2019 азы историон цаутæ æрцыдысты Хуссар Ирыстоны спортивон царды. Республикæйы спортсментæ се’нтыстытæй бирæ хæттыты барухс кодтой спорт-уарзджыты зæрдæтæ.

ФУТБОЛ

Ивгъуыд аз иууыл æнтыстджындæр рауад хуссарирыстойнаг футболисттæн. Фыццаг хатт РХИ-йы æмбырдгонд командæ ссис CONIFA-йы эгидæйы бын уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Хæххон-Къарабахы. Финалы Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ 1:0 хыгъдæй рамбылдта Хурныгуылæйнаг Сомихстоны æмбырдгонды. Ацы æнтысты фæстæ командæйыл цытджын æгъдауæй сæмбæлдысты Цхинвалы. Президенты номæй командæйы уæнгтæ хорзæхджын æрцыдысты æхцайы премитæй – фæйнæ 100 мин сомæй.

Хуссарирыстойнаг футболисттæ фæстæдæр та систы РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Дыууæ турниры дæр командæйы тренер уыд Хъоцыты Сослан.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Республикæйы спортивон историмæ ма бацыдысты уæгъдибавр хъæбысхæстæй архайæг богалты æнтыстытæ. Сæйраджыдæр та – Зассеты Арсæмæг æмæ Бестауты Андрейы уæлахизтæ. Зассеты Арсæмæг кадетты ‘хсæн (18 азы онг) иууыл уæззаудæр уæзы категорийы ссис дунейы чемпион, Бестауты Андрей та ацы кары спортсменты ‘хсæн иууыл уæззаудæр уæзы категорийы рамбылдта Европæйы чемпионат. Зассеты Арсæмæг ма рамбылдта дыууæ хатты Олимпион чемпион Андиаты Сосланы номарæн æппæтуæрæсейон турниры сыгъзæрин майдан. 16 азы онг спортсменты ‘хсæн та Дзæгъиаты Сослан ссис Уæрæсейы чемпион. Уый хъуамæ ацыдаит ацы кары спортсменты ‘хсæн Польшæйы уагъдцæуæг Европæйы чемпионатмæ, фæлæ йын ацы бæстæмæ  визæ нæ радтой. Æртæ спортсмены дæр сты Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ.

ÆППÆТСТИЛОН КАРАТЭ

 РХИ-йы спортивон историмæ ма сæ нæмттæ  бахастой Лолоты Артур æмæ Дудайты Доннæ. Ноябры уыдон систы Мæскуыйы уагъдцæуæг æппæтстилон каратэйæ дунейы чемпионтæ. Лолоты Артур архайдта хитстæр кары спортсменты ‘хсæн. Доннæйæн та ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 14-15 аздзыд каратисткæты ‘хсæн. Артуры тренер у   Хъуылымбегты Мамед, Доннæйы та цæттæ кæны Созаты Владимир. 

АРМСПОРТ

Фæстаг азты спортуарзджыты зæрдæтæ рухс кæнынц армспортæй архайæг спортсментæ. Ивгъуыд аз Гасситы Сослан архайын райдыдта хистæр кары спортсменты ‘хсæн. Нырма йын бантыст Уæрæсейы чемпион суæвын æмæ афтæмæй бар райста дунейы чемпионатмæ ацæуын. Уым та бацахста дыккаг бынат. Дыккаг ма ссис Европйы чемпионаты дæр. Румыны ма уагъд цыд æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионат. Уым фыццаг бынæттæ бацахстой Хæбæлаты Арсен æмæ Джиоты Радион. Ерысты архайдта тренер Джиоты Валерийы иннæ хъомылгæнинаг Дыгъуызты Миленæ дæр. Уый ивгъуыд аз ссис æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпион. 

ДЗЮДО

Февралы мæйы хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ ссис Санкт-Петербурджы уагъдцæуæг Европæйы Кубокы уæлахиздзау. Ерысты хайад истой 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ. Аланæ архайдта иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+78 кг). Тренер Тъуриты Тенгизы хъомылгæнинаг финалы фембæлд ацы уæзы Уæрæсейы лидер Екатерина Шагаеваимæ æмæ йæ рамбылдта 32 секундмæ.

Тъуриты Тенгизы иннæ хъомылгæнинаг Ксения Дьяченко та ссис æвзæнгты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон Зылды чемпионаты уæлахиздзау.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

2019 азы райдианы Кæсæбиты Майрæм ссис уæззау атлетикæйæ æвзæнгты ‘хсæн УФ-йы чемепионаты бронзæйон призер. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Старый Осколы. Майрæм архайдта 49 кг уæзы категорийы. Тренертæ Кæсæбиты Инал, Александр æмæ Наниты Аланы хъомыл-гæнинаг фенын кодта 158 кг (70+88) бæрæггæнæн.

ПАУЭРЛИФТИНГ

Хуссарирыстойнаг спортсмен Икъаты Сæрмæт ссис пауэрлифтингæй Хурскæсæн Европæйы гом Кубокы уæлахиздзау. Сæрмæт 125 кг уæзы категорийы архайгæйæ,  «становая тяга» кæй хонынц, уыцы дисцпилинæйы  фенын кодта 302,5 кг бæрæггæнæн. Ивгъуыд аз тренертæ Плиты Артур æмæ Габайты Ацæмæзы хъомылгæнинаг фæуæлахиз Дунейы Кубокы дæр. 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

Фыццаг хатт нæ республикæйы минæвар стъолы теннисæй дыккаг бынат бацахста Мæскуыйаг студентон хъæзтыты. Ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд Елбачиты Иринæйæн. Уый ацы аз хайад райсдзæн Уæрæсейы чемпионаты.

Хуссарирыстойнаг теннисисттæ ма ивгъуыд аз та систы Цæгат Кавказы Федералон Зылды чепионаты командон ерысты бронзæйон призертæ. Бекъойты Эдвард, Кокойты Амандæ æмæ Джиголаты Дианæ архайдтой РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды. Ерыстæм сæ бацæттæ кодтой тренертæ Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

БОКС

Марты мæйы хуссарирыстойнаг боксер Хъæцмæзты Дмитри фæуæлахиз æвзæнгты ‘хсæн Хуссар Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Волгограды. Тренертæ Бестауты Чермен æмæ Тедеты Аликы хъомылгæнинаг архайдта 91 кг уæзы категорийы. Уый дыууæ хатты фембæлд йæ ныхмæлæуджытимæ æмæ сыл фæуæлахиз. Ацы тренерты иннæ боксер Бекъойты Азæмæт та рамбылдта «А» къласы ерысты.

Æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты финалист та ссис Гæджиты Гурам. Уый та цæттæ кæны Дзигойты Ацæмæз.

ХУССАР ИРЫСТОНЫ УАГЪД ÆРЦÆУÆГ ЕРЫСТÆ

2019 азы бирæ турниртæ уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны. Уæгъдибар хъæбысхæстæй  сæйраджыдæр рахицæн кæнын хъæуы Тедеты Альберт (Ибрагим) æмæ Тедеты Владимиры (Вла) номыл ерыстæ «Аланийы чемпионат», зæгъгæ. Сæрмагондæй ацы ерыстæм развæлгъау æрцыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон стъалытæ УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер, РХИ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Тедеты Дзамболаты сæргълæудæй. Делегацийы сконды уыдысты Олимпион чемпион Абдулрашид Садулаев, Олимпион хъæзтыты призертæ Тыджыты Таймураз æмæ Гозымты Хетæг, дунейы чемпионтæ Цæболты Хетæг, Магомедрасул Газимагомедов, Сидахъты Зауырбег, Магомед Курбаналиев, Абдусалам Гадисов, Магомед Азизов, Владимир Модосян, Æлдаттаты Ибрагим, Фæрниаты Ирбег, Европæйы чемпион Байцаты Владислав, дунейы чемпионаты призер Уалыты Владислав, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Байты Давид æмæ æндæртæ.

Зындгонд спортсментæ цалынмæ ерыстæм нæ бацыдысты, уæдмæ сæ йæхимæ райста паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

ПРОФЕССИОНАЛОН БОКС

Цхинвалы спортивон комплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыд дунеон турнир профессионалон боксæй. Ардæм æрбацæуæг сæдæгай спортуарзджытæ федтой 7 тохы. Йæ раныхасы рæстæджы турниры стыр нысаниуæджы тыххæй банысан кодта Президент Бибылты Анатоли. Тохтæм бакæсынмæ Цхинвалмæ æрцыдысты проумотерон компани «Урал Бокс Промоушен»-ы президент Евгений Вайнштейн, Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон Зылдты профессионалон боксы федерацийы президент Сергей Костенко, IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат æмæ æндæр зындгонд адæймæгтæ. Профессионалон боксы изæры фæстæ дыккаг бон спорты галуан «Олимп»-ы уыд боксæй æвзæнгты ‘хсæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбырдгонд командæты матчон фембæлд. Уагъд æрцыд 13 тохы.

ХÆЛАРАДОН ХЪАЗТ ФУТБОЛÆЙ

Ивгъуыд аз ма Цхинвалы уагъд æрцыд хæларадон хъазт футболæй. Хъазæн фæзы фембæлдысты Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы æмбырдгонд командæтæ. Хъазт фæцис хуссарирыстойнаг футболистты пайдайæн – 2:0.

ДУНЕОН ТУРНИРТÆ

Хуссар Ирыстоны столицæйы уагъд æрцыд Президенты призтæ рамбулыны сæраппонд дунеон турнир ленк кæнынæй. Афтæ ма Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд турнир футболæй. Ленк кæнынæй ма уыд дунеон турнир Mad Wave Кавказ. Дунеон турнир ма уагъд æрцыд шашкæ-тæй дæр ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн. Хæдбардзинады акт райсыны боны цытæн та уагъд æрцыд 6-æм дунеон турнир стъолы теннисæй.

НАЦИОН ОЛИМПИОН КОМИТЕТЫ СЫРÆЗТ

2019 азы июлы мæйы Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд Национ Олимпион комитет. Йæ президентæй æвзæрст æрцыд спорты галуан «Олимп»-ы директор Табуты Роберт. Национ Олимпион комитет саразыны инициатор у уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы тренер, РХИ-йы хъæбысхæсты федерацийы президент  Тедеты Дзамболат. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй комитет арæзт æрцыд уый тыххæй, цæмæй нæ спортсментæн фадат уа нейтралон тырысайы бын Олимпион хъæзтыты хайад исынæн.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.