Куинджи йæ рæстæджы уыд æмæ ныр дæр зындгонд у, куыд оригиналон, хæдахуыр пейзажист, афтæ. Уырыссаг аивады егъау сты йæ лæггæдтæ æмæ йын ис æппæтадæмон кад æмæ популярондзинад. Нывгæнæджы æмдугонтæ кæддæриддæр нысан кодтой уымæн æрдзæй рахæсгæ цыргъзонд æмæ арф оригиналон хъуыдыкæнынад.

Нывгæнæджы æнахуыр мыггаг кæддæриддæр цымыдис кодта адæмы. Куинджи туркаг æвзагыл нысан кæны, куыд «сыгъзæрин хъуыддæгты дæсны».

Зындгонд нывгæнæгæн йæ фыд уыдис бердзенаг, кодта зæххы куыст æмæ уыд дзабырхуыйæг. Йæ фыдæлтæ цардысты Хъырымы Бахчисарайы районы. Куинджи сидзæрæй баззад хæрз чысылæй. 1845 азы амард йæ фыд, уый фæстæ та йæ мад. Уымæ гæсгæ нæ райста райдиан ахуырад цалдæр къласæй дарддæр. Цыдис фыййау æмæ ма бацыд аргъуаны арæзтады куыстмæ дæр. Растдæр уыцы азты фæбæрæг ис йæ тырнындзинад ныв кæнынмæ. Йæ курдиат дисы æппæрста йæ алыварсуæвæг адæмы. Уæд ын йæ хорзмæбæллæг адæймаг бацамыдта, зæгъгæ, дæ фæндаг акæн Феодосийыл æмæ бацу зындгонд нывгæнæг Айвазовскиймæ ахуыр кæнынмæ. Куинджи, йæ сомбоныл   хъуыдыгæнгæйæ, аскъуыддзаг кодта кæй йæ фæнды суæвын нывгæнæг æмæ фистæгæй араст ис Феодосимæ. Айвазовский, цæмæдæр гæсгæ, йæ хъус не ‘рдардта нывкæнынмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, уыцы фидæны стъалымæ æмæ фæстæмæ æрыздæхт Мариупольмæ. Уый фæстæ ацыдис Одессæмæ æмæ уым бынæттон нывисæгмæ бацыдис кусынмæ ретушерæй.

Куинджи дыууæ хатты фæлвæрдта Пе-тербурджы Аивæдты академимæ бацæуын, зын ын уыдис фæлварæнтæ радтын, фæлæ йын бар радтой сæрибар хъусæджы хуызы цæуын лекцитæм. Йæхæдæг нывгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй уый 1868 азы иу равдыстмæ бахаста ныв «Татарская деревня при лунном освещении на южном берегу Крыма» æмæ уый тыххæй райста сæрибар нывгæнæджы ном. О, фæлæ уæддæр Куинджи ссис Аивæдты академийы ахуыргæнæг, райста дзы профессоры ном æмæ къухдариуæгад кодта аивадон æрмадзæн.

Куинджи академион равдыстытæм 1868-1869 азты цы нывтæ бавдыста «Рыбачья хижина на берегу Азовского моря», «Буря на Черном море», «Вид Исаакиевского собора при лунном освещении», уыдоны зындис Айвазовскийы урокты æндæвдад. Йæ ацы куыстыты зындис нывгæнæджы тырнындзинад, кæй йæ фæндыд академион скъолайы бындуртæ сахуыр кæнын, уымæ.

1870 азтæм нывгæнæджы сфæлдыстад райста æндæр хуыз. Йæ куыстыты æвдыста уырыссаг хъæуы æгуыдзæг цард, йæ уæззау æмæ риссаг цардуаг. Уыцы куыстытæ баст уыдысты зæхкусæджы фæлгондзимæ.1870 азы сæрды Куинджи ацыдис Валаамы сакъадахмæ æмæ дзы ныффыста дæсгай этюдтæ æмæ нывтæ. Петербургмæ æрыздæхгæйæ, Куинджи бакуыста дыууæ пейзажыл: «Ладожское озеро» æмæ «На острове Валааме». Ацы куыстыты разынд нывгæнæгæн йæхи стиль æмæ æрмдзæф. Раст уыцы куыстытæй Куинджийы сфæлдыстадмæ райдыдтой цымыдис кæнын канд нывгæнджытæ нæ, фæлæ ма уæрæх публикæ дæр. Ныв «На острове Валааме» Куинджийæн уыд йæ фыццаг уацмыс, кæцымæ бацымыдис кодта Павел Третьяков æмæ йæ 1873 азы балхæдта йæ галерейæн 375 сомæй. Уый фæстæ ма йын балхæдта æндæр нывтæ дæр. 1882 азы та йын цы ныв балхæдта, – «Днепр», – зæгъгæ, ууыл та Третьяков бафыста æртæ мин сомы бæрц. Уæды рæстæджы æргътæм гæсгæ уыдысты стыр æхцатæ. Уый та нысан кодта, æмæ уырыссаг аивады раз кæй банымадтой нывгæнæджы сгуыхтдзинад æмæ æнтыс-тытæ. Цы бирæ куыстытæ сфæлдыста Куинджи, уыдонæн стыр аргъ кодтой адæм, нымадтой йæ курдиатджын нывгæнæгыл æмæ йын равдыстыты кæддæриддæр стыр цымыдисимæ зонгæ кодтой йæ шедевртимæ.

1870 азы Куинджийы сфæлдыстады ахсджиагдæр хицæндзинад ссис «рухсмæ тырнындзинад» æмæ уæд йæ уацмысты сарæх сты хур æмæ мæйы рухс, хурныгуылд æмæ йе скаст, мæйдар æхсæвтæ. Ныв-гæнæджы фæндыд, цæмæй адæмы зонгæ кодтаид рухс æмæ ахорæнты алыгъуызондзинадимæ æмæ сын сæ зæрдыл лæууын кодта, æппæтдуне диссаджы рæсугъд æмæ цымыдисон кæй у, уый. Критиктæ куыд нысан кодтой, афтæмæй Куинджи ацы хъуыддаджы уыдис иууыл дæсныдæр, æгæрыстæмæй, йæ Айвазовскийæ дæр уæлдæрыл нымадтой.

Куинджийæн йæ дæсныйады бæрзæндты æвдисæнтæм хауынц ахæм уацмыстæ, куыд «Березовая роща», «После дождя», «Север» æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дунейыл зынд-гонд ныв «Лунная ночь на Днепре», кæцы æвæрд ис Паддзахадон Уырыссаг музейы. Ацы нывы рæсугъддзинады кой айхъуыст æгас Петербургыл, кæцы 19 æнусы кæрон уырыссаг аивадон царды ссис популярон. Невский проспектæй нывгæнджыты хæдзармæ райсомæй суанг изæрдалынгтæм фенæн уыдис,адæм куыд гуылф кодтой, цæмæй сæхи цæстытæй федтаиккой, дисы сæ чи æппæрста, уыцы шедевры. Залмæ-иу чи бахызт, уыдон-иу дисгæнгæйæ нывы раз баззадысты лæугæйæ. Сæ цæст-иу æрæвæрдтой мæйы цæхæркалгæ рухсыл, кæцы зындис афтæ тыхджын ирдæй, æмæ-иу кæсджытæй бирæтæ сдызæрдыг сты, зæгъгæ, йæм кæцæйдæр кæлы цырагъы рухс. Ныв «Лунная ночь на Днепре»-йы балхæдта зындгонд князь Константины фырт æмæ йæ дард балцмæ йемæ ахаста. Зынд-гонд уырыссаг фыссæг Тургенев архайдта ууыл, цæмæй князь Константин нывы ныу-уагътаид Уæрæсейы, фæлæ уый не сразы ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, денджызон уымæл уæлдæф æвзæрæрдæм бандæвта ахорæнтыл æмæ пейзаж райдыдта сафын йæ хуыз.

1882 азы та Куинджи (уæд ыл цыдис 40 азы) ногæй кусы «Лунная ночь на Днепре»-йы цалдæр халдихыл, фæлæ дзы сæ иу дæр нал ссис популярон. Уæд нывгæнæг йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста æмæ йæ масты фæдыл ныхгæдта, йæ диссаджы уацмыстæ кæм фæлдыста, уыцы æрмадз æмæ равдыстытæм дæр нал цыдис. Уый æнæнхъæлæджы уыдис алкæмæн дæр. Фæлæ нывгæнæджы ссæдз азы улæфт уый нæ нысан кодта, æмæ бынтондæр йæ къух систа хуызфыссынадыл. Куинджи куыста бирæ.

1901 азы та ногæй сфæнд кодта йæ куыстытæ æвзæрст адæймæгтæн равдисын. Уыдон æхсæн уыдысты И. Репин, Д. Менделеев, В. Маковский, И. Ясинский. Йæ æрмадзы равæрдта цыппар нывы: «Вечер на Украине», «Христос в Гефсиманском саду», «Днепр» æмæ «Березовая роща»-йы ног вариант. Ацы пейзажты хорз разынд романтизм.

1892-1897 азты Куинджи лекцитæ каст Петербурджы аивæдты академийы.

Йæ ном ма дардыл хъуыстгонд у уымæй æмæ кæй кодта хæрзаудæн куыст. Йæ хæрзиуæгон æмæ дардыл хъуыдытæ баста уырыссаг аивад райтынг кæныны хъуыддагимæ æмæ æдзухон финансон æххуыс кодта Петербурджы Уæлдæр Нывгæнæн ахуыргæнæндонæн. Хъулон дзы кодта æххуысхъуаг студентты æмæ-иу сæ бæрны бацыд. Уарзта æмæ рæвдыдта фæсивæды æмæ йын йæхи дæр уарзтой, æвдыстой йæм сæ хъарм ахаст, кодтой йын стыр кад.

Зындгонд нывгæнæг йæ цардæй ахицæн 1910 азы сæрды тæмæны æмæ йæ баныгæдтой Петербурджы.

Куинджийы амæлæты фæстæ уæрæх публикæ аргъгæнæг уыдысты, раздæр сæ цы нывтæ бамбæхста æмæ кæй нæ федтой, уыдонæн. Сæ нымæц хызтис 500 бæрцмæ.

Æрмæгыл бакуыста ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.