Аланта, ирæттæ цы зæххы фæзуат ахстой, уый географион фадæттæ сбæрæг кодтой ацы адæмы историон рæзты сæрмагонд уавæр.  Ирыстоны уæлхох районтæ хицæн кодтой канд сæ зынвадат æмæ тызмæг климæтæй нæ, фæлæ ма дзы егъау хъæды массивтæ кæй нæ уыд, уымæй. Ацы фадаты тæваг фæзынд хохæгты æппæт хæдзарадыл, арæзтæдты бакастыл. Уыдон фылдæр уыдысты дурæй конд. Ацы ахсджиаг темæйы фæдыл иууыл бæркадджындæр æмæ бæстондæр базонæн ис Калоты Барисы куыстыты.  

Хъæдæрмæгæй пайда кодтой сæйрагдæр хæдзарады бæстыхæйтты арæзтады, фылдæр æй æфтауц кодтой Стыр Леуахийы сæры цæрджытæ, уыдон хъуыстгонд уыдысты хъæдæрмæджы куысты дæсныйадæй. Уыцы дæсныты конд мигæнæнтæ – алыхуызон хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзтæ, хæдзары куысты дзаумæттæ – уæйгонд цыдысты Ирыстоны алы къуымты.

Хъæздыг у Ирыстоны зæхх алыхуызон згъæртæй (сызгъæрин, æвзист, зды, цинк). Уыдон къахыны куыст кодтой ирон адæмы фыдæлтæ: рагон хъобайнæгæ, скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Адæмон таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй ирон легендарон герой ̶ æфсадхон Ос-Бæгъатыр гуырдзиаг паддзах Вахтанг 1 (446-499азты) рæстæджы Садоны æрзæткъахæнты къахта æвзист. Фæлæ йæ мæлæты фæстæ, йæ фыртты ‘хсæн тох куы райдыдта, уæд уыцы æвзисты гуырæны куыст æрлæууыд. Рагзаманты хохаг куыстад кæй уыд, æвзист æмæ здыйы гуырæн кæй куыста, ууыл дзурæг сты, Ирыстоны хæхты цы шахтæтæ баззад, уыдон. Сæ кой хъусæм ивгъуыды иртасджыты куыстыты æмæ бæлццæтты фыстыты. Ирон адæм рагæй дæр сæйраг кодтой быдыры зæххы куыст, хохы та  – фосы куыст. Сæйраг хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзты фæзынд ахæссæн ис аланты заманмæ, кæмдæрты ма ис ноджы раздæры дуджы кой дæр.

Ирон адæмы рагзаманы куыстытæй ахсджиагдæр уыд цуаны цæуын. Уыимæ баст у канд зынгæхсæн хæцæнгарзы фæзынд нæ, фæлæ топпыхос æмæ здыйæ нæмгуытæ аразыны хъуыддаг. Хæстон (тохы) мæсгуыты сисдзæфты конструкцитæм гæсгæ зæгъæн ис, æмæ ирон адæммæ зынгæхсæн хæцæнгарз уыд суанг XIVæнусы.

Ирон адæмы хæдзарады стыр ахадындзинад уыд хæдзарон æмæ æрмгуысты дзаумæттæн, ахсджиаг уыд сæ амалиуæг. Фылдæр рæзтысты бынæттон хомагæй(сырьæ) æххæст чи цыд, уыдон. Уыдонмæ хауынц: сгæллад кæнын, цыхт ахсын, нæлхæ кæнын, хъæдын дзаумæттæ аразын.

Ирон адæмы рагондæр куыстытытæй иу уыд къуымбилы куыст кæнын.

Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ сгæллад æмæ къуымбилы куыст кæнæн дзаумæттæй бирæты нæмттæ сты рагон ирайнаг . Революцийы агъоммæйы автортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ирон сгæллад хицæн кодта йæ хæрзхъæддзинадæй, хъуыстгонд уыд æнæхъæн Кавказыл.

Бæлвырд хигъæдон миниуджытæй хайджын уыдысты ирон адæмы хæдзæрттæ æмæ цæрæнуæттæ, сæ хъахъхъæнæн арæзтæдтæ æмæ материалон культурæйы æндæр цыртдзæвæнтæ. Уыдоны фæд ма абон дæр фенæн ис Ирыстоны хæхты, уым ма сты сæ кæлæддзæгтæ.

Иууыл рагондæр арæзтæдтыл Ирыстоны хæхты нымайæн ис мæсыг, гæнах æмæ галуан. Астæуккаг æнусы историк Вахушти Ирыстон хоны мæсгуыты æмæ фидæртты бæстæ, сæ бæрц ам бирæ кæй у, уый тыххæй. Ирон мæсгуытæ сыхаг адæмты мæсгуытæй хицæн кæнынц сæ æддаг бакастæй, сæ амады хуызæй. Уыдон дих кодтой æртæ хуызыл: цæстдарæн-хъахъхъæнæн, хæстон æмæ цæрæн.

Хæхты ирон адæмы цæрæнуæтты фарсмæ уыдис бирæ зæппæдзтæ. Уыдон арæзт уыдысты алы дугты. Дих кодтой æртæ къордыл: дæлзæххон, уæлзæххон æмæ æрдæгдæлзæххон. Зæппæдзты фæзынд ирон адæммæ æрмæст фыдæлты æгъдау æххæст кæнынимæ баст нæ уыд, фæлæ ма сæм зæхх чысыл кæй уыд, уыимæ.

Стыр цымыдисаг у традицион ирон дарæс, уый ивта бирæ æнусты дæргъы. Иу историкты æрфыстмæ гæсгæ ирон адæм дардтой хæдон æмæ хæлаф. Иннæтæм гæсгæ та ̶ даргъ уынгæг хæлæфтæ, хæццæ сын кодтой сæ басмахътæм, уыдон та уыдысты хуыд тынг тæнæг цармæй. Уæллаг дарæсæн сын уыдис куырæт, уый у ирон дарæсы рагон хай, йæ ном хæццæ кæны скифты дугмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй куырæт уыд ирон адæмы æрвылбоны дарæс, куыд сылгоймæгтæн, афтæ нæлгоймæгтæн дæр. Цухъхъа та уыд бæрæгбоны дарæс, уый хицæн кодта куырæтæй йæ карстмæ гæсгæ. Къахы дарæсæн арæх дардтой æрчъитæ, уæлдайдæр та хохы. Сæ сæртыл дардтой фысы цармæй хуыд худ ̶ уæлдзарм худ, сæрдыгон та ̶ нымæт худ. Цухъхъайы фæзынд ирон адæммæ хаст цæуы фæсмонголты дугмæ æмæ баст у зынгæхсæн хæцæнгарз æмæ топпыхосы фæзындимæ. Топпыхос æвæрынæн цухъхъайы риуыл дыууæ фарс дæр хуыд цыд дзыпп, уыд дихтæгонд. Йæ дихты æвæрд цыдис 5 кæнæ 9 хъæдын, кæнæ стæгæй конд гилдзы, сæ хуылфы уыд бæлвырд барстæй топпыхос, уыцы иу бæрц. Уымæ гæсгæ сæ схуыдтой бæрцытæ.

Фæстæдæр уыдысты æрмæст цухъхъа аив кæнынæн. Афтæмæй нæ бон зæгъын у æмæ цухъхъа райрæзтис куырæтæй. Цухъхъайæн-иу æвзæрстой сау, морæ кæнæ цъæх(фæныкхуыз) сгæллад. Куыд æппæт Цæгат Кавказы адæмы, афтæ ирон адæмы уæлæдарæсы дæр æнæмæнгхъæуæг хай уыдысы нарæг кавказаг рон æмæ хъама. Рон аивгонд уыд згъæр кæнæ æвзист роны æвзæгтæй. Хъамайæн та уыд сызгъæрин кæнæ æвзист фæлгæт .

Ирон сылгоймаджы дарæс, бирæ историкты æрфыстмæ гæсгæ раздæр йæ карстмæ гæсгæ тынг нæ хицæн кодта нæлгоймаджы дарæсæй. Фæлæ фæстæдæр 18-19 æнусты бæрæг фæивта. Бæрæгбоны къабайæн йæ синтæ сты раст карст, æнæ æмбырдтæй, фæлæ раздæрау разæй у сæрæй кæронмæ къæртт. Синтыл баст цыд хъæдабæйæ конд куатæйы ‘ нгæс дзаума, , уыд аивгонд орнаментæй, зындис къабайы бынæй. Дыс-иу уынгæг куы уыд, уæд-иу ыл разæй баст æрцыдысты хицæнæй дыстæ, уæззау, хæрдгæхуыд сырх хъæдабæйæ. Астæу-иу æрбалхъывтой рæсугъд сызгъæриндонытылд ронæй. Чызджы æмæ æрыгон сылгоймаджы дарæсы æнæмæнгхъæугæ хайыл нымад уыд тымбыл, хъæдабæйæ конд хæрдгæхуыд худ. Бæрзонд нæ уыд, йæ бындур уыд картонæй.

Ирон адæмы матераиалон культурæйы сæйраг хуызтæ

Æрвылбоны дарæсæн дардтой къаба, йæ астæуыл æмбырдтæгонд, йæ æфцæггот уыд раст кæнæ фæйнæрдæм фæлдахгæ, йæ риу астæумæ уыд къæртт, йæ дыстæ размæ кодтой уынгæгдæр.

Тынг хъæздыг æмæ алыхуызон у ирон адæмы аивад. Ууыл дзурæг сты орнаменты хуызтæ, хъæдæрмæгыл æмæ дурыл конд нывæфтыдтæ ,нывхуыд, згъæры аивадон бакуыст.

Этнографион æмæ археологон æрмæгы иртæст нын фадат дæтты ирон аивад, хъобаны культурæ, скифты, сæрмæтты æмæ аланты культурæ кæрæдзийы кæй баивтой, уый кой кæнынæн. Ирон традицион музыкалон инструменттæ бирæ не сты æмæ сты сыхаг адæмты, уæлдайдæр та балхъайрæгты, адыгейæгты æмæ суанты музыкалон инструменттæм хæстæг. Уыдонæй алкæй равзæрд дæр цымыдисаг у. 17 æнусы 80-æм азтæм ирæттæм уыд уадындз, хъисын фæндыр æмæ дыууадæстæнон фæндыр. Уыдоныл цагътой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Уыцы рæстæджы Ирыстонмæ Уæрæсейæ æрбафтыд дыууæрæнхъон фæндыр (двухрядная гармонь). Рæстæг куыд цыд, афтæ уый парахат кодта æмæ иннæ адæмон музыкалон инструментæ йæ аууон аззадысты. Уыцы фæндырыл цагътой æрмæстдæр сылгоймæгтæ. Уыимæ иумæ ма нæм фæстæдæр Кæсæгæй æрбафтыдысты къæрцгæнæнтæ, Дагестанæй та ̶ доули.

Зæгъæн ис, æмæ скифтæ- сæрмæттæ Кавказмæ цы фæндыр æрбахастой, уый парахат уыд алантæм дæр, уыдонæй та фæхæццæ ирæттæ æмæ балхъайрæгтæм. Нарты кадджытæ аланты царды уаг æвдисæг сты, уым бæлвырд бæрæг у ацы хъуыды. Ирон адæмы рагон музыкалон инструменттæм ахæссæн ис уадындз. Нарты кадджыты уадындз у Ацæмæзы номимæ баст,уый- иу йæ уадындзы алæмæты зæлтæй райхъал кодта цæрæгойты æмæ зайæгойты дуне. Адæм уадындз нымадтой фыййæутты музыкалон инструментыл, кодтой иу æй хъæзæй æмæ фæдæгъдæй . Йæ дæргъ æнæхъæнæй уыд 50-70 см. Йæ уæллаг хайы-иу уыдис 3-5 хуынчъы.

Дæлдæр цы æрмæг лæвæрд цæуы, уым фæлварæм ирон адæмы алывæрсыг цард равдисын: хæдзарады куыст, материалон культурæ, хæдзары дзаума аразыны дæсныйад. Альбомы цы æрмæг ис (кусæнгæрзтæ, транспорты фæрæзтæ стæй царды уаг æвдисæг предметтæ), уый нын фадат дæттынц ирон адæмы ивгъуыдмæ афæлгæсынæн, сæ хæдзарады сæйраг хуызты рæзты уавæр базонынæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.