Мæскуыйы Сырх фæзуаты Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн парадмæ  цæттæ цæуы планон режимы, – хъусын кæнынц УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады. Коронавирус COYID-19 ныхмæ ист цæуынц æдасдзинады уæлæмхас мадзæлттæ:

Парады хайадисæг æппæт сæрмагонд сконд рацыд медицинон сгæрст. Парадмæ цæттæ кæныны рæстæджы æфсæддонтæ сты хъусдарды бын, ныртæккæ сын боны дæргъы сæ тæвд барынц æртæ  хатты.

Мадзалы хайадисджытæ рæстæгмæ баконд æрцыдысты Хъахъхъæнынады министрады мæскуыйаг гарнизоны æмæ ахуырадон уагдæтты æфсæддон хæйтты. Хайадисджыты цæрæн бынæтты æвæрд æрцыдысты бактерицидон ультрафиолетон лампæтæ, сарæзтой дзы дезинфекцигæнæн фæрæзты, медикаментты фæсаурæцтæ.

Фæсарæйнаг æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ хайад исдзысты парады, сæ бæстæты рацæудзысты карантин æмæ лæмбынæг медицинон басгæрст, æмæ ма уый фæстæ та ноджы иу хатт рацæудзысты дыууæкъуырион карантин Уæрæсейы.

12 марты Уæрæсейы Президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, зæгъгæ, Кремлы дзырд нæ цæуы коронавирусы тыххæй парад аивыныл. Уый загъта, зæгъгæ, мадзалмæ дарддæр цæттæ цæуы, хицауад йæ хъус дары уавæрмæ.

Сырх фæзуаты парады хайад райсдзысты 15 мин адæймаджы æмæ сурзæххон æмæ авиацион техникæйы 375 иуæджы. УФ-йы Президент Владимир Путин парадмæ фæхуыдта Франц, Украинæ, АИШ, Сербийы президентты, Япон æмæ Стырбританийы премьер-министрты, Китайы æмæ коллективон æдасдзинады тыххæй Бадзырды Организацийы бæстæты лидерты, цыран Уæрæсейæ дарддæр сты Сомихстон, Белоруси, Казахстан, Хъыргъызтан æмæ Таджикистан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.