12-æм июны Уæрæсейы боны цытæн Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты равдыстыты залы цытджын æгъдауæй байгом хуссарирыстойнаг æвзонг нывгæнджыты равдыст «Цхинвал 5», кæцы аххæсдзæнис 10 июлы онг. Ам сæрмагондæй æвæрд æрцыдысты Саулохты Георги, Джиоты Вадим, Дзигойты Каринæ, Кокойты Мария, Дыгъуызты Мария, Гуыцмæзты Виктория æмæ Битеты Элинæйы куыстытæ, кæцытæн аргъгæнæг уыдысты се ‘ввахс адæм æмæ сын сæ аивадæн чи табу кæны, æппæт уыдон. Уыдонæн сæ куыстытыл бæрæг у курдиатджын нывгæнджытæ кæй сты æмæ сæм стыр тырнындзинад кæй ис аивады бæрзæндтæм хизыны хъуыддаджы. Куыстытæ сты æндæр æмæ æндæр темæтыл æмæ уымæй экспозицитæ сæхимæ æлвасынц адæймаджы. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы æвзонг курдиæттæ кæй сты нæ горæты Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы раздæры ахуыргæнинæгтæ.

Бæрæгбонон равдыст бацæуæн ныхасæй байгом кодта университеты ректор Тедеты Вадим. Уый, фыццаджыдæр, бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта, равдыст чи срæвдз кодта æмæ йе сфæлдыстад адæмы рæгъмæ чи рахаста, уыцы нывгæнджытæн. Æрæмбырдуæвджытæ ма университеты ректорæй зæрдиаг арфæтæ райстой Уæрæсейы боны цытæн дæр æмæ йыл сæмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ.

«Мах ацы равдыстыты зал байгом кодтам æрæджы æмæ йыл нæ нывгæнджытæ дæр æхсызгонæй сæмбæлдысты, алкæй зæрдæмæ дæр фæцæуы, уымæн æмæ дзы нæ бон у сæдæ куысты бæрц равæрын. Нæ абоны равдысты сымах аргъ кæндзыстут нæ республикæйы æрыгон нывгæнджыты куыстытæн. Уыдон сты тынг цымыдисон æмæ мæ уырны, уæ зæрдыл дæр кæй сæмбæлдзысты æмæ сын аккаг аргъ кæй скæндзыстут», – банысан кодта университеты ректор Тедеты Вадим.

«Россотрудничество»-йы сæргълæууæг Сергей Скворцов дæр Уæрæсейы боны цытæн арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæ хъæздыг у курдиатджын адæмæй, бирæ дзы ис аивады къабазы дæр.

«Хуссар Ирыстоны зæхх хъæздыг кæй у курдиатджын адæмæй, уый æз арæх фæзæгъын æмæ нæ рæдийын. Абоны мадзалыл мах цин кæнæм равдысты организатор Саулохты Георгийы фæрцы. Ам мах фендзыстæм æмæ базонгæ уыдзыстæм æрыгон нывгæнджыты куыстытимæ. Алчидæр нæ дзы йæхицæн райсдзæнис цавæрдæр ногдзинад, ног хъуыдытæ æмæ нæ зæрдыл дардзыстæм авторты сфæлдыстад. Абоны равдыстæн ис егъау политикон нысаниуæг, уымæн æмæ бирæ бæстæтæ, уырыссаг культурæйы архайджытæ сæ чъылдымтæ фездæхтой, Уæрæсемæ æмæ уый хъыгаг хъуыддаг у. Хуссар Ирыстон та кæддæриддæр йе ‘ргом здахы æмæ хъуыддагæй æвдисы йæ уарзондзинад æмæ иудзинад Уæрæсемæ. Стæй канд ахæм мадзæлтты нæ, фæлæ ма хæсты быдыры дæр. Ацы равдыст уæлдай хатт æмбарын кæны уый æмæ Хуссар Ирыстон кæй ис Уæрæсеимæ иумæ», – банысан кодта Сергей Скворцов.

Республикæ Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы уæнг Саулохты Георги дæр йæ раныхасы банысан кодта, азæй азмæ фылдæр кæй кæнынц æрыгон нывгæнджытæ, кæцытæ æнувыд сты сæ профессийыл. Георги ма куыд зæгъы, афтæмæй ивгъуыд азимæ абаргæйæ, бирæ фæфылдæр ис сæ экспозици. Ныртæккæ уыдон адæмы рæгъмæ хæссынц 70 куыстæй фылдæр.

Равдыстмæ æрбацæуджытæ зылдысты нывтыл, зонгæ кодтой нæ æрыгон æмæ курдиатджын нывгæнджыты æрмдзæфимæ. Нывгæнджытæ сæхæдæг та сæ хъус дардтой адæммæ æмæ-иу сæм кæд равдысты фæдыл фарстытæ фæзындис, уæд-иу сын дзуапп радтой.

 

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.