Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад йæхи цæттæ кæнын райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы фæуæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн æфсæддон парадмæ.

Тренировкæтæ уагъд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон городокы платцы, ведомствойы управленийы службæгæнджыты æмæ дæлхæйтты æмæ  РХИ-йы Юстицийы министрады хайадистæй.

Тренировкæты рæстæджы, парады чи хъуамæ рацæуа, уыдоны цæттæ кæнынц парады æппæт элементтыл. Цухдзинæдтæ æвæстиатæй иуварс цæуынц.

Тагъд тренировкæтæм  æрбаиу уыдзысты æфсæддонтæ, Мидхъуыддæгты министрады, Уæлвæткон уавæрты министрады, Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ æмæ æндæртæ.

Иннæ къуыри парадмæ цæттæгæнæн тренировкæтæ  уагъд цæудзысты Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйы платцы, парады дæлхæйттæ æмæ æппæт тыхон ведомствæты тырысатæхæссæг къордты æмæ уæрæсейаг æфсæддонты хайадистæй.

Парады фыццаг хатт хайад райсдзæн РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады Сæрмагонд нысаниуæджы тырысахæсджыты къорд. Дæлхайæн Хæстон тырыса радта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли  ацы азы февралы.

Уæлахизы боны цытæн æфсæддон парад  хæстон техникæйы хайадистæй рацæудзæн 9 майы горæт-хъайтар Цхинвалы  центры. Парад исдзæн РХИ-йы  Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Парадыл командæ кæндзæн РХИ-йы Гарзджын тыхты генералон штабы хистæр инæлар-майор Виктор Федоров.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.