Æвзаджы ахадындзинад стыр у адæмы царды æмæ йæ рæзтæн ахъазгæнæг чи сты, уыдонæй сты аивад æмæ дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр.

Хуссар Ирыстоны газет «Хурзæрин» райдианæй фæстæмæ лæууы йæ дзыллæйы фарсмæ, æдзухдæр сын æвдисы сæ цинтæ æмæ æнтыстытæ æмæ уыцы хорздзинæдтæй йæхиуыл дæр базыртæ базайы. Уый цæрджытæн хæццæ кæны быдыртæ æмæ фермæты, куыстуæттæ æмæ уагдæтты цы хабæрттæ цæуы, уыдоны – йæ фæрстыл сын кæддæриддæр вæййы бынат. Нæ йæ сты рох, нырма нæ царды цы къуыхцытæ æмæ згъуыдтæ фæзыны, уыдон дæр æмæ сыл карзæй æрдзуры. Уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ искæй бафхæрын у йæ нысан, фæлæ уымæн, цæмæй иуварсгонд æрцæуой æмæ сын царды мауал уа бынат.

Газетæн ахæм тых æмæ ахадындзинад кæй ис, уый нæ алкæмæн дæр зындгонд у, уымæн нын у уарзон æмæ хæлар. Уымæн ын фенхъæлмæ кæсынц йæ иузæрдион хæлæрттæ дæр йæ алы номырмæ, райсынц æй сæ къухмæ æмæ та йын йæ алы уац дæр бакæсынц æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ.

О, газет цæуы æнæкъуыхцыйæ йæ фæндагыл, нæй йын æрæнцой æмæ йæ кæсджытæй алкæй дæр барæвдауы. Фæлæ фæстаг рæстæджы нæ газеткæсджыты нымæц фылдæр нæ кæны. Ныртæккæ информацийы алыхуызон фæрæзтæй кæй пайда кæнынц æмбæстæгтæ, уый аххосæй иутæ се ‘ргом нал здахынц газетмæ. Фæлæ уый раст нæу, уымæн æмæ газет цæуы мадæлон æвзагыл æмæ йæ хъæуы рафыссын, хъæуы йæ кæсын. Раджы райдыдта афæдзы дыккаг æмбисæн газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны кампани, фæлæ  куы æркæсæм, уæд нæу раппæлинаг газет «Хурзæрин» рафысджыты нымæц. Ууыл уыд йæ катай æмæ мæт «Мыхуырцæдис»- ы хистæр Саулохты Зояйæн дæр.

Ивгъуыдæй хорз æмæ раппæлинагæй цы уыд, уыдон нын хъуамæ ма уой аппаринаг, фæлæ сыл æнæмæнг хæцын хъæуы фидар. Газеттæ рафыссыны рæстæджы-иу базмæлыдысты куыстуæттæ æмæ уагдæтты разамонджытæ, хъæууон администрациты сæргълæуджытæ, иумиагахуырадон уагдæтты директортæ, æгæрыстæмæй-иу областы разамонджытæ дæр лæмбынæг кастысты уавæры цыдмæ. Уыцы хорз фæлтæрддзинад айрох, алчидæр ныхъхъус æмæ йæхи нæ тыхсын кæны хъуыддаг бацырын кæныныл.

Азтæ цæуынц, рæстæг згъоры. 100 азы размæ райгуырд æмæ рухс федта нæ уарзон газет «Хурзæрин». Нæ уыд йæ фæндаг бынтон лæгъз, фæлæ йыл цыд уæндон æмæ ныфсджынæй, æдзухдæр уыд æмæ абон дæр ис йæ уарзон дзыллæйы фарсмæ. Цæй æмæ æнгомдæрæй æрбалæууæт йæ фарсмæ, уæрæхдæр ын кæнæм йæ фæндаг. Хорз æнкъарæнтæ æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ сæмбæлæм нæ уарзон æмæ кадджын газеты 100 азы юбилейыл.

                                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.