Ирон адæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты стыр сгуыхтдзинæдтæ æмæ хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй иу уыд Козаты Шаликъо. Цыбыртæй уал уæ базонгæ кæндзыстæм Шаликъойы фыды тохвæндагимæ. Козаты Уасил фæуæлахизы онг архайдта Хуссар Ирыстоны мидæггагон хæсты тохты. Тох кодта легендарон Исахъы хæстонты рæнхъыты, дæрæн кодта меньшевикон лæгбирæгъты. 1918-æм азы сæрибары сæрыл тох йæ тæмæны куы уыд, уæд ын райгуырдис  лæппу, фыццаг бындар, фыццаг цин. Æхсызгон хабар айхъуыст æмбæлттыл. Арфæтæ, царды фæндиæгтæ. Скуывтой ноггуырдæн. Сæрæн лæг рацæуæд, хызт уæд фыдамондæй. Йæ хотых – ахуыр, фæллой, сабыр цард. Чидæртæ номæвæрæг дæр сæхи фæкодтой. Фæлæ уыцы бар никæмæн радта Уасил.

– Чизоны ирон æгъдау халын. Фæлæ дзырд радтон. Ирон лæг та йæ дзырд нæ сайы. Хорз хæлар мын уыд, Шаликъо хуынд. Æвзæр ном нæу. Стæй лæппуйæн йæхиуыл баст уыдзæн. Йæ номæн дæр лæг йæхæдæг ном кæны, мæ хæлар Шаликъойау.  Уый фæстæ ма йæ зæнæгыл бафтыд ноджы дыууæ фырты – Федыр æмæ Чеслав. Уыдон дæр сомбоны хæстонтæ, сомбоны цæргæстæ. Ног дуджы комулæфт сæ кæд ныфс бауагъта, уæддæр зын уыд цæрын, зын уыд зæхцух фыдæн йæ бинонты дарын. Æмæ аскъуыддзаг кодта искуыдæм куыстагур фæцæуын. Ацыд Чъиатурæмæ, фæлæ фæстæмæ сæрæгасæй нал сыздæхт йæ Райгуырæн уæзæгмæ. Йæ мард ма сæмбæлд йæ уæзæгыл 1927 азы.

Баззад йæ идæдз Плиты Верæ æртæ æнахъом сидзæримæ. Цы кодтаид, радта Шаликъойы Куртайы сывæллæтты хæдзармæ. Иннæтæн æнæбары амæлттæ кодта. Фæлæ цы йæ бон уыд сылгоймагæн? Уæдмæ иннæ фырттæ дæр скъоламæ цæуынхъом фесты. Фæлæ сæм скъола дард уыд æмæ сфæнд кодта Верæ горæтмæ ралидзын. Йе ‘фсымæр Плиты Арон, йæ тиу Козаты Горæ уым цардысты. Куыста æфснайæгæй. Уæдмæ æххуысхъом фæцис йæ хистæр фырт Шаликъо дæр. Каст фæцис авд къласы, уый фæстæ та педагогон техникум. Райгонд дзы уыд мады зæрдæ. Æнхъæлдта, зæгъгæ, йæ фырт кусдзæн ахуыргæнæгæй, фæлæ æндæр уыд Шаликъойы хъысмæт, йæ базыртæ йæ истой уæларвмæ. Ахуыры æмрæстæджы уый цыд Сталиниры аэроклубмæ дæр. Ам стахт фыццаг хатт уæлдæфмæ. Ардыгæй райдыдта тæхын кады бæрзæндмæ. Педагогон техникумы фæстæ йæ фæндаг акодта Сталинграды авиацион скъоламæ, фæлæ йæ кæронмæ нæ фæцис. Фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ та ногæй бацыд аэроклубмæ тæхджыты курсытæм. Каст сæ фæцис æнтыстджынæй æмæ йæ снысан кодтой тæхæг инструкторæй. Куыддæр-иу æрбабон, афтæ-иу Зары къуылдымæй райхъуыст хæдтæхæджы уынæр. Хъорнисæгтæ зыдтой, уый Шаликъо кæй у, уый.

1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæлæ Шаликъойы райдианы нæ ауагътой хæстмæ. Цæттæ кодта тæхджытæ фронтæн. Фæлæ кæдмæ хъуамæ уыдаид фæсчъылдымы æмæ 1942 азы хæрзбон загъта Ирыстонæн. Йæ хæдтæхæгыл æртæ хатты æрзылд йæ райгуырæн Хъорнисы сæрты. Цæмæй зыдта æмæ уый фæстаг хæрзбон кæй дзуры! Хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд, раст уыцы рæстæджы смидæг тохы цæхæры Козайы фырт. Уый уыд дыккаг Уæлдæфон армийы 646-æм рог бомбæзгъалæг полчы æмæ тагъд рæстæджы йæ ном айхъуыст æнæхъæн армийыл. Штурмон Овчинниковимæ уыдон хуыдтой æхсæвыгон атахтыты дæснытæ. Иууыл зындæр хæстон хæслæвæрдтæ уыдонæн хæс кодтой.

Хъахъхъæнынады министрады архивы ис дивизийы политикон хайады хицау Поповы хъусинаг Шаликъо æмæ Штурман Овчинниковы тыххæй:

«1942 азы 20 декабры Козаты Шаликъо æмæ Овчинников Евгений атахтысты Острогожескы станцы знаджы хæстон æрмæджыты егъау æфтауцдæттæ спырхкæнынмæ. Хæдтæхæг йæ нысаны сæрмæ куы бахæццæ ,уæдæй  немыцæгтæ ауыдтой. Ныдардтой йæм цыппар хъомысджын рухсгæнæны æмæ йæ æхсын райдыдтой зенитон сармадзантæ æмæ нæмыгзгъалтæй.

Шаликъо арæхстджынæй ракодта йæ хæдтæхæг цæхæры зонæйæ, æмæ йæхи атыдта рухсгæнæнты уылæнтæй. Уый афæнд кодта маторы  куыст æруромын æмæ иннæрдыгæй æрбатæхын. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Чысыл хæдтæхæг февзæрд æфсæнвæндагон станцы сæрмæ. Сырхстъалыджын цæргæсы немыцæгтæ æнæнхъæлæджы сæ сæрмæ куы ауыдтой, уæд фергъуыйау сты. Хæццæ æхст ма райдыдтой, фæлæ сын байрæджы. Евгений Овчинников комкоммæ нысаныл æппæрста бомбæтæ. Сæ «уаргъæй» коммæгæс хæдтæхæг æмæ, знаджы сармадзанты æмæхстæй йæхи арæхстджынæй ирвæзын кæнгæйæ, фæраст нæхионтæм. Рухсгæнæнты тынтæ ныдздзæгъæл сты сæ алыварс. Станцыл та ирвæзт пиллон арт».

Уый фæстæ сæм фæсидт полчы командир, Советон Цæдисы Хъайтар дæлбулкъон Летучи æмæ сын бамбарын кодта армийыл командæгæнæджы хæслæвæрд. Тагъд рæстæджы хъуыд знаджы фæсчъылдым нæ танкæйон корпус ссарын æмæ уымæн йæ уавæр базонын. Ирон цæргæс та ам дæр равдыста стыр хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад. Знаг сæ зонгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй йæ сæрты ахызтысты йæ хæстон хæлар Овчинниковимæ æмæ уæззау уавæрты æрбадын кодта йæ хæдтæхæг цады уæлæ, ихыл. Танкисттæ ма сыл дис дæр кодтой.

Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Шаликъо æмæ Овчинников уæлдæфон армийы æппæты фыццаг хорзæхджын æрцыдысты «Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны» орденæй.

1943 азы 17 январь. Дыууæ хæстон цæргæсмæ та фæсидт полчы командир. Сæххæст кæнын хъуыд Воронежы фронты æфсæддон Советы ахсджиаг æмæ иттæг зын хæс – Æртыккаг танкон корпусимæ бастдзинад саразын. Уыцы корпус уыд знæгты фæсчъылдым.

Цалдæр минуты фæстæ Шаликъойы хæдтæхæг йæхи систа уæлдæфмæ æмæ йæ ных сарæзта ныгуылæны ‘рдæм. Фæлтæрд тæхæджы бирæ нæ бахъуыд танкисты ссарынæн. Шаликъо та ацы хатт дæр æвадат ран иттæг хорз æрбадын кодта йæ чысыл цæргæсы. Радта пакет корпусы командирмæ, базыдта уымæн йæ фæндон, йæ пълантæ æмæ та ногæй февзæрд уæлдæфы.

Бынæй – Россошы быдыртæ, нырма сты фашистты къухты. Æдасдæры тыххæй Козайы фырт йæ хæдтæхæг фæзылдта цæугæдон Сау Калитвæйы ‘рдæм. Разæй – хъæд, дарддæр – дон, уым та – махуæттæ.

Фæлæ æвиппайды айхъуыст зенитон сармадзанты æмнæрд. Хæдтæхæг ныррызт æмæ банымæг йæ куыст. Арты пиллон арв ныррухс кодта. Цы чындæуа, ахъуыды кодта Шаликъо? Лæгхор фашисттæй æнæмæнг хъæуы аирвæзын. Фæлæ хæдтæхæг нал кæсы арæхстджын къухты коммæ. Галиу къах дыдагъæй аззад, рахис дæр – цæф. Æрбамбырд кодта Шаликъо йæ фæстаг тыхтæ, фæлæ хæдтæхæг зæххыл йæхи æрцавта. Овчинников баххуыс кодта йæ командирæн кабинæйæ рахизынæн. Сæ алыварс немыцæгтæ, лæбурынц сæм. Зонынц æй, аирвæзæн сын нæй, фæлæ æнæмæнгæй хъæуы бардзырд сæххæст кæнын. «Бардзырд дын дæттын, – загъта Шаликъо Овчинниковæн, – мæн ныууадз æмæ сæххæст кæн нæ хæслæвæрд. Æнхъæлмæ кæсынц!»

Бардзырдыл баст уыдысты сæдæгай æмæ мингай адæймæгты хъысмæттæ. Бæргæ нæ фæндыд Овчинниковы йæ уарзон хæстон æмбалы ахæм тыхст уавæры ныууадзын, фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ йæхи аппæрста цады иннæ фарсмæ.

Уæдмæ фашисттæ февзæрдысты ирон бæгъатыры уæлхъус. Къæхтæ йæхи нал сты, фæлæ йæ къухы ис пистолет. Цалдæр фашисты æмбыд кæлдымтау æрфæлдæхтысты. Фæлæ йæ уæнгты тых асаст, фесты нæмгуытæ дæр. Иунæг ма дзы ныууагъта йæхицæн. Æмæ анæрыд фæстаг æхст. Банымæг Шаликъойы цæхæр зæрдæ. Йæ фæстаг хъæр ма уыдис: «Женя мæ хæлар, згъор цырддæр! Хæрзбон!» Фæлæ йæ командиры фæстаг ныхæстæ нал фехъуыста Овчинников. Йæ фæстæ немыцæгтæ суагътой сæ куыйты. Бахаудта сæм уацары. Бирæ фыдæбæттæ бавзарыны фæстæ, фæмард.

Ацы дыууæ хæстоны цы хæслæвæрд сæххæст кодтой, уыцы хæстон операцийы фæстæ знаджы салдаттæ æмæ офицертæй мард æмæ уацары конд æрцыд 16 мин адæймаджы бæрц. Фæстæдæр Советон Æфсад ссæрибар кодтой Россошы. Шаликъойы мард ссардтой йæ хæстон æмбæлттæ иу чысыл хъæуы цур. Йæ хæдтæхæгау йæхæдæг дæр уыд æрдæг сыгъдтытæ. Баныгæдтой йæ цытимæ Россошы сæйраг парчы. 1950 азы та ныгæд æрцыд горæты астæу æфсымæрон ингæны. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Стыр Фыдыбæсæтйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй. Бавдыст æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ дæр, фæлæ йын цæмæдæр гæсгæ лæвæрд не ‘рцыд.

Гъе, ахæм уыд ирон хъæбатыр хæстоны тохвæндаг.

Шаликъойы дыууæ кæстæр æфсымæры Федыр æмæ Чеслав дæр æнахъомæй ацыдысты хæстмæ. Æмæ æбæрæг сæфт фесты хæсты быдыры. Фæлæ сæ ном æнустæм баззад сæ райгуырæн Ирыстоны адæмы зæрдæты.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.