Фосыл цы низтæ фæзыны, уыдон цæмæй локализаци цæуой афоныл æмæ ма парахат кæной, уый тыххæй республикæйы Хъæууон хæдзарады министрад сарæзта сæрмагонд къамис.

Ам куыд зæгъынц, афтæмæй нырмæ дæр ахæм къамис арæзт куы уыдаид, уæд фосы æнæниздзинадмæ уыдаид хуыздæр хъусдард æмæ сæ мæлынад дæр уыдаид къаддæр. Сæрмагонд хъусдард здæхт цæудзæн профилактикон мадзæлттæ æххæст кæнынмæ, цæмæй фосыл ма фæзыной тæссаг, хæцгæ низтæ. Низ кæм уыд, уым дыууын километры радиусыл куынæг цæуой æппæт хуытæ дæр. Низæй чи амæла, уыдон хъæудзæн басудзын, сæ фæнык та сын хъæуы уæрмы баныгæнын чъыримæ хæццæйæ. Рынчын хуытæ кæм конд уыдысты, уыцы территори та дезинфекци хъуамæ æрцæуа.

Министр ма зæгъы, зæгъгæ, вирус хæдзарон цæрæгойы организммæ куы бахауы, уæд æмбæхст хуызы фæвæййы 2-5 боны. Африкæйаг емынæйæн ис дыууæ этапы.

Практикæ куыд уынын кодта, афтæмæй-иу фос куы амардысты, уæд-иу сæ сæ хицæуттæ баппæрстой доны, кæннод та сæ уæлæнгай ныгæдтой. Ныр къамисы уæнгтæ цæрджытимæ уый фæдыл кæндзысты æмбарынгæнæн куыст.

Министр Пухаты Левы ныхстæм гæсгæ, къамисы уæнгтæ кусдзысты хъæууон хæдзарады æндæр æмæ æндæр фæдыздæхтыты дæр. Зæгъæм,  фосыл арæх бахæцы, æрраниз дæр. Ацы низ парахатгæнджытæ та сты хъæддаг сырдтæ. Иуæй-иу хъæддаг сырдтæн арæх контакт вæййы хæдзарон цæрæгойтимæ. Хъæдмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдонæн хъæддаг сырдтæ цæуынц суанг сæ кæртмæ дæр. Хъæддаг сырдтыл чи цуан кæны, уый хъуамæ зона, уыдон канд знæт нæ, фæлæ гæнæн ис æмæ уой æрранизæй рынчын. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ дзидза дæр у тæссаг. Ног сырæзгæ къамис ацы здæхты дæр кусдзæнис цæрджытимæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.