Хуыцаубоны, 15-æм октябры, диссаджы фæззыгон бон Хуссар Ирыстоны дзыллæ цытимæ банысан кодтой ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, гениалон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, нывгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырды бон. Ацы аз генийы райгуырдыл сæххæст ис 164 азы æмæ уый тыххæй æгас Ирыстоны, Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр, стырæй чысылæй арынц уымæн йе стыр æмæ кадджын ном.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы уæрæх фæзбынаты Ирыстоны уарзондæр фыссæджы райгуырæн боны цытæн уыдис стыр бæрæгбон – фестиваль «Традицийы фæдонтæ-Аланиада». Ирон адæмы иумæйаг æмæ ахсджиаг бæрæгбон сорганизаци кодтой республикæйы Культурæйы министрад, РХИ-йы Фæсивæды хъуыддæгтæ æмæ спорты комитет, афтæ ма Цхинвалы районы администраци.

Бæрæгбон 11 сахатыл байгом кодтой спортивон ерыстæй. Уым фæсивæд сæ тыхтæ æмæ сæ хъару æвзæрстой фат æмæ æрдынæй æхсын, армрестлинг, уæзтæ исын, бæхты дугъты æмæ æндæр ахæмты. Хихджын бæлæсты бын та дæргъæй-дæргъмæ æвæрд уыдысты декоративон-прикладон аивады æрмæджытæ.  Равдысты ма фенæн уыд хуссарирыстойнаг нывгæнджыты мидисджын нывтæ. Уым сæрмагондæй архайдтой нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан, Æрыгон техникты станцæ, Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндон, Знауыры районы сывæллæтты сфæлдыстадон галуан, Къостайыхъæуы нывгæнæн скъола-студийы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ. Студийы ахуыргæнинæгтæ бынаты æппæт цымыдисгæнæг адæмæн уагътой ныв кæнынæй мастер-къластæ дæр.

Фестивалы программæ хъæздыг кæй уыдис, уымæ гæсгæ мадзæлттæ аххæссыдысты дзæвгар рæстæг. Цæмæй, æнæхъæн боны дæргъы фестивалы хайад чи иста, уыдон басихор кодтаиккой, уый тыххæй бынаты айтыгътой быдырон къæбиц æмæ адæмæн уæрстой хæрзад кас æмæ адджын цай. Быдырон къæбицы организатортæ та уыдысты нæ Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ.

Мадзалы райдианы Президент Гаглойты Аланыл, ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ сæмбæлдысты районы разамынад æмæ фæсивæд национ уæлæдарæсы. Бæстæйы сæргълæууæг арфæ ракодта æгас Ирыстоны адæмæн Къостайы райгуырæн боны сæраппонд æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ фарн алы ирон хæдзары дæр.

­­­­­Гениалон поэты райгуырды боны цытæн Къостайыхъæуы йæ цырты раз уыд дидинджытæ сæвæрыны церемони. Бæрæгбонон церемонийы хайад райстой нæ республикæйы къухдариуæгад Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзау фæсивæд. Уый фæстæ Къостайы кадæн Фысджыты цæдисы уæнгтæ æмæ скъоладзау фæсивæд радзырдтой цыбыртæй поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй, æнæкæсгæйæ бакастысты номдзыд поэты æмдзæвгæтæ. Гаглойты Алан йæ раныхасы банысан кодта стыр кад кæй кæны Хетæгкаты Къостайæн æмæ йе сфæлдыстадæн.

«Абон ацы рæсугъд фæззыгон бон мах æрæмбырд стæм, цæмæй цытимæ ссарæм Хетæгкаты Къостайы ном. Æгас Ирыстон нысан кæны национ бæрæгбон æмæ уымæй мах бæрзонд исæм Къостайы ном æмæ кад. Махæн уый бар нæй æмæ йын ма балæггад кæнæм. Фæстаг рæстæджыты мах арæх ацæуæм Цæгат Кавказы республикæтæм æмæ уыцы регионты адæмтæ тынг хорз зонынц, чи уыд Къоста æмæ йæ фæстæ цы фæд ныууагъта, уый. Стыр кад ын фæкæнынц æмæ дзы мах кæддæриддæр стæм сæрыстыр», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Гаглойты Алан ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Къоста махæн ныууагъта, аргъ кæмæн нæй, ахæм стыр сфæлдыстадон бынтæ æмæ уымæ гæсгæ ирон адæм хæсджын сты, цæмæй йын макуы ферох кæнæм йе стыр ном, йе сфæлдыстад æмæ уыимæ иумæ бахъахъхъæнæм мадæлон æвзаг.

Бæрæгбонон фестивалы адарддæр кодта концертон программæ, кæцыйы хайад райстой нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ æмæ зарæггæнджытæ.

Нæ уацх.

————–

Ногæй зæрдыл æрлæууын кæнынæн

Стыр адæймагæн йæ ном æнусон вæййы, æдзухдæр йæ радтæг адæмæн сæ зæрдыл фæлæууы, цы адæмæй рантыст, æдзухдæр сæ хорздзинадыл чи тад, сæ зындзинад æмæ мастыл та сагъæс чи кодта æмæ сын уыцы риссаг фарстатæ аскъуыддзаг кæныныл йæ царды дæргъы чи тох кодта, уый æнусты сæрты дæр фæмысынц хорзæн. Ахæм гоймаг ирон адæмæн у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста æмæ йын кæддæ-риддæр мысынц æмæ мысдзысты йæ рухс ном.

Уымæн æвдисæн у, Цхинвалы районы ивгъуыд æнусы цы раппæлинаг хъæппæрис ныббиноныг æмæ йын кад æмæ радимæ йæ рухс ном куыд зæрдиагæй банысан кæнынц, уый дæр. Ам банысан кæнын хъæуы, уыцы хорз хъуыддаг аразджыты фыццæгтæй иу кæй уыд районы культурæйы хайады уæды сæргълæууæг Тадтаты Юзæ. Бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цыдысты бæрзонд æмвæзадыл æмæ дзы хайад истой областы районты минæвæрттæ. Афтæ арæх фæдзурынц, размæ куы кæсай, уæд хатт фæстæмæ дæр хъæуы фæкæсын, хорзæй æмæ дзы раппæлинагæй цы уыд, уыдоныл цæст ахæссын, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ мæн дæр фæнды, Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Хетæджы фырты бæрæгбонон мадзæлттæ куыд бæрзонд æмвæзадыл цыдысты, уыдонæй цалдæры тыххæй ногæй æрдзурын.

Цæвиттон, 1982 азы бæрæгбонон мадзал уæрæх банысан кодтой Къостайыхъæуы æмæ дзы хайад райстой канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма Цхинвалы горæт æмæ областы иннæ районты минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Феликс, Облæххæсткомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæг Гугкаты Зауыр æмæ æндæр разамонæг кусджытæ. Митинг байгом кодта партийы Цхинвалы райкомы фыццаг секретарь Джиоты Феликс. Мидисджын уыд йæ раныхас филологон зонæдты кандидат Дзуццаты Хадзы-Муратæн. Уый фæстæ се ‘мдзæвгæтæ кастысты фысджытæ Мæргъиты Къоста, Асаты Реуаз æмæ Дзугаты Георги.

Адæм уый фæстæ цымыдисæй кастысты алыгъуызон ерыстæм: бæхы дугътæ, хъæбысæйхæст, хъилыл хæрдмæ бырын æмæ æндæр ахæмтæм. Уæлахиздзаутæн лæвæрд цыдысты призтæ. Бæрæгбонон мадзал аххæссыд суанг изæрмилтæм.

1984 азы 13 октябры дæр дзæвгар адæм æрæмбырд гениалон поэтæн кад скæныны мадзалмæ. Къостайæн йæхи загъдау: «Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ – хохæй, быдырæй». Боны фыццаг сахатыл стыр поэты цырты раз байгом бæрæгбонон юбилейон митинг æмæ дзы хайад райстой партийы обкомы секретарь Тъехты Юля, Облсовпрофы сæрдар Санахъоты Уырызмæг, обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæг Гугкаты Зауыр, Цхинвалы райкомы фыццаг секретарь Джиоты Феликс, райæххæсткомы сæрдар Цоциты Руслан æмæ æндæр партион æмæ советон кусджытæ. Митинг байгом кодта Джиоты Феликс. Уый фæстæ æрхæцыд цырты æмбæрзт урс хъуымацыл æмæ разынд стыр поэты цырт-обелиск. Уымæн йæ раззаг ныхыл конд ис Къостайы барельеф, йæ быны та фыст «Къоста 1859-1906». Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ поэты номарæн æмдзæвгæтæ бакастысты поэттæ Æлборты Хадзы-Умар, Дзугаты Георги æмæ Асаты Реуаз. Адæмы раз ма раныхас кодта киноныв «Фатимæ»-йы чысыл Дзамбулаты роль æххæстгæнæг, фæстæдæр та – зындгонд кинорежиссер Давид Сохадзе. Скъоладзаутæ кастысты Къостайы æмæ йæ номыл фыст æмдзæвгæтæ. Бæрæгбон ирон фынгæй фидауы – сылгоймæгтæ уыдысты нæртон фысымтæ æрцæуæг адæмæн.

Æвæдза, хорз у фæстæмæ фæкæсын, йæ хорздзинæдтæ æмæ раппæлинаг хъуыддæгтыл цæст ахæссын, ногæй сæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Хуыбиаты Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.