Хуссайраг æфсæддон зылды пресс-службæйы сæргълæууæг, булкъон Вадим Астафьев куыд фехъусын кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл дислокацигонд уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддонтæ репетици кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Советон Æфсады уæлахизы 72 азы боны цытæн парады хайад райсыны тыххæй.

«Базæйы плацы тренировкæ кæнынц,  парады чи хъуамæ рацæуа, уыцы æфсæддонтæ. Парады рацæудзысты Хуссайраг æфсæдон зылды уæрæсейаг æфсæддон базæйы 200-йæ фылдæр салдаты æмæ 10 иуæжы та – хæстон техникæ», – загъта Астафьев.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 9 майы Цхинвалы сæйраг  фæзуаты уæрæсейаг æфсæддон базæйы механи-зацигонд колоннæйы сконды  рацæудзысты танк Т-72, фистæгонты хæстон машинæ БМП-2, æмæхсты реактивон системæ БМ-21 «Град», хæдцæугæ артиллерион техникæ 2СЗ «Акация», автомашинæтæ КамАЗ æмæ Урал.

Уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон оркестр музыкæйæ сифтонг кæндзæн æфсæддон парады, уыцы нымæцы Уæлахизы Тырысайы рахаст, парады командæгæнæджы арфæйы, фистæг æмæ механизацигонд æфсæддонты марш. Уыдон сæххæст кæндзысты хæстон азты 15-æй фылдæр мелодийы, – банысан кодта Афанасьев. “-Традицион маршы музыкæимæ иумæ æххæст цæудзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы зындгонд зарджыты мелодитæ, кæцытæ нысан æрцыдысты цытджын æгъдауæй парады рацæуынæн”.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.