2008 азы августы мæйы, Цхинвал гуымиры æмæ цъаммар æхсты бын куы фæцис, горæты  сабырцæрæг адæмæй бирæтæ йæ амæттаг куы систы, уæд æз, куыд Уæрæсейы президент, Гуырдзыстоны хотыхджын бабырст æрлæууын   кæнын, хæст æруромын æмæ сыхаг пад-дзахад сабырдзинадмæ тыхфæлгъуыдæй æркæныны сæраппонд райстон дзуаппон хæстон архайдтытæ райдайыны уынаффæ. Æмæ уыцы уынаффæ  æххæстæй æмбæр уыдис ИНО-йы Уставимæ. Мах æмбæрстам, баныхæсты рæстæг кæй фæцис æмæ Хуссар Ирыстоны территоримæ бакодтам уæрæсейаг хæстон тыхтæ. Одиозон Саакашвилийы режимæн радтам дæрзæг æмæ цырд дзуапп. Мингай уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæм цардысты, уыцы дыууæ кавказаг республикæйы фондз бонмæ сабырад ралæууыд. Ныгуылæны уайтагъд сыстадис истерикæйы лакъон уылæн, фæлæ уавæр фæивынæн сæм тых нæ разынд æмæ цыбыр рæстæгмæ æрнымæг, æрсабыр сæ хъæрахст.

Агрессийæн ныхкъуырд радтыны фæстæ æрцыд æмбарынад – нæ паддзахæдты æхсæн æнæ официалон ахастытæ æмæ æмцæдисондзинадæй   Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны сабыр фидæн æмæ æдасдзинадæн гаранти радтæн нæй.  Историон рæстдзинад æмæ реалон уавæр сфидар кодтой Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй дыууæ барамынды. Мæ къух сыл æрфыстон 2008 азы 26 августы. Сæрибар цардмæ  тырнындзинады бар Республикæты адæмтæн  дæттынц ИНО-йы Устав æмæ иннæ æхсæнадæмон бындурон документтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хорз уыдаид, дардæй знаджы цæстæй кæсæг адæмæн  ахæм цаутæ хорз урок куы суыдаиккой. Хъыгагæн, нæ.  Иу хаттæй иннæмæ ныгуылæйнаг дуне хуыздæр хъуыддæгты аккаг нæсæттондзинад равдисы æмæ ногæй уыцы-иу халамæрзæныл къахæй ныллæууы. Ацы ныхæсты рæстдзинад фидар кæны «гибридон» кæй хонынц,  æцæгдзинадæй та НАТО киеваг режимы къухтæй пайдагæнгæйæ, Украинæйы æххæст æмæ тугкалæн хæсты немæ кæй бацыдис æмæ дзы  хъусты онг кæй нынныхстис, уыцы цæстуынгæ уавæр. Хæсты кæрон цавæр уыдзæн, уый æмбæрстгонд у: гуырдзиаг агрессортау, Киев æгадæй фæхæрд уыдзæн. Фидæны та – гæнæн ис æмæ Советон Цæдисы сæстытыл къухвæлыстæй арæзт Украинæйы паддзахад дунеон политикон картæйæ æрбайсæфа. Æмæ политикон сценæйæ æгадæй фесæфдзысты, абон ыл фырадæргæй чи ныддæвдæг ис, æрмахуыр крокодилы цæс-сыгтæ чи уадзы, йæ бæзджынахуырст цæстытæ чи ныдздзагъуыр кæны æмæ публикæйæ чи хынджылæг кæны, уыцы тугдзых быдзæутæ (клоунтæ).  Æнæхсад кæрдæгхуыз спортивон хæдæттæ сæ уæлæ, зондхæццæгæнæг стимулятортæй ныссырх сты сæ цæстытæ уыцы æнæкурдиат актертæн.  Йæ рæстæджы телекамерæйы цур йæ галстуктæ чи æууылдта, растдæр ахæм фыдуынд фриктæ.

Куыд кæсын, афтæмæй АИШ æмæ йæ фæсдзæуинтæн Советон Цæдисы территори сси «нæсахуыргонд урокты бæстæ». Раджы сæ хъуыдис сахуыр кæнын – скъоладзау йæ тетрады сырххуыз сисæй йæ фыддæр рæдыдтæ куыд бахæххытæ кæны, цæмæй иу хаттæй иннæ хатnмæ мауал рæдийа, афтæ. Уымæн æмæ уыцы æвирхъау рæдыдтытæ милуангай адæймæгтæн раздæрау æнæбауырнинаг аргъыл слæууынц.

 

Цахæм сты уроктæ?

1.Быдзæутæй  ныфс æвæрæн нæй.  

Зонын æй: 15 азы размæ ницавæр хæст уыдаид, Саакашвили æмæ йæ фарсхæцджытæ ахæм фыдгæнæг æмæ æнæбæрнон уаг куы нæ равдыстаиккой, уæд. Ницæйаг æмæ дзæгъæлдзых Саакашвили Ныгуылæнæн сси идеалон «æрмкъух» – дæхи æнгуылдзты фæдтæ дын ничи ссардзæн æмæ æдылыйы къухтæй та цыфæнды фыдмитæ дæр кæн. Хъуыды йæ кæнын, 2004 азы АИШ-мæ визиты рæстæджы (уæд Уæрæсейы президенты адми-нистрацийы сæргълæууæг уыдтæн) Джордж Буш мын куыд загъта: «Ацы гуырдзыстойнаг æвзонг Миша цæй дзæбæх лæппу у». «Фендзыстæм» – цыбыр дзуапп ын радтон уæд. Нæма йæ зыдтон, чи у æмæ цы у «хорз лæппу» Миша.

Дарддæр цы уыди, уый  хорз зонут. Гуырдзиаг æфсады куы ныддæрæн кодтам, уæд фыртæсæй Саакашвили Гуры ‘рыгæйдзаг фæндæгтыл, мысан ма суон, зæгъгæ, æрра ратæхбатæх систа. Иу къуыри куы рацыд, уæд фæныфсджындæр, йæхи æнæбары ныхсадта, йæ уæлæдарæс раивта, сырх галстук йæ хъуырыл бабаста æмæ адæмæн сæ хæрд æнад кодта, комкоммæ эфиры  йæ æууилын куы  райдыдта, уæд…

Абон ахæстоны бады æмæ йæ сæры хъуагыл уæддæр нæ сæтты, фæлæ хуымæтæг, мæлæты къахыл лæууæг  рынчын зæронд лæджы фæлгонц райста.  Ницæййаг фрик артисты курдиатæй уæддæр цух нæу.

Иннæ  ахæм фрик, сериалтæ æмæ КВН-ы реалон актер цалдæр майданы æмæ «бурбын сырх» фæфæлдæхты фæстæ Киевы уæлдæр бынаты рабадт…. Бæрæг у, Америкæйы фæрцы президентмæ дæр тбилисаджы хъысмæт кæй æнхъæлмæ кæсы. Ӕрмæст, дызæрдыг кæнын, «404 паддзахад»-ы сæргълæууæг ахæстоны камерæйы онг куы нæ фæцæра – зианхæссæг психоактивон хостæ никæй буар æмæ зондыл ауæрдынц.   Ӕниу, гæнæн ис æмæ зындоны  йæ ног шоумæ йын билет  йæхи агъуыд æмбæстæгтæ дæр «балæвар» кæной.

 

2.Уæрæсемæ æнæуынондзинад тауын нæ хъæуы

Саакашвили кæнæ  Зеленскийы хуызæн политикон мæрдтæ  цымыдисаг иртасæн объекттæ не сты.  Æлгъаг тæфимæ æмбийынц.  Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй политикон картæйыл ноджы æвзæрдæр тæфгæнаг субстанци – Уæрæсемæ æнæуынондзинад – самæнтын куы бахъæуы, уæд Ныгуылæн æнцонтæй æрбайсафы йе смудæнтæ…

Йæ рæстæджы Саакашвили Кавказы сси АИШ-ы фыццаг прокси-разамонæг. Йæ иунæг мисси уыдис Гуырдзыстоны цæрджыты зæрдæты Уæрæсемæ æнæуынондзинад æрцæрын кæнын, Фæскавказы Уæрæсейы позицитæ æрлæмæгъ кæнын. Ацы æнахуыр адæймаг йе ‘ппæт тыхтæ дæр радта хæст райдайынæн…

Уыдæттæ иууылдæр бирæ азты дæргъы уынæм Украинæйы. Антиуæрæсейаг истерикæ ам азæй-азмæ тынгдæр кодта. Ӕппæты одиозон адæймæгты хъæрахстæн рæдауæй доллартæ фыстой Вашингтоны дæлконтролон структурæтæ æмæ алыхуызон фондтæй. Рох нæ не сты алыхуызон майдантæ æмæ митингтæ, АИШ-ы алыхуызон паддзахадон секретарты хæдивджыты визиттæ баррика-дæтæм сæ «адджинæгтимæ» … Ничи æмæ никуы нæ ферох кæндзæн Донбасс æхсын райдайыны  бардзырд чи лæвæрдта, хуымæтæг адæмы фыдæвзарæнты æмæ ахæстоны амæттаг чи кодта,  уыцы цыфыддæр официалон адæймæгты фыдракæндтæ. Нæ ферох кæндзыстæм нацистон идеологийæ, экстремистон лозунгтæй, уырыссаг æвзагыл дзурæг æмбæстæгты бартæ байсынæй  паддзахадон политикæ чи сарæзта, уыцы цъаммарты…

 

  1. Мæнг ныхасыл æнцойгæнæн нæй

Ӕлдары уагахаст фæсдзæуин хорз хъуамæ æмбара. Кæннод æй  æнæ мыздæй феддæдуар кæндзæн. Æмæ йæ уд хъары, йæ хицау цы зæгъа, уый сæх-хæст кæныныл. Уæрæсейы президент куы уыдтæн, уæд Саакашвили æдзухдæр йæ позици куыд ивта, уый хорз хъуыды кæнын. Куы-иу æхсæнадæмон организациты æхсæнбацыдимæ сабырадон уаг дæттынмæ цымыдисгæнæджы хуыз райста – Уæрæсе та, дам, уæд уыдзæн регионы стабилондзинады гарант. Куыддæр Гуырдзыстонмæ америкаг службæйы лæгтæй, кæнæ сылгоймæгтæй (Кондолиза Райс) исчи фæзынд, афтæ та-иу æваст «радартæй æрбайсæфт». Уæрæсе æмæ уырыссæгты ныхмæ æлгъаг ныхæстæ дзырдта, абхазæгты æмæ ирæтты æфхæрдта, бадзырд ныфсæвæрдтæ-иу ферох кодта. Флюгерау зылди, фæсфурд бæстæйæ, ома, АИШ-æй дымгæ кæцырдæр дымы, уый бамбарынæн.

Ныгуылæн æмæ сæ киеваг марионеткæтæ Донбассы ситуацийы сæхи куыд равдыстой, уый хорз зонæм. Ногæй та цæстмæхъусдзинад, ногæй та дывæрсыг политикæ…

Минскаг бадзырдты фарсхæцæг йæхи æвдыста, уыцы НАТО æнæфсæрмæй спайда кодта бадзырдон процессæй, цæмæй йын рæстæг фæзына Киевы æххæстмасштабон агрессимæ бацæттæ кæнынæн…

Сæрмагонд æфсæддон операци райдайын нæ бахъуыдис. Партнертæм æууæнк æмæ æнæхиндзинад – кардиналон æгъдауæй кæрæдзийæ хицæн кæнынц… Нæ сын бантыст мах æдылыты бынаты сæвæрын. Радон хатт мæнгæн йæ къæхтæ цыбыр разындысты.…

…Нал хъусæм мах мæнг зæрдæвæрдтæм, нал нæ фæнды æнæтæлæн диалог аразын æмæ йæ æрурæдтам. Махæн нæхи рæстдзинад ис. Æмæ нын цард йæхæдæг куыд æвдисы, афтæмæй нæ рæстдзинад йæхицæн фæндаг гæрды.

 

Нæй æнцойгæнæн тыхыл

Гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг ныхмæлæудæй АИШ æмæ йе ‘мцæдисонтæ  ахсджиаг фæлтæрддзинад райстой. Сбæлвырд кодтой, фæссоветон тыгъдады гибридон хæсты хицæндзинæдтæ. Къулдæрæнгæнæг хæцæнгарз сарæзтой Гуырдзыстонæй, йæ хъысмæт сæ не ‘ндæвта – мæлæты дзыхмæ æрвитын  йедтæмæ сæ ницæмæн хъуыдис.

Ногæй та АИШ-ы хæстон-сæудæджерадон комплекс сси сыгъдæг æфтиæгтæ исæг…

Ныртæккæ Украинæмæ ласынц æмæ ласынц НАТО-йы хæцæнгарз – танктæ, æнæпилотон хæдтæхджытæ, пырхгæнæнтæ. Æмæ ма сæм ныр та бафтыдтой рагæй дæр тобæгонд æхсæнгæрзтæ. Сабырцæрæг адæмы чи цæгъды, уыцы кассетон бомбæтæ. Æнæзакъонон дæр уымæн сты. Уыцы «лæвæрттæ» финансон æгъдауæй куы банымайæм, уæд  сæдæгай миллиард доллартæй фылдæр разындзæн сæ аргъ. Æмæ та ногæй АИШ-ы æмæ НАТО-йы бæстæты хæстон-сæудæджерадон комплекс хъæздыг кæны.

Уæрæсейы хæстон-сæудæджерадон комплекс хъуыддагæй равдыста, йæ бон кæй у сæрмагонд æфсæддон операцийы æххæст ифтонг кæнын дæр æмæ ма йын уыимæ кæй ис егъау технологон æмæ кондадон потенциал.

Фæлæ махæн нæ тых канд хæцæнгæрзтæ æмæ æхсæнгæрзтæй  нæу. Мах рæстагдзинад æмæ рæстдзинады сæрыл хæцæм. Хъахъхъæнæм нæ зæхх, не ‘мбæстæгты æмæ ма махæй ныфсджын чи у, уыцы адæмты дæр. Куыд 15 кæнæ 80 азы размæ, афтæ абон дæр мах нæ историон миссийыл нымайæм фашистон режим ныддæрæн кæнын, цæмæй йæ кой дæр фесæфа. Ныртæккæ уал ыл чидæртæ разæнгардæй аудынц æмæ ардауынц ноджы фылдæр туг ныккалынмæ, ноджы фылдæр тугуагъдмæ.  Хæстæг у йæ æгад кæрон, уымæн æмæ ахæм вæййы алы къухвæлыст æмæ марионетон квазипаддзахадæн дæр йæ хъысмæт.

Мах нæ фæнды 2008 азы истори ногæй фенын. Мах раздæрау цæттæ стæм ИНО-йы Устав нымайгæйæ баныхасы фынджы уæлхъус æрбадынмæ æмæ проблемæтыл æрдзурынмæ. Фæлæ та ногæй нæ зæрдæхсайд реалон тæссагдзинадмæ куы рахиза, уæд ацы хатт нал гæдзæ кæндзыстæм.

Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныны идейæ раздæрау популярон у. Ахадгæ æфсон куыддæр фæзына, афтæ уыцы идейæ гæнæн ис æмæ реализацигонд æрцæуа..

Ныгуылæнæн та цауты ахæм фæзылд суыдзæн радон æгадгæнæг фиаско æмæ йæ ахадындзинады катастрофон сæфты нысан. Истори карз æфхæры, йæ уроктæ йын  чи ницæмæ дары, уыдон.

ДМИТРИ Медведев,

УФ-йы президент 2008-2012 азты,

ныртæккæ  УФ-йы Æдасдзинады

Советы сæрдары хæдивæг

газет «Аиф».

Мыхуыр цæуы цыбыртæй

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.