Ивгъуыд къуыри Хицауады æмбырды куыд фехъусынчындæуыд, афтæмæй Хуссар Ирыстоны апрелы мæйы райдианы кусын райдайдзæн Паддзахадон фирмæ «ЮОГСК-Алания».

Ныртæккæ ацы фирмæ кæны цæттæгæнæн куыстытæ æмæ уый фæстæ ма-шинæты шофыртæн сæ бон уыдзæн автофæдзæхсты гæххæттытæ райсын.

«ЮОГСК-Алания» нæу коммерцион компани, акциты стыр хай уыдзæн паддзахадмæ. Нырмæ цы компани куыста Хуссар Ирыстоны, уый æх-гæд æрцыд, фæдзæхстон бадзырдтæ йын арæзт кæй нæ уыд Уæрæсейы Федерацийы æнгæс компанитимæ, уый тыххæй.

«Фæнды мæ уавæрæй спайда кæнын æмæ маши-нæты шофыртæн фехъусын кæнын, цæмæй ма тыхсой, ома, нæ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сæ автофæдзæхсты бæлвырдгæнæн сæм кæй нæй, уый тыххæй кæй нæ ивар кæндзысты. Мах бадзырдтам, Паддзахадон автоинспекциимæ, кæй нæ хъыгдардзысты шофырты апрелы мæйы райдианмæ», – зæгъы Тедеты Рудольф – «ЮОГСК – Алания»-йы сæргълæууæг.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй автофæдзæхсты æргътæ компани цы программæйыл бакуыста, уымæ гæсгæ хизынц 40 мин сомы онг. Фæлæ уый кæнгæ уыдзæн машинæйы маркæ, æмæ йын цас разиан чындæуыд, уымæй дæр. Куыддæр, зæгъгæ, компани кусын райдайа, афтæ нæ хъус дардзыстæм, уыцы фиддонты фæфылдæр кæнынмæ. 

Тедеты Рудольф ма куыд загъта, афтæмæй уыдон фæстæдæр бакусдзысты фатертæ, хисæрмагонд хæдзæрттæ æмæ ма фермерон хæдзарадтæ чи дары, уыдонимæ дæр, фæдзæхстон бадзырдтæ саразыны фарстатыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.