Ивгъуыд хуыцаубоны Дзауы районы уыд стыр ихуард. Цы зиæнттæ æрхаста, уыдоны ныртæккæ нымайынц. Уый тыххæй информагентад «Рес»-æн фехъусын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Макоты Уырызмæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцы нымайы, ихуард цы зиæнттæ æрхаста, уыдоны аргъ.

«Ихуарды фæстиуæгæн Чъимасы æмæ Крозы хъæуты разиан чындæуыд цæрджыты хæдзæртты æмбæрзтытæн. Уымæй уæлдай ма, ихимæ тæрккъæвда районы хицæн хъæутæн фæндæгтæ бахордта», – банысан кодта Магкойы фырт.

Районы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ихимæ тæрккъæвда Чъимасы хъæуы разиан кодта авд хæдзарæн, Крозы хъæуы та – аст хæдзарæй фылдæрæн.

Магкойы фырт ма банысан кодта, зæгъгæ, къамис йæ куыст куы фæуа, уæд зиæнтты тыххæй зонæнтæ бавдыст æрцæудзысты Республикæйы хицауадмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.