КӔХЦГӔНӔН

Хетæджы бонæй къуыри фæстæдæр хуыцаубоны ралæууынц Кæхцгæнæнтæ. Уæд бакувынц, афæдзы дæргъы чи райгуырди, уыцы лæппутæн. Уыцы бон лæппуйы мадæрвадæлтæ лæвæрттæ æмæ хуынтимæ бабæрæг кæнынц сæ чысыл хæрæфырты. Хуыны дарæстæ, хъазæнтæ æмæ æндæр лæвæрттимæ æрбакæнынц здыхтсыкъа фыр дæр. Фæткмæ гæсгæ лæвæрттæ дæр æлхæдтой æмæ фынг дæр арæзтой  сабийы мады ныййарджытæ. Сывæллоны мад-иу æрзылди фыдырдыгæй дæр æмæ мадырдыгæй дæр йе ̀ввахс хæстæджытыл, цæмæй йын баххуыс кодтаиккой. Бæрæгбоны ном дæр уырдыгæй цæуы – сабийы мад-иу йæ хæстæджытыл зылди стыр хъæдын кæхцимæ. Ӕмбырд-иу кодта алыгъуызон лæвæрттæ æмæ, фынг цæмæй сараздзæн, уыдæттæ. Уыцы кæхцæй-иу сывæллоны ныййарæг скувта, цæмæй сæ дзуæрттæ фыдбылызтæй хизой.

Бæрæгбонмæ рагацау сæхи бацæттæ кæнынц хъæуы кæнæ сыхы фæсивæд дæр. Саразынц мæнгцæсгæмттæ, сæ уæлæ скæнынц кæрцытæ зыгъуыммæ, æмæ æрзилынц, кæхцытæ кæмæ уыдзæн, уыцы хæдзæрттыл. Уыцы æгъдау хуыйны Сойгæнæн. Хæдзæрттыл зилгæйæ, семæ хастой дзуарæвæрд хъил, бастой йыл алыгъуызон хъуымацы гæппæлтæ. Лæппутæй сæ иу хаста даргъ хъил, хуыдтой йæ Фарны хъил. Иннæтæ цыдысты йæ фæдыл, зарыдысты, алы хъазæн ныхæстæ кодтой. Кæй кæртмæ-иу бацыдысты, уыдон æфсинтæ-иу сын фынгæй рахастой хæйттæ кæнæ-иу сын радтой цыхтытæ.

Фарны хъил  уыди хи миниуджытæй хайджын. Чи йæ хаста, уыцы кæстæр фæсивæд уыдысты æнæкъæм, æнæтæригъæд. Сабитæ æмæ, йæ амонд чи нæма ссардта, уыцы фæсивæд-иу архайдтой, алы хæрзтæ æмæ бæркад курынимæ баст бæрæгбонты. 14-15 аздзыд лæппутæ сæймæрайсом æрзилынц ноггуырд лæппуты хæдзæрттыл, сабиты æмæ ныййарджыты кадæн азарынц. Зылд куы фæвæййынц, уæд лæппутæ сæхæдæг куывд скæнынц, хистæрты цæст сыл куыд хæца, афтæ.

Ноггуырд кæй хæдзæртты ис, уыдонæй алчидæр хъуамæ стур аргæвда, адæмы фæхынца – уымæй равдисынц лæппу сын кæй райгуырд, уый. Ӕгас хъæу Кæхцгæнæн бон æрæмбырд вæййынц куывдмæ.   Сæрмагонд фынгтыл цал сæры æрæвæрынц, уымæ гæсгæ базонæн вæййы, хъæуы цал лæппуйы райгуырди, уый. Уыцы бон кæмæн не скувой, уыдон рынчынтæ кæй хæсдзысты, адæмы рæгъы кæй нæ цæудзысты, уый сæ уырныдта. Уымæ гæсгæ-иу кæхц скæнын афоныл кæмæн нæ бантыст, уыдон-иу æй фæстæдæр сарæзтой.

Куыдфæстагмæ сылгоймаг йæ цæгатмæ кæхцагур нал цыд, цæгат сæхæдæг райдыдтой кæхц хæссын. 

АТЫНӔГ 

Кæхцгæнæнты фæстæ хуыцаубон ирон адæм бæрæг кæнынц  Атынæг. Уыгæрдæнтæ æйтзæгъгæ кæрдинаг куы уыдаиккой, уæддæр уыцы бæрæгбоны размæ иу адæймаг дæр йæ къухмæ цæвæг нæ райстаид. Уырныдта сæ, хоскæрдыны фæтк хæлд куы ‘рцæуа, уæд сæ уæларвон тыхты азар баййафдзæн.

Бæрæгбонмæ-иу цæттæ кодтой рагацау, зылдысты къусбар, кусæрттагæн æмбырд кодтой æхца. Хъæуы хæдзæртты нымæцмæ гæсгæ-иу балхæдтой нывондаг уæныг æмæ фыстæ. Рауагътой-иу бæгæны. Алы хæдзар дæр хаста æртæ цыхтджын чъирийы. Лæгты-иу сбадын кодтой фынгтыл. Хистæр сысты йæ къухтæм сисы чъири,  бæгæныйы къус æмæ скувы. Йæ фыццаг сидтæй куывды адæмы бафæдзæхсы Хуыцау æмæ йæ дзуæрттыл.

Хистæртæ куы скувынц, уæд лæггадгæнджытæ базонынц, бадты адæм цас сты, уый, æмæ фынгтыл æрæвæрынц хæрд, нозт æмæ бацайдагъ вæййы  минас.

Хосгæрдæнты рæстæг кусын лæгдыхæй кæй фæхъæуы, уымæ гæсгæ-иу хосдзæутты тынг сбуц кодтой. Уый тыххæй-иу рахастой турæ. Арæзтой йæ кусæрттаджы хуылфыдзаумæттæй æмæ йæ фиутæй, ныккодтой-иу ыл нуры, хъæдындз æмæ алы кæрдæджытæ. Цæвиттон уыди тынг æфсисджын хæринаг.

Фæссихор-иу куывды адæм базарыдысты бæркадхæссæг фæззæджы тыххæй, сæхи ирхæфстой алы хуызты. Кафыдысты-иу къахфындзтыл. Ерысæй кафын-иу фыццаг райдыдтой лæппутæ, фæстагмæ-иу ерысы бацыдысты хистæртæ дæр.  Ирæттæм уæлдай кадджындæр уыди ерысæй дугъ кæнын – нысангонд бынатмæ чи фæразæй уа. Изæры-иу фесты бæрæгбоны хъазтытæ æмæ-иу адæм сæ хæдзæрттæм ацыдысты, хос кæрдын æмæ æфснайыны куыстытыл сагъæстæ кæнгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.