Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасынæдты институты ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бæрæгбоны агъоммæ уагъд æрцыдысты «Абайты Васойы номыл 5 бакастытæ». Фыццаг цыппар бакасты уагъд цыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Ацы хатт конференци ацыд уæрæхдæрæй. Архайдтой дзы мадæлон æвзагæн табугæнджытæ – ахуыргæндтæ, ахуыргæнджытæ, æхсæнадон архайджытæ. Абайты Васо 75 азы дæргъы удуæлдай куыст фæкодта æвзагзонынады фарстатыл. Æвзагзонынадмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый абарæн дæр ницæимæ ис. Уымæн æвдисæн сты йæ бирæ зонадон куыстытæ. Ирон æвзаджы историкон-этимологион дзырдуат дæр нæм Васойы фæрцы фæзынд.

Ацы мадзал æрбангом кодта цалдæр фæлтæры, уыдысты дзы профессортæ, зонадон кусджытæ, студенттæ æмæ зонадон куыст чи кæны, уыцы аспиранттæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ дзы фенæн уыд Абайты Васойы раздæры студентты дæр.

Ацы æркастытæ раздæр уагъд цыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты хъæппæрисæй. Ныр фæндзæм конференци ссис æппæтадæмон зонадон фембæлд. Æрцыдысты йæм канд Уæрæсейæ æмæ Украинæйæ нæ, фæлæ Астæуккаг Азийæ, суанг ма Америкæйæ дæр ахуыргæндтæ дæр. Æрдзырдтой лингвистикæйы, литературæзонады æмæ фольклористикæйы фарстатыл. Фылдæр æргом аздæхтой ирон æвзагмæ. Конференцийы архайджытæ уыдысты 40 адæймагæй фылдæр.

Стыр хъусдард здæхт æрцыд Абайты Васойы бынты рæзтмæ. Афтæ ма стыр ахуыргонды тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой историон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг æмæ филологон зонæдты доктор Тахъазты Харум.

Дзырд цыдис ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ позицитæ сфидардæр кæныныл. Сæрмагондæй, ацы фарста рæгъмæ рахаста ЦИПУ-йы ЮНЕСКО-йы кафедрæйы сæргълæууæг Хъамболаты Тамерлан, кæцы ралæууыд ирон литературон æвзаджы дарддæры рæзты приоритетон хæсты тыххæй докладимæ.

Йæ рады ХИПУ-йы ирон æмæ иумиаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри радзырдта Абайты Васойы куыстыты «перекрестной изоглоссы»-йы æмбарынады тыххæй. Конференцийы докладтимæ бакастысты Хуссар Ирыстоны æндæр иртасджытæ дæр.

Зонадон дискусситы рæстæджы ахуыргæндтæ æруынаффæ кодтой ирон æвзаджы рæзты фарстытæ сахуыр кæныны фæдыл дарддæры иумиаг архайдтытыл, кæцытæ  нысан  æрцыдысты конференцийы рæстæджы.

Ахæм конференциты руаджы æппæт дунейы ахуыргæндтæ кæрæдзийы сæ фæлтæрдзинадимæ зонгæ кæнынц. Цы ног хъуыдытæ сæм фæзыны, уыдоныл бакусынæн дæр æххуыс сты. Уæдæ æвзаг бахъахъхъæнынæн дæр тынг пайда вæййынц. Афæдзæй-афæдзмæ конференцийы архайджытæ фылдæр кæнынц. Йæ мадæлон æвзаджы рæзт æмæ бахъахъхъæнынмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон кæнынц фылдæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.