Налцыччы уагъд æрцыд æхсæнрегионалон турнир теннисæй «Шаг в будущее», зæгъгæ. Уым хуссарирыстойнаг теннисисттæ Къуылыхты Заринæ, Майя Касрадзе æмæ Хаситы Богдан Цæгат Ирыстон-Аланийы командæйы сконды Дагъыстаны æмбырдгонд командæйы рамбулгæйæ бацахстой цыппæрæм бынат. Уый тыххæй хъусын кæны Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы тренер Джиоты Мириан. Хисæрмагонд ерысты та Къуылыхты Заринæ рахызт фыццаг финалмæ, Майя Касрадзе та дыккаг финалы ссис æвзист призер.

НОМАРÆН ТУРНИР

Краснодары кæронмæ бахæццæ Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты призер Къудухты Бесикы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым Ирыстоны минæвæрттæй фæуæлахиз Нартыхты Давид (125 кг). Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Фрайты Руслан (92 кг), Таугазты Ирбег (97 кг), Гаглойты Инал (125 кг) æмæ Хынцæгты Марат (125 кг).

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

23-29 октябры Албанийы уагъд æрцæудзæн 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн дунейы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй. Уым уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты Азербайджаны æмбырдгонды сконды архайдзæн цхинвайлаг Джиоты Арсений. Уæрсейы æмбырдгонды сконды та архайдзысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы иннæ хъомылгæнинæгтæ Багаты Арслан (86 кг), Багаты Алан (92 кг) æмæ Козырты Сергей  (97 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.