдæлтæй нæм цы фарн, цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон ма фесæфой, хæхтæ æнусты дæргъы куыд фидар лæууынц, афтæ фидар лæууой адæм, цыфæнды зындзинæдты дæр макуы фæцу-дой, хор æмæ фосæфсæст уой.

Хохы дзуары бон уыд хъæлдзæг бæрæгбон. Адæм-иу зарыдысты, кафыдысты, лæппутæ бæхтыл æвдыстой сæ арæхстдзинад. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны. Ныр дæр адæмæй рох нæу.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.