Ирон адæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй иу уыд Козаты Шаликъо Уасилы фырт.

Йæ фыд Козаты Уасил фæуæлахизы онг архайдта Хуссар Ирыстоны мидæггагон хæсты тохты. Тох кодта легендарон Исахъы хæстонты рæнхъыты, дæрæн кодта меньшевикон лæгбирæгъты. 1918 азы сæрибары сæрыл тох йæ тæмæны куы уыд, уæд ын райгуырдис  лæппу, фыццаг бындар, фыццаг цин. Æхсызгон хабар айхъуыст хиуæттыл, æмбæлттыл. Арфæтæ, царды фæндиæгтæ. Нал æй ныууагътой æмæ скуывтой ноггуырдæн. Сæрæн лæг рацæуæд, хызт уæд фыдамондæй. Йæ хотых уæд ахуыр, фæллой, сабыр цард. Чидæртæ номæвæрæг дæр сæхи фæкодтой. Фæлæ уыцы бар никæмæн радта Уасил.

Фыд йæ фыртыл йæхæдæг сæвæрдта ном

– Чи зоны ирон æгъдау халын. Фæлæ дзырд радтон. Ирон лæг та йæ дзырд нæ сайы. Хорз хæлар мын уыд, Шаликъо хуынд. Æвзæр ном нæу. Стæй лæппуйæн йæхиуыл баст уыдзæн. Йæ номæн дæр лæг йæхæдæг ном кæны, мæ хæлар Шаликъойау.  Уый фæстæ ма йæ зæнæгыл бафтыд ноджы дыууæ фырты – Федыр æмæ Чеслав. Уыдон дæр сомбоны хæстонтæ, сомбоны цæргæстæ. Ног дуджы комулæфт сæ кæд ныфс бауагъта, уæддæр зын уыд цæрын, зын уыд зæххцух фыдæн йæ бинонты дарын. Æмæ аскъуыддзаг кодта искуыдæм куыстагур фæцæуын. Ацыд Чъиатурæмæ, фæлæ фæстæмæ сæрæгасæй нал сыздæхт Райгуырæн къæсмæ. Йæ мард ма сæмбæлд йæ уæзæгыл 1927 азы.

Баззад йæ идæдз Плиты Верæ æртæ æнахъом сидзæримæ. Цы кодтаид, радта Шаликъойы Куртайы сывæллæтты хæдзармæ. Иннæтæн æнæбары амæлттæ кодта. Фæлæ цы йæ бон уыд сылгоймагæн? Уæдмæ иннæ фырттæ дæр скъоламæ цæуынхъом фесты. Фæлæ сæм скъола дард уыд æмæ Верæ сфæнд кодта горæтмæ рацæуын. Йе ‘фсымæр Плиты Арон, йæ тиу Козаты Горæ уым цардысты. Куыста æфснайæгæй. Уæдмæ æххуысхъом фæцис йæ хистæр фырт Шаликъо дæр. Каст фæцис авд къласы, уый фæстæ та – педагогон техникум. Райгонд дзы уыд мады зæрдæ. Æнхъæлдта, зæгъгæ, йæ фырт кусдзæн ахуыргæнæгæй, фæлæ æндæр уыд Шаликъойы хъысмæт – йæ базыртæ йæ истой уæларвмæ. Ахуыры æмрæстæджы уымæн цыд Сталиниры аэроклубмæ дæр. Ам стахт фыццаг хатт уæлдæфмæ. Ардыгæй райдыдта тæхын кады бæрзæндтæм. Педагогон техникумы фæстæ йæ фæндаг акодта Сталинграды авиацион скъоламæ, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис. Фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ та ногæй бацыд аэроклубмæ тæхджыты курсытæм. Каст сæ фæцис æнтыстджынæй æмæ йæ снысан кодтой тæхæг-инструкторæй. Куыддæр-иу æрбабон, афтæ-иу Зары къуылдымæй райхъуыст хæдтæхæджы уынæр. Хъорнисæгтæ йæ зыдтой, уый Шаликъо у.

Хæрзбон загъта Ирыстонæн

1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Шаликъойы райдианы нæ ауагътой хæстмæ. Тæхджытæ цæттæ кодта фронтæн. Фæлæ кæдмæ хъуамæ уыдаид фæсчъылдым æмæ 1942 азы хæрзбон загъта йæ райгуырæн Ирыстонæн. Йæ хæдтæхæгыл æртæ хатты æрзылд йæ райгуырæн Хъорнисы сæрты. Цæмæй зыдта æмæ йын уый фæстаг хæрзбон уыдзæнис! Хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд, раст уыцы рæстæджы смидæг тохы цæхæры Козайы фырт. Хæцыди дыккаг Уæлдæфон армийы 646-æм рог бомбæзгъалæг полчы æмæ уайтагъд йæ ном айхъуыст æнæхъæн æфсадыл. Штурман Овчинниковимæ сæ хуыдтой æхсæвыгон атахтыты дæснытæ. Иууыл зындæр хæстон хæслæвæрттæ уыдонæн хæс кодтой.

Хъахъхъæнынады министрады архивы ис дивизийы политикон хайады хицау Андрей Поповы хъусынгæнинаг Шаликъо æмæ штурман Овчинниковы тыххæй: «1942 азы 20 декабры Козаты Шаликъо æмæ Евгений Овчинников атахтысты Острогожскы станцы знаджы хæстон æрмæджыты егъау æфтауцдæттæ спырх кæнынмæ. Хæдтæхæг йæ нысаны сæрмæ куы бахæццæ,                                                                                                                                        уæд æй немыцæгтæ ауыдтой. Сарæзтой йæм цыппар хъомысджын рухсгæнæны æмæ йæ æхсын райдыдтой зенитон сармадзантæ æмæ нæмыгзгъалтæй. Шаликъо арæхстджынæй ракодта йæ хæдтæхæг цæхæры зонæйæ, æмæ йæхи атыдта рухсгæнæнты уылæнтæй. Уый сфæнд кодта моторы  куыст æруромын æмæ иннæрдыгæй æрбатæхын. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Чысыл хæдтæхæг февзæрд æфсæнвæндаджы станцы сæрмæ. Сырхстъалыджын цæргæсы немыцæгтæ æнæнхъæлæджы сæ сæрмæ куы ауыдтой, уæд фергъуыйау сты. Хæццæ æхст кæнын ма райдыдтой, фæлæ сын байрæджы. Евгени Овчинников комкоммæ нысаныл æппæрста бомбæтæ. Сæ «уаргъæй» коммæгæс хæдтæхæг æмæ, знаджы сармадзанты æмæхстæй йæхи арæхстджынæй ирвæзын кæнгæйæ, фæраст нæхионтæм. Рухсгæнæнты тынтæ ныдздзæгъæл сты сæ алыварс. Станцыл та сирвæзт пиллон арт».

Уый фæстæ сæм фæсидт полчы командир, Советон Цæдисы Хъайтар дæлбулкъон Александр Летучий æмæ сын бамбарын кодта армийыл командæгæнæджы хæслæвæрд. Æвæстиатæй хъуыд знаджы фæсчъылдым нæ танкæйон корпусы ссарын æмæ уымæн йæ уавæры тыххæй базонын. Ирон цæргæс та ам дæр равдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад. Знаг сæ зонгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй йæ сæрты ахызтысты йæ хæстон хæлар Овчинниковимæ æмæ уæззау уавæрты æрбадын кодта йæ хæдтæхæг цады уæлæ, ихыл. Танкисттæ ма сыл дис дæр кодтой куы сæ ауыдтой, уæд.

Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Шаликъо æмæ Овчинников уæлдæфон æфсады æппæты фыццаг хорзæхджын æрцыдысты «Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны» ордентæй.

Фæстаг хæслæвæрд

1943 азы 17 январь. Дыууæ хæстон цæргæсмæ та фæсидт полчы командир. Сæххæст кæнын хъуыд Воронежы фронты æфсæддон Советы ахсджиаг æмæ иттæг зын хæс – Æртыккаг танкæйон корпусимæ бастдзинад саразын. Уыцы корпус уыд знæгты фæсчъылдым. Цалдæр минуты фæстæ Шаликъойы хæдтæхæг йæхи систа уæлдæфмæ æмæ йæ ных сарæзта ныгуылæны ‘рдæм. Фæлтæрд тæхæджы бирæ нæ бахъуыд танкистты ссарынæн. Шаликъо та ацы хатт дæр æвадат ран иттæг хорз æрбадын кодта йæ чысыл цæргæсы. Пакет радта корпусы командирмæ, базыдта йын йæ фæндон, йæ пълæнттæ æмæ та ногæй февзæрд уæлдæфы.

Бынæй – Россошы быдыртæ, нырма сты фашистты къухты. Æдасдæры тыххæй Козайы фырт йæ хæдтæхæг фæзылдта цæугæдон Сау Калитвайы ‘рдæм. Разæй – хъæд, дарддæр – Дон, уым та – нæхиуæттæ.

Фæстаг æхст

Фæлæ æвиппайды айхъуыст зенитон сармадзанты æмнæрд. Хæдтæхæг ныррызт æмæ банымæг йæ куыст. Арты пиллон арв ныррухс кодта. Цы чындæуа, ахъуыды кодта Шаликъо? Лæгхор фашисттæй æнæмæнг хъæуы аирвæзын. Фæлæ хæдтæхæг нал кæсы арæхстджын къухты коммæ. Галиу къах дыдагъæй аззад, рахис дæр – цæф. Æрбамбырд кодта Шаликъо йæ фæстаг тыхтæ, фæлæ хæдтæхæг зæххыл йæхи æрцавта. Овчинников баххуыс кодта йæ командирæн кабинæйæ рахизынæн. Сæ алыварс немыцæгтæ, лæбурынц сæм. Зонынц æй аирвæзæн сын нæй, фæлæ æнæмæнг хъæуы бардзырд сæххæст кæнын. «Бардзырд дын дæттын, – загъта Шаликъо Овчинниковæн, – мæн ныууадз æмæ сæххæст кæн нæ хæслæвæрд. Æнхъæлмæ нæм кæсынц!».

Бардзырдыл баст уыдысты сæдæгай æмæ мингай хъысмæттæ. Бæргæ йæ нæ фæндыд Овчинниковы йæ уарзон хæстон æмбалы ахæм тыхст уавæры ныууадзын, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ йæхи аппæрста цады иннæ фарсмæ. Уæдмæ фашисттæ балбирæгътау февзæрдысты ирон бæгъатыры уæлхъус. Къæхтæ йæм нал хъусынц, фæлæ йæ къухы ис дамбаца. Цалдæр фашисты æмбыд кæлдымау æрфæлдæхтысты. Фæлæ йæ уæнгты тых асаст, фесты нæмгуытæ дæр. Иунæг ма дзы ныууагъта йæхицæн. Æмæ анæрыд фæстаг æхст. Банымæг Шаликъойы цæхæр зæрдæ. Йæ фæстаг хъæр ма уыдис: «Женя мæ хæлар, згъор цырддæр! Хæрзбон!» Фæлæ йæ командиры фæстаг ныхæстæ нал фехъуыста Овчинников. Йæ фæстæ немыцæгтæ суагътой сæ куыйты. Бахаудта сæм уацары. Бирæ фыдæбæттæ бавзарыны фæстæ, фæмард.

Ацы дыууæ хæстоны цы хæслæвæрд сæххæст кодтой, уыцы хæстон операцийы фæстæ знаджы салдаттæ æмæ афицертæй фæмард сты æмæ уацары ракодтой 16 мин адæймаджы бæрц. Фæстæдæр Советон Æфсад ссæрибар кодтой Россошы. Шаликъойы мæрдон буар йæ хæстон æмбæлттæ мардæй ссардтой иу чысыл хъæуы цур. Йæ хæдтæхæгау йæхæдæг дæр уыд æрдæг сыгъдтытæ. Баныгæдтой йæ цытимæ Россошы сæйраг парчы. 1950 азы ныгæд æрцыд горæты центры æфсымæрон ингæны. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй. Бавдыст æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном радтынмæ дæр, фæлæ йын цæмæдæр гæсгæ нæ радтой. Чи зоны, куыд æндæр ирон хъайтарты ахасты, афтæ та Козайы фырты документтæ дæр кæцыдæр бæрзонд бынаты кусæг чиновникы кабинеты рохуаты баззадысты…

Гъе, ахæм уыд ирон хъæбатыр хæстоны тохвæндаг.

Шаликъойы дыууæ кæстæр æфсымæры Федыр æмæ Чеслав дæр æнахъомтæй ацыдысты хæстмæ. Æмæ æбæрæг сæфт фесты хæсты быдыры. Фæлæ сæ ном æнустæм цæры сæ райгуырæн Ирыстоны.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.