26-æм августы нæ республикæйы Нывгæнджыты цæдисы куыстыты равдыстæй райдыдтой бæрæгбонон мадзæлттæ.

Уый байгом равдыстыты райдзаст залы æмæ йæм адæм, уæлдайдæр уазджытæ, зæрдиагæй цыдысты. Адæмы рæгъмæ рахастой Ирыстоны цардыл дзурæг алыгъуызон ирд æмæ цымыдисон нывтæ, афтæ ма хъæдæрмæгæй конд æрмдæсныты æрмæджытæ.

17 нывгæнæджы сæ экспозицитæм бахастой дыууиссæдз куыстæй фылдæр. Уыдон алыхатт дæр сæ аивад æмæ хуызджын ахорæнты руаджы базонын кæнынц дунейæн Хуссар Ирыстоны.

Нæ республикæйы Нывгæнджыты цæдис кæддæриддæр активон хайад райсы нæ бæстæйы уагъдцæуæг мадзæлтты. Ногæй ногдæр кæны се сфæлдыстадон куырдадз. Нæ фыдæлтæй абоны дуджы онг, æмткæй Ирыстоны истори, ирон хæххон хъæу æмæ пейзажтæ, культурон цыртдзæвæнтæ, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы хъомысджын бæстæтæй сæ иу – Уæрæсеимæ сабыр арвы бын цæргæйæ, ног цард аразыны фæндæгтыл цæуын, ирдæй зыны се сфæлдыстады тематикæйы. Куыстытæ се ‘ппæт дæр сты цымыдисон, цалдæргай хæттыты дæр-иу сæ разы æрлæууыдыстæм.

Адæймаджы зæрдæ дзы бацагайдтой «Свобода», «Признание 26 августа» (автор Гæбæраты Барис), «Битва за бурдюк», «Кафт», «Джеры дзуар» (автор Битеты Алан), «Пейзаж», «Утро в горах» (автор Дзæгъиаты Альбинæ), «Хохаг райсом» (автор Кокойты М.), «Ерман», «Æртæ хойы» (автор Хуыбиаты Р) æмæ æндæртæ.

Равдыст байгом кодта Нывгæнджыты цæдисы сæрдар. Уый фыцца-джыдæр арфæйы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг адæмæн æмæ банысан кодта Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уымæй аивадæн дæр йæ фæндæгтæ кæй фæуæрæх сты, уый.

«Абон мах бæрæгбоны цытæн байгом кодтам равдыст æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ циндзинад адих кæнæм уе ‘ппæтимæ дæр. Нæ нывгæнджытæ сæ аивад нывонд кæнынц ацы диссаджы бæрæгбонæн, нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы цæмæ бæллыдысты, ууыл мах абон цин кæнæм æмæ йæ цытджын æгъдауæй дæр нысан кæнæм. Равдысты цы куыстытæ ис, уыдонæн сæ фылдæр сты ног æмæ сты позитивон. Табуафси, саргъ сын кæнут уæхæдæг», – банысан кодта Битеты Алан.

Нывгæнджыты цæдисы сæрдар ма нын куыд загъта, афтæмæй равдысты фыццаг хатт хайад исынц дыууæ æрыгон нывгæнæджы – Тыбылты Сюзаннæ æмæ Гуыцмæзты Виктория.

Равдыст аххæсдзæнис сентябры мæйы кæрæттæм. Экспозици ма фæхъæздыгдæр кæндзысты 20-æм сентябры бæрæгбоны цытæн.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.