Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад баххуыс кæндзæн, республикæйы Дзауы районы ихуарды рæстæджы сæ хæдзæрттæ кæмæн бахъыгдард сты, уыцы цæрджытæн. Уый тыххæй информагентад «Рес»-æн фехъусын кодта районы администрацийы пресс-нымæрдар Тедеты Лианæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы мæй арæзтадон æрмæджытæ сæрмагондæй хицæн æрцæудзæн Чъимасы æмæ Кърозы цæрджытæн.

«Æдæппæтæй, ихуарды фæстиуæгæн Чъимасы æмæ Кърозы хъæуты  бахъыгдард 42 хæдзары. Кърозы – 11, Чъимасы та – 31 хæдзары», – банысан кодта Тедейы чызг.

Уый ма банысан кодта, специалон къамис уый размæ кæй банымадта ихуарды зиæнтты аргъ æмæ бавдыста Республикæйы Хицауадмæ информаци, уыцы цæрджытæн баххуыс кæныны тыххæй куырдиатимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.