Стыр лæг уыд Абайты Васо. Дыууæ æндæр стыр лæгтæй йæ иу Ирыстоны хур схуыдта, иннæ та – Ирыстоны стъалы. Фæлæ йæхæдæг йæхи не ‘вæрдта, цы бынат æм æмбæлд, ахæм бынаты дæр. Йæхæдæг загъта нæ фыццаг ирон философ-профессор Гæбæраты Сосланæн, Ирыстоны хур æй куы схуыдта, уæд: «Хур иу йедтæмæ нæу æмæ уыцы хур махæн у Къоста».

Рагæй йæ хъусæм, рагæй йæ дзурæм: æнæхъæн дуне нæ базыдта Нартæ, Къоста æмæ Васойæ.

Стыр лæгæн – йæ раттæг адæмы стыр лæггад

Васо цы загъта, уыдон нын фæлтæрæй-фæлтæрмæ уыдзысты зондамонæг æмæ зæрдылдаринаг: «Бæлас афæлдæхы, йæ уидæгтæ йын куы алыг кæнай, уæд. Гъе, уымæ гæсгæ алы иронæн дæр хъуамæ закъоны хуызæн суа: бинонты ‘хсæн мадæлон æвзаг хъахъхъæнын».

Васо махæн, ирон адæмæн, æрмæст уый тыххæй зынаргъ нæу, æнæхъæн дунейыл абарæн кæмæн ницæимæ ис, ахæм этимологион дзырдуат нын кæй сарæзта, Васо махæн æнæкæрон зынаргъ у, нæхи нын кæй базонын кодта, стæй нæ æнæхъæн дунейæн дæр кæй базонын кодта, уый тыххæй. Чизоны, Къостайы дæр афтæ нæ зониккам æмæ нæ уарзиккам, Васо æмæ Нафийы хуызæттæ куынæ уыдаиккой, уæд… Уыдон нæ бафтыдтой Къостайы зонын, Къостайы ахуыр кæнын æмæ Къостайы уарзыныл. Васо йæ йæхæдæг бæлвырддæр æмæ нуарджындæрæй загъта: «Я считаю, что каждый осетин в той мере может считаться достойным сыном своего народа, в какой он ценит и любит Коста».

Васойы зонадон дуне æгæр стыр æмæ æгæр арф у, йæ раиртасынæн йæхи хуызæн гигант ахуыргæндтæ æмæ æнæхъæн академитæ хъæуы. Махæн, хуымæтæджы зæххон адæмæн – Васойы фæдонтæн æндæр у нæ хæс: цас нæ бон у, уый бæрц ын йæ ном æнусон кæнын, фæстагæттæн æй зонгæ кæнын. Уымæн æмæ Васойы хуызæттæ национ хæзнатæ свæййынц.

Æмæ та уый дæр йæхицæй хуыздæр ничи загъта: «Путь к общечеловеческому лежит через национальное. Другого пути нет. Чтобы стать представителем человечества, надо быть лучшим представителем своего народа».

Васо йæ царды фылдæр азтæ Мæскуыйы цæргæйæ батыдта, фæлæ йын уыцы царды азты дæргъы Ирыстонмæ, уæлдайдæр та йæ хуссар хаймæ æрцæуыны ад ницы кодта. Бирæ хæлæрттæ йын уыд Ирыстоны, куыд Цæгаты, афтæ – Хуссары дæр. Алы хатт дæр-иу йе ‘рцыд бæрæгбоны хуызæн уыд, куыд йæ хæлæрттæн, афтæ йемæ лæгæй-лæгмæ зонгæ чи нæ уыд, ахæмтæн дæр, уымæн æмæ йæ ирон адæм сæ национ сæрыстырдзинадыл нымадтой. Кæм æрæхсæвиуат кодтаид, кæм баулæфыдаид, уый йын алы хатт дæр уыд, уазæгдомæ йæ чи уагъта, кæрæдзимæ-иу зулдзых систы, йе ‘рцыдмæ æнхъæлмæкæсæг хæлæрттæ. Фæлæ… уæддæр æмæ уæддæр Васо уый аккаг уыд, цæмæй йын ам, Хуссар Ирыстоны уыдаид йæхи къуым, йæхи уды номыл балæууæндон. Æмæ ууыл рагæй хъуыды кодтой йæ хæлæрттæ Цыбырты Людвиг, Битарты Зойæ, дзæнæттаг Хъотайты Григол æмæ æндæртæ. Цы сфæнд кодтой, уыцы фæндыл «нæ» нæ загътой уæды областы разамонджытæ Санахъоты Феликс æмæ Къæбулты Тамарæ дæр æмæ уый адыл нæ горæты, ныртæккæ йæ ном чи хæссы, уыцы уынгыл, Васойæн фæзынд йæхи сæрмагонд, финаг хъæдын хæдзар.

Цы ма урæдта йæ хæлæртты! Цыбырты Людвиг сын «бригадир» – афтæмæй уæхскуæзæй бавнæлдтой хæдзар алыгъуызон дзаумæттæй сифтонг кæнынмæ. Битарты Зойæ йын сæрмагондæй æнæхъæн фæлыст дзыхъынног хуыссæнгæрзтæ йæхи къухтæй æрцæттæ кодта.

Стыр, дæрдтыл зылд галуан нæ уыд, фæлæ Васойы уымæй фылдæр æмæ хуыздæр нæ хъуыд. Йæхæдæг-иу дзырдта, ам, дам, цы баулæфын, уый, дам, мæрдты дæр мемæ уæд.

Уæдмæ дæр уарзта Чъребамæ цæуын, фæлæ йын дзы йæхи къуым куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ ноджы æнæзивæгдæрæй райдыдта цæуын Хуссар Ирыстонмæ. Æниу æй йæ хæдзары, æхсæв-иу дзы цы æрулæфыд, уый йедтæмæ чи уагъта! Иудадзыг æй балцыты кодтой йæ хæлæрттæ. Базонгæ йæ кодтой æрмæст Ирыстоны хæхбæсты диссаджы бынæттимæ нæ, фæлæ суанг Гудзарет æмæ æндæр дæрддаг бынæттимæ дæр.

Фæлæ уæдмæ ныппырх, Васо бирæ æфхæрд кæм баййæфта, фæлæ куыд-фæндыйæ дæр Сталины сæрмагонд бардзырды фæрцы удæгас кæм баззад, уыцы Советон Цæдис. Ныппырх æмæ, Васо хæларæй цы гуырдзиаг ахуыргæндтимæ цард, уыцы ахуыргæндтæн фадат фæцис, цæмæй та сæ адæмы зондахасты бахъыдзы кæной, цæрæнбонты сын ирон адæммæ ратонынæввонг цы æнæуынондзинад уыд, уый.

Уыцы æнæуынондзинады цæхæры бахауд Васойы хæдзар дæр. Цал хатты йæ ныххуынчъытæ кодтой, цал хатты йæ ныппырх кодтой, цалынмæ йæ августы хæсты бынтондæр нæ басыгътой, уæдмæ.

Уæрæсе нæ фарсмæ бæргæ балæууыд, бæргæ нын æрæрвыста фаг финансон фæрæзтæ, цæмæй æппæт дæр ногæй арæзт æрцыдаид, уыцы нымæцы Абайты Васойы хæдзар-музей дæр, фæлæ…

Кæддæрты-иу æм æфсонæн бавнæлдтытæ кодтой, аразгæ дæр æй кодтой, цыма йæ территори дæр бакъуындæджытæ, афтæ зыны, фæлæ та ногæй  сырæзт Абайты Васойы хæдзар-музей. Раздæрæй бирæ хуыздæрæй – цæстытæ дзы райвæз-байвæз кæнынц. Кæд Васойы дзаумæттæ, цы зынаргъ экспонаттæ дзы уыд, уыдон зынджы амæттаг баисты, уæддæр бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы – разындзæн ма истытæ, хæдзар-музей цæмæй бацæрдгъуыз уа!

Æндæрæбон æй бакодтой официалонæй, цытджын æгъдауæй. Йæ байгом кæныны церемонийы хайад райстой Республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æмæ къухдариуæгады æндæр уæнгтæ, Васойы хæлæрттæ, зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Æмæ Васойы хæдзар-музей ахæм раппæлинаг уагмæ кæй фæрцы æрцыд, уыдонæй сæ иу – Цхуырбаты Вадим.

Официалон церемонимæ æрбацæудджыты хъæдзар-музейы ногдзинæдтимæ базонгæ кодта Культурæйы министр Зассеты Жаннæ йæхæдæг. Ам ма уагъд æрцыд цыбыр конференци дæр, уагъта йæ профессор Плиты Гацыр. Конференцийы куысты хайад райстой æмæ дзы раныхас кодтой Президент Бибылты Анатоли, профессор Битарты Зойæ, Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты декан Тыбылты Ингæ æмæ æндæртæ. Хъазиты Мелитонæн йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ, ардæм æрбацæуыны фадат кæй нæ фæцис, уый фæстиуæгæн мадзалы хайадисджытæн йæ зæрдæбын арфæтæ æмæ фæн-диæгтæ æрбарвыста фыстæй.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисджытæн æвдыст æрцыд видеофильм Абайты Васойы хайадистæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.