Нæ республикæйы бирæ зæрæстон зæххытæ ис, уымæ гæсгæ алкæмæн дæр фадат ис хъæууонхæдзарадон продуктты бирæ хуызты тыллæг æркæнынæн. Афтæ уыдис, цалынмæ дуг нæ фæивта, уæдмæ. Бынæттон халсæрттæ æмæ дыргътæй канд нæхи нæ ифтонг  кодтам, фæлæ ма сын сæ зынгæ хай уæй кодтам паддзахадæн дæр, ластам сæ уæй кæнынмæ Гуырдзыстоны базармæ. Хъыгагæн, ныр æфтæ нал у, хæсты фæстиуæгæн нæ хъæууон хæдзарад раууатмæ æрцыд æмæ йын бирæ азты дæргъы æндидзын нал æмæ нал æнтысы. Фæлæ фæстаг азты уæддæр цадæггай ивы хуыздæрæрдæм. Республикæйы районты хицæн æмæ хицæн рæтты фæзынд арендатортæ, кæцытæ сæ æркæнгæ продуктты рахæссынц фæлхасгæнджыты размæ æмæ сæ уыдон дæр æхсызгонæй æлхæнынц.

Ныртæккæ нæ базæртты цы бынæттон дыргътæ æмæ халсæрттæ уæй цæуы, уыдонæн сæ фылдæр хай уæй кæнынц Цхинвалы районы хъæутæ Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы цæрджытæ.

Фæстаг азты хорз фадæттæ фæзынд, амалиуæгадон куыст кæй бафæнда, уæлдайдæр та – хъæууон хæдзарады фадыджы, уыдонæн. Ахæмты фарсмæ æхсызгонæй балæууы нæ паддзахад, баххуыс сын кæны хатырон кредитты хуызы æхцайы фæрæзтæй, цæмæй сæ хæдзарад райтынг кæной. Саразынц консультацитæ, цæмæй паддзахадæй цы æхцайы фæрæзтæ ахæссынц, уыдонæй раст æмæ нысанмæздæхтæй пайда кæной. Æмæ адæмы зæрдиагæй дæр цы продукттæ хъæуы, уыдон æрзайын кæной сæхи æмæ фæлхасгæнджыты пайдайæн. Амалиуæгады хъуыддагыл ныххæцын бирæ зындзинæдтимæ баст у, цы фæрæзтæ бахардз кæной, уыдон дæр дзæгъæлы куы фæуой, уымæй тас у, фæлæ иу ран бадын дæр раст нæу. Ацы аз паддзахадон хатырон кредиттæм рады чи лæууы, уыдон сты Ксуисы хъæуы цæрджытæ Уалыты Таймураз æмæ Мамытаты Зелим. Уыдонæн сæ бизнес-план цæттæ у æмæ куыддæр Экономикон рæзты министрады кредитон къамис скуса, афтæ бадæтдзысты сæ гæххæттытæ.

Ивгъуыд аз ацы дыууæ лæппу сæ тыхтæ бафæлвæрдтой картоф-куысткæнынады. Уыдон хъæуы бын цы сæрибар зæхх уыд, уым байтыдтой картоф. Ацы зæххы фадыгыл иу кæддæр колхоз байтыдта картоф æмæ-иу сын тугыл аскъуыд. Ныр дыууын азæй фылдæр уым ницыуал тыд æрцыд. «Зæхх тракторæй бахуым кодтам, тракторист дис кодта, зæхх куыд æнцон кусæн у, ууыл. Чысылæй фæстæмæ уарзын зæххы куыст. Адæм се ‘ппæт ахуыр кæм уыдзысты. Æз дæр ницы ахуырдзинад райстон. Мæхи цæхæрадоны æркæнын алцы дæр. Дæхи тыхæй, дæхи къухтæй кæй æркæнай, уый хæрзаддæр у», – зæгъы лæппутæй сæ иу – Уалыты Таймураз.

Лæппу кæд куыстуарзаг у, уæддæр иунæгæй 3 гектар картоф байтыдтаид, уымæ йæ ныфс нæ хаста. Æмæ иу бон йæ хъуыды фергом кодта йæ хорз æмгар Мамытаты Зелимæн. Техникæ сæм кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Зелим чысыл базивæг кодта. Фæлæ йын Таймураз загъта, зæгъгæ, цæмæй цæрын фæразай, уый тыххæй дæ цардæн хъуамæ аразай фадæттæ. Æмæ уыцы фадæттæй æххæстæй куы пайда кæнай, уæд дын алцы дæр уыдзæн.

Фарон уалдзæджы бирæ рæстæг æвзæр боныгъæдтæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ картоф садзынæй цъус фæфæстиат сты лæппутæ. Боныгъæд кургæйæ нæу, маст кодтой, фæлæ куыддæр фæбонтæ кодта, афтæ бавнæлдтой сæ куыстмæ. Алы сабат-хуыцаубон ластой сæ тыллæг базармæ æмæ йæ уæй кодтой горæты цæр-джытæн. Дыууæ куыстуарзаг лæппу-йæн сæ зæрдæ рухс кодта сæ куыс-тæй. Фыццаг аз бакодтой ацы куыст, фæлæ райстой хъæздыг тыллæг. Сæ зæрды ис ацы аз дæр картофы куыст бакæнын, уырны сæ, азæй-азмæ сæ куыст хуыздæр кæй цæудзæнис.

«Хъæутæн ныууадзæн нæй. Уым цард куы æндидза, куы дзы уа фосдарæн, хъæууонхæдзарадон культурæтæ бакусыны фадат, уæд пайда у хъæууон зæхкусæгæн æмæ горæты цæрджытæн дæр. Нæ хъæутæ кæй æдзæрæг кæнынц, уый мын тынг зын у. Диссаг мæм уый кæсы, æмæ хъæутæй æнцон цæрæн кæм у, уырдыгæй дæр сæхи кæй æппарынц горæтмæ. Цы ис горæты дæр æгуыстæй! Науæд хъæутæ куы раафтид уой, уæд уый сæфты хъуыддаг у. Хæлц, бæркад хъæутæй цæуы æмæ дзæгъæлы уадзæн нæй фыдæлты уæзгуытæн. Адæймаг фердæхынæн куы уа, уæд йæхи æркæнгæ хойраг æмæ халсæрттæй дæр фæцæрдзæнис. Ирыстоны алы хъæуы дæр ис ахæм фадæттæ», – дзырдта Уалыты Таймураз.

Раст зæгъы Таймураз. Æцæгæйдæр, хорз уаид, цы фадæттæ нын ис, уыдонæй куы пайда кæнид алчи дæр. Нæ горæты цæрджытæй, æвæццæгæн, стæм разындзæнис, хъæуы фыдыуæзæг кæмæн нæй æмæ сæ бынтон рохуаты ныууадзæм, уый раст нæу. Кæд уæйы фаг нæ, уæддæр дæ улæфтбонты бацу æмæ бакус дæхицæн зымæгваг, цæмæй ма æлхæнай алыгъуызон химикаттæй æркæнгæ халсæрттæ.

Лæппутæ ацы аз хъавынц кредиты хуызы 500 мин сомы райсын, цæмæй дзы трактор балхæной. Зæгъынц, зæгъгæ, нырыккон ног трактор бал-хæныны фæрæзтæ уыдонæн нæй, кæд зæронд, фæлæ хорз уавæрты чи уа, ахæм трактор нæ къухы бафта, уæд фаронæй дыууæ хатты фылдæр байтаудзысты картоф.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.