Президент Бибылты Анатоли фембæлд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Медойты Димитримæ.

Фембæлды рæстæджы Медойты Димитр паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæстиуджыты тыххæй, цыран уый фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ.

Медойы фырты ныхæстæм гæсгæ фембæлды уынаффæ цыдис дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытæм хауæг бирæ фарстытыл.

«Фæстиуджытæ арæзт æрцыдис 2020 азы иумæйаг архайдæн. Дунейы вазыгджын эпидемиологон уавæрмæ нæ кæсгæйæ, ивгъуыд аз нæ бæстæты ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд æхсæз æхсæнхицауадон сразыдзинадыл, Уæрæсейы регионтимæ та бантыст дыууæ документыл къухтæ æрфыссын. Уыдон сты иттæг хорз бæрæггæнæнтæ æмæ уымæ сæ хъусдард аздæхтой Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дæр. Мах нæ къухтæ æрфыстам 2021-2022 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн консультациты планыл. Уый у ахæм документ, кæцымæ гæсгæ банысангонд азты фæуæрæхдæр уыдзæн куыст, уыцы нымæцы дунеон аренæйыл дæр», – загъта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма РХИ æмæ УФ-йы æддагполитикон ведомствоты ахастыты ма нысан ис барадон базæ рауæрæх кæнын, кæцы уæвы нæ паддзахадты ‘хсæн. Уый у егъау, ис дзы 100 æхсæнхицауадон сразыдзинадæй фылдæр. Ацы здæхты дæр куыст дарддæр цæудзæн», – загъта Медойты Димитр.

Уый стыр райгондæй банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг фарс Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадæн радта ног бæстыхай. Уым ныридæгæн фæуд кæнынц цалцæггæнæн куыстытæ æмæ æввахс рæстæджы официалонæй байгом уы-дзæнис.

«Фæнды мæ банысан кæнын, Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ дæ фем-бæлд рæстæджы дæ хъæппæрисон ар-хайды руаджы æппæт уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæй æрцыдысты. Æмæ уый мах хæсджын кæны, цæмæй активондæрæй кусæм. Уæрæсейы Федераци у не стратегион партнер, духовон æмæ историон æгъдауæй махæн æввахс бæстæ. Æмæ уымæ гæсгæ нæ ахастытæ рæздзысты æвæрццаг фæдыздæхты, тынг дард перспективæмæ», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли стыр аргъ скодта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадимæ йæ æмархайды рæзты хъуыддаджы.

«Уый ахсджиаг æмæ хъæуæг у. Уæрæсе махæн у æдасдзинады гарант, Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты гарант. Æнæбанысангæнгæ нæй Хуссар Ирыстоны мидæггагон процесстæм уæрæсейаг коллегæты ахаст дæр. Ам бирæ политиктæ дзурынц Хицауады æнæлегитимондзинадыл. Фæлæ нæ партнертæ афтæ нæ нымайынц. Ууыл дзурæг сты нæ Хицауады уæнгты фембæлдтытæ сæ коллегæтимæ, сæрмагондæй дæ фембæлд Сергей Викторы фыртимæ, афтæ ма Хъахъхъæнынады министрады хаххыл снысангонд фембæлд æмæ сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ нæ иуæй-иу политиктæн афон у, цæмæй кусой, нæ паддзахады æмæ æндæр ведомствоты сæргълæуджытæ куыд кусынц, афтæ», – банысан  кодта Президент.

Уымæй дарддæр ма уый æрсидт æмар-хайд  рауæрæх кæнынмæ, афтæ ма куыст цæуа республикæйы дарддæры банымады фарстатыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.