15-æм декабры Абайты Васойы райгуырдыл сæххæст 120 азы. Ацы бæрæгбон æрвыл аз дæр банысан кæнынц не ‘хсæнад. Абайты Уасойæн нæ горæты цы хæдзар-музей уыд, уый 2008 азы басыгъд. Арты амæттаг фесты, ам цы экспонаттæ уыд, уыдонæн сæ фылдæр хай дæр. Уæддæр музейы уæды директор, дзæнæттаг Плиты Юзæйы фæрцы бирæ æрмæджытæ аирвæзт.

Ирзонынады иууыл ирддæр минæвары хæдзар-музей цъыбыртты сыгъд кæй бацис гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй, уый тыхсын кодта нæ интеллигенцийы минæвæртты. Уыдон домдтой Хицауадæй, цæмæй фæстæмæ йæ бынаты арæзт æрцæуа ног музей.

 Культурæйы министрады нын куыд загътой, афтæмæй 2014 азы нæ номдзыд ахуыргонды хæдзар-музейы бæстыхай саразыны хæс йæхимæ райста татарстайнаг арæзтадон фирмæ «Эверест». Фирмæ уыцы рæстæджы арæзта драмон театры бæстыхай дæр. Арæзтадон фирмæ ныфс æвæрдта, объект арæзт кæй фæуыдзæнис иу азы æмгъуыдмæ æмæ йæ Хуссар Ирыстонæн кæй ратдзæн лæвæры хуызы, уымæй. Хæдзар-музейæн сарæзтой йæ бындур. Фæлæ иу афон, аразджытæ кæй нæ фаг кодтой, уый аххосæй арæзтад рæстæгмæ баурæдтой. Арæзтад æрлæууыд рæстæгмæ нæ, фæлæ дæргъвæтин рæстæгмæ. Культурæйы министрад катай кодта бынтондæр куы æрбайрох уа, уый тыххæй æмæ бахатыд Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын музейы арæзтадæн баххуыс кæна. Бибылты Анатоли Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ иумæ агурын райдыдтой фæрæзтæ, ссардтой, спонсорон æххуыс чи хъуамæ бакодтаид, ахæм амалиуæггæнæджы. Хæдзар-музей саразыны хæс йæхимæ райста дзулфыцæн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим. Иттæг аив рауад арæзтад. Проектмæ гæсгæ фирмæ «Эверест» хæдзар-музейæн цы бындур æрæвæрдта, уымæ бахæссын хъуыд ивындзинæдтæ. Музейæн хъахъхъæд хъуамæ æрцыдаид йæ фасад,  хатæнты равæрд та хъуыд фæивын, цæмæй дзы фадат уыдаид канд цытджын уазджытæ исынæн нæ, фæлæ ма зонадон конференцитæ æмæ равдыстытæ уадзынæн дæр.  Бæрæг куыд у, афтæмæй цалынмæ музей нæ басыгъд, уæдмæ Абайты Васойы студенткæ, Хуссар Ирыстоны университеты профессор, филолог Битарты Зоя ирон æвзаджы бæрæгбон æмæ Абайты Васойы гуырæн бон нысан кæныны фæлгæтты йе студенттимæ фембæлттæ уагъта ахуыргонды хæдзар-музейы. Ам æххæстбæрцæй банкъарæн уыд ахуыргонды гениалондзинад. Музейы цы цæстуынгæ æрмæджытæ уыд, уыдонмæ тынг цымыдис кодтой студенттæ. Ардæм экскурсийы хуызы цыдысты иумæйаг ахуыргæнæн скъолаты хистæркъласонтæ дæр æмæ зонгæ кодтой Васойы иртасæн куыстытимæ.

Хæдзар-музей арæзт фæцис ивгъуыд аз. Аив рауад канд йе ‘ддаг бакастæй нæ, фæлæ – мидæгæй дæр. Музейы цы зал ис, уый фадат дæтты ам алыгъуызон мадзæлттæ уадзынæн, уыцы нымæцы зонадон конференцитæ дæр. Музеймæ фæстæмæ хаст æрцыдысты, стыр ахуыргронды уæзгæ бынтæй ма чи баззад, уыдон.

Абайты Васойы райгуырдыл 120 азы сæххæсты бæрæгбон цæуылнæ æрцыд нысан йæ хæдзар-музейы, ахæм фарстæн нын Культурæйы министр Зассеты Жаннæ ахæм дзуапп радта: «Мах хъавыдыстæм бæрæгбон  стыр масштабты банысан кæнын. Хæдзар-музейæн дыккаг цард лæвæрд кæй æрцыд, уый нысанæн хъавыдыстæм Цæгат Ирыстон-Аланийæ уазджытæ æрхонын. Фæлæ ныртæккæ нæ республикæйы цы уавæр ис, уый фæстиуæгæн  ахæм мадзæлттæ аразын растыл нæ банымадтам. Уымæ гæсгæ хæдзар-музейы цытджын æгъдауæй бакæнын æргъæвд æрцыд фæстæдæрмæ. Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй Абайты Васойы бынтæ æмбырд кæнынц, цадæггай. Ам Ирыстоны уымæн баззад бирæ хæлæрттæ, кæцытæ æххуыс кæнынц документалон æрмæ-джытæй. Битарты Зоя бацæттæ кодта чиныг, кæцымæ хаст æрцыдысты Васойыл фыст æрмæджытæ. Уыцы нымæцы иртасæджы тыххæй фæсарæйнаг ахуыргæндты хъуыдытæ дæр.

Битарон куыд зæгъы, афтæмæй уыцы чиныджы æрмæ-джытæ æмбырд кæнынмæ лæмбынæгæй æрæвнæлдта 2020 азы райдианы. Чиныг конд у æртæ томæй. Автор зæгъы, зæгъгæ, фыццаг хайы уыдзысты, Васойы тыххæй чингуытæ чи ныффыста, уыцы автортæ. Дыккаджы лæвæрд цæуынц ахуыргæндты иртасæн куыстытæ Васойы куыстыты тыххæй, æртыккаг хайы та ис фæсарæйнаг ахуыргæндты хъуыдытæ йæ куыстытыл. Чиныджы æвдыст æрцæудзысты, цыдæриддæр Васойæн хæрзиуджытæ лæвæрд æрцыд, уыдон дæр.

Æнæмæнг ацы чиныг аккаг бынат бацахсдзæнис стыр ахуыргонды хæдзар-музейы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.