Хихджын бæлæсты мыггæгтæ цалдæр хуызы сты æмæ афæдзы алы рæстæджы дæр цъæхвæлыстæй лæууынц. Уыдон канд æрдзы рæсугъддзинад не сты, фæлæ ма адæймаджы æнæниздзинадыл дæр æндавынц хорзæрдæм. Къорд азты размæ хихджын бæлæсты талатæ сагъд æрцыдысты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы, гениалон поэт Хетæгкаты Къостайы бæрæгбон кæм фæнысан кæнынц, уыцы бынаты. Æвзонг тала ныссадзыны фæстæ хъуамæ хорз зылд æййафа, сæ алыварс сын фæхъæуы къахын, фæлæ иууыл сæйрагдæр та вæййы уыдон донæй æфсадын. Растдæр ахæм зылд кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ тагъд сбæлæстæ сты æмæ сæ алчи дæр фæисы æхцондзинад.

Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ сæм фæстаг рæстæджы кæй нал ис хъусдард. Бæласмæ та кæддæриддæр хъæуы æмбæлон хъусдард здахын, цæмæй мæрæй иса фаг уымæлад æмæ уа цæрдхъом. Хъыгагæн, алы аз дæр хус рæстæг ахæссы æмæ мæр нал æфсæды къæвдайы донæй. Уыцы згъуыд баххæст кæнынæн та иууыл хуыздæр амал у донхæры донæй сæм фæкæсын, фæлæ уымæй ныр сты цух.  Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ кæй хус кæнынц сæ къалиутæ, фæлæ сæ бахсæдыныл хъуыды дæр ничи кæны. Хорз уаид, кæй бæрны уыд ацы хъуыддаг, уыдон куы райсиккой æмбæлон мадзæлттæ.

                                 ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.