Кæронмæ бахæццæ РХИ-йы хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн стъолы теннисæй IX æхсæнадæмон турнир. Ерысты хайад райстой 60 спортсменæй фылдæр. Призтыл тох кодтой Кæсæг-Балхъар, Абхаз, Цæцæн, Дагъыстан, Стъараполы край, Ростовы область æмæ Хуссар Ирыстоны теннисисттæ.

Ерыстæ бацæттæ кодтой Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ «РХИ-йы стъолы теннисы федераци». Турниры генералон спонсор у политикон парти «Ныхас», кæцы æрвылхатт дæр финансон фæрæзтæ рахицæн кæны ерыстæ ауадзыны тыххæй.

Афтæ ма финансон æххуыс бакодтой Бæгъиаты суаруадзæн завод, арæнгонд бæрндзинадимæ æхсæнад «Атей» (Аландон) æмæ сæнуадзæн завод «Ирон сæн».

Дунейы адæмты ‘хсæн хæлардзинад кæй тауынц, уый тыххæй ерысты байгом кæныны церемонийы рæстæджы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Абхаз, Стъараполы край, Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Кæсæг-Балхъары стъолы теннисы федерациты сæргълæуджыты.

Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы.

Спортуарзджытæ федтой цымыдисон хъæзтытæ, тох цыд алы пуртийы тыххæй дæр. Спортсментæ равдыстой бæрзонд цæттæдзинад. Тынг цымыдисон рауад нæлгоймæгты ‘хсæн финалон хъазт дæр. Ам фембæлдысты Иван Украинский æмæ Артур Ацканов. Украинский раздæр ссис дыккаг турниры уæлахиздзау, Ацканов та ацы ерысты хайад иста фыццаг хатт. Сыгъзæрин майданы хъысмæт скъуыддзаг æрцыд 5-æм партийы, цыран Украинский архайдта чысыл хуызæдр æмæ дыккаг хатт ссис турниры уæлахиздзау.

Æртыккаг бынат та бацахста Кантемир Смбеков.

12 азы онг кæуыл цæуы, уыцы чызджыты ‘хсæн фыццаг ссис Борыхъуанты Тамарæ, пьедесталы дыккаг æмæ æртыккаг къæпхнмæ та схызтысты Къуылыхты Заринæ æмæ Майя Касрадзе. Чызджыты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Елбачиты Иринæйæн. Дыккаг ссис Александра Шевлакова, æртыккаг бынатыл та ацыд Виктория Сарибекян.

Æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты сыгъзæрин майдантæ бафтыдысты Бæцæзаты Сослан æмæ Елбачиты Иринæйы къухты. Дыккаг систы Иван Украинский æмæ Майя Касрадзе, бронзæйон хорзæхтæ та рамбылдтой дыууæ къайы – Мæлдзыгаты Алан æмæ Кокойты Амандæ æмæ Михаил Чимбарцев æмæ Лалыты Азæ.

Ветеранты ‘хсæн иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Михаил Чимбарцев, æвзист призер ссис Сергей Кукушкин, бронзæйон хорзæх та рамбылдта Сергей Мусаилов. «Уæлахизмæ тырнындзинады» призтæ лæвæрд æрцыдысты Ролан Кулешов æмæ Габуты Илонæйæн.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, Кады грамотæтæ, кубоктæ  æмæ æхцайы премитæй. Цытджын церемонийы хайад райстой «Стъолы теннисы федерацийы»  президент Джиоты Мириан, политикон парти «Ныхас»-ы сæрдар Бесаты Зитæ æмæ дунеон категорийы тæрхонæгæнæг Андрей Климов.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призертæн ма лæвæрттæ райстой компани «Мегафон – Южная Осетия»-йæ.

 

ШАХМАТТÆ

Хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн ма ерыстæ уагъд æрцыдысты шахмæттæй дæр. Бæрæгбоны цытæн ерысты хайад райстой 50 шахматистæй фылдæр. Уыдон дихгонд уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Турнир байгом кодта шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георги. Цытджын церемонийы хайад райста Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан. Турниры хайадисджытæн ерысты уагæвæрды тыххæй радзырдта организацион комитеты минæвар Цхуырбаты Андрей. Шахматисттæ дихгонд уыдысты дыууæ къордыл. Фыццаг къорды хъазыдысты хистæр кары шахматисттæ æмæ æрыгæттæй спортивон разрядтæ кæмæн уыд, уыцы спортсментæ. Иннæ къорды та – ахуырдзаутæ.

Хистæр кары къорды иууыл цæттæдæр разынд Михаил Логачев æмæ ссис ерысты уæлахиздзау. Дыккаг бынат бацахста Къодоты Андрей æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Джыгкайты Артур. Кæстæр кары къорды æнæнхъæлæджы иууыл хуыздæр бæрæггæнæн равдыста Бæззаты Алан, кæцы йæ хъæзтытæ иууылдæр рамбылдта. Дыккаг ссис турниры иууыл кæстæр хъазæг Плиты Бибо æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Тедеты Барсæг.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Традицимæ гæсгæ æнæ хорзæхæй нæ баззадысты ерысты иннæ хайадисджытæ дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.