Хъæууон адæймагæн та куыстæй фылдæр цы ис æмæ сæм хæдзардзин адæймаг зивæг дæр нæ фæкæны. Уыцы райсом дæр Къостайыхъæуы цæрæг сылгоймаг Тараты Нателæ раджы растад йæ хуыссæнуатæй. Ныртæккæ хæдзары йæхи йедтæмæ кæй ничи змæлы, уымæ гæсгæ уал бацархайдта пецы арт скæныныл. Кæд уалдзыгон бонтæ кæны, уæддæр нырма уазал у æмæ хæдзарæй та хъуамæ арты тæваг цæуа. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ йæ хъустыл ауад æнахуыр къæс-къæс. Райдианы йæ ницæмæ æрдардта, фæлæ уыцы хъæлæба ноджы тынгдæр куы кодта, уæд лæмбынæгдæр айхъуыста. Зæрдæ йæ фæхатыд, йæ куыст фæуагъта æмæ базгъордта хæдзармæ. Ауыдта æнахуыр ныв – пецы раз арты æвзæгтæ сæхи хæрдмæ ивазынц, астæрды фæйнæгмæ зынг рахауд æмæ уайтагъд хус фæйнæгыл йæ тых æвзарын райдыдта, судзын райдыдта цары иу хай дæр.

Сылгоймагæн фыртæсæй йе уæнгтæ адон сты, фæлæ уæддæр æддæмæ ралыгъд æмæ фæдис ныхъхъæр кодта. Уайтагъд æм æххуысмæ балыгъдысты Хуыбиаты Азæмæт æмæ Альберт, уыдон цæрдæг ведраты скъæфтой дон æмæ йæ калдтой арты стъæлфæнтыл. Чысыл рæстæджы фæстæ фæзындысты зынгхуыссынгæнджытæ дæр, фæлæ уæдмæ ацы сæрæн лæппуты цырд фезмæлды фæрцы зынгсирвæзт дарддæр нал анхъæвзта. Хæдзары астæрдæй цы фæйнæджытæ басыгъд, уыдон раивынæй та йын баххуыс кæндзæн йæ сыхаг. Хæдзары хицау бузныг зæгъы, фæдисмæ йæм чи æрбацыд æмæ йæ фыдбылызæй чи бахызта, уыдонæн.

 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.